Италийаг флейтисткæ Моника Морони 1-æм сентябры ралæудзæн  Беслæны сценæйыл 2004 азы иууыл тæссагдæр теракты фæмардуæвджыты мысынады сæрпаппонд. Визит сорганизаци кодта Италийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварады къухдариуæггæнæг Мауро Мурджа. Йæ ныхæстæм гæсгæ, балц сорганизаци кæнынæн сын æххуыс кæны Цæгат Ирыстоны хицауад. Уый уыдзæн карликон паддзахад Сан-Маринойæ музыкантты фыццаг визит. Италийæ æрцæудзысты цыппар адæймаджы. Флей-тисткæйы фыццаг ралæуд уыдзæн 1-æм сентябры Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы цур, дыккаг ралæуд та – 2-æм сентябры Беслæны концертон залы. Мауро Маурджа журналисттæн радзырдта, зæгъгæ, Моника Морони концерты фæлгæтты сæххæст кæндзæн Уæрæсейы Федерацийы гимн. Уый ацы мелоди ныридæгæн сæххæст кодта иу азы размæ Сан-Маринойы горæт Беслæны теракты фæмардуæвæг сывæллæттæн монументы цур. Сан-Маринойы  ацы цыртыл 1-æм сентябры сæвæрдзысты дидинджытæ. Флейтисткæйы мысæн мадзæлттæм фæхуыдта террористон акты амæттæгты Ассоциаци «Матери Беслана».

Уæрæсе 2005 азы 3-æм сентябрæй фæстæмæ нысан кæны терроризмы ныхмæ тохы æмзæрдæдзинады бон. Сифдар æй кодтой Беслæны трагедийы мысынады тыххæй. Уыцы бон æрымысынц теракты амæттæгты æмæ барадхъахъхъæнæг органты кусджыты нæмттæ, кæцытæ фæмард сты сæ службæйон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.