Æрбахæццæ та сты Беслæны, æппæт Ирыстоны хъыггæнæн бонтæ. 18 азы рацыд уыцы трагикон цаутæй, фæлæ зæрдæйæ нæ цух кæнынц. Æнæаххосæй цы бирæ адæм фæмард, уыдоны рухс нæмттæ рох никуы уыдзысты.

Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыдгæнджытæ амынæты райстой 1200 адæймаджы, фæмард дзы 334, уыдонæй 186 сывæллæттæ. Сахъатæй дзы баззад 126 адæймаджы, уыдонæй сывæллæттæ – 70.  Амынæтты ирвæзынгæнгæйæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы æфсæддонтæй фæмард дыууадæс.

Куыд алы аз, афтæ ныр дæр республикæйы разамынд бацæттæ кодтой номарæн мадзæлттæ. 1-æм сентябры райсомæй скъолайы кæртмæ æрбацыд бирæ адæм, æрбамбырд сæ кодта Беслæны судзгæ хъысмæт. Хъыггæнæн мадзæлттæм æрбацыдысты республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, раздæры разамонджытæ Битарты Вячеслав, Мамсыраты Таймураз. Делегацитæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстонæй, Кæсæг-Балхъарæй, Петербургæй æмæ Уæрæсейы бирæ горæттæй. Архайдтой ма дзы парламенты депутаттæ, динты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, журналисттæ, республикæйы цæрджытæ…

Фараст сахат æмæ фынддæс минутыл райхъуыст скъолайы символикон дзæнгæрæг, раст стæс азы размæ уыцы афон райхъуыстысты фыццаг æхстытæ.  Скъолайы кæрты ссыгъд 334 мыдадзын цырагъы. Сæ номыл дины кусджытæ ракодтой номарæн ракуывд. Изæры Культурæйы галуаны районы разамынд æмæ журналисттæн уыд пресс-конференци.

Цымæ цас рæстæг хъуамæ рацæуа, цæмæй зæрдæты рыст фæкъаддæр уа. Æвæццæгæн, уымæн уæвæн нæй. Цалфæнды азы рацæуæд. Ахæм хъуыдымæ æрцыдтæн адæмы судзгæ хъыг æмæ цæссыгтæ уынгæйæ. Уыцы удмæгуыргæнæг бынаты нæ уыди уæлвонг раныхæстæ, ныфсæвæрæнтæ… Уыдон уæлдай уыдысты, къамты сæ мидбылхудт сæ былтыл кæмæн ныууазал æмæ цæргæбонты сывæллæттæй чи баззад, уыдоны къамты раз.

Астаздзыд Цгъойты Алинæ сæ бинонтæй иунæгæй бахауд уыцы цæхæрмæ. Йæ мад Беллæ æндæр скъолайы куыста ахуыргæнæгæй æмæ йæ сывæллоны йæ файнуст Зæлинæйы бар бакодта. Уый дæр йæ дыууæ сывæллонимæ уым уыд. Алинæ дæр уыцы уынгæджы рæстæг йæ фыдыфсымæры усыл йæхи бакъул кодта. Уый дæр сæ рæвдыдта, уыцы уавæрты цас гæнæн уыд, уымæй. Сывæллæттæ цæфтæй раирвæзтысты, Зæлинæ йæхæдæг æнустæм уым баззад. Рæмыгъды цæф Алинæйы дæр фæхаста иуварс æмæ ницыуал бамбæрста. Йæхимæ куы ‘рцыд, уæд хуыссыд астæрдыл æмæ йæ уæлæ – дунейы мæрдтæ калд. Иуафон æй кæйдæр тыхджын къухтæ фелвæстой æмæ йæ рахастой æддæмæ ахизæн дуары онг, фæлæ та йæ ирвæзынгæнæгыл –  «Вымпел»-ы æфсæддоныл дæр нæмыг сæмбæлд, æмæ мардæй æрхауд. Алинæ та ногæй бауадзыг, æмæ йæ чи рахаста уыцы цæхæрæй, уый дæр нал базыдта. Ныр йæхæдæг бинонты хицау у, фæлæ йæ зæрдæйы хъæдгом нал дзæбæх кæны. Æдзух æй хъæуы дохтырты æххуыс. Æмæ цал æмæ цалæй баззадысты ахæм саст хъысмæттимæ.

Дыккаг бон дæр æнæрцухæй цыдысты адæм скъолайы кæртмæ. Æртыккаг бон фыццаг сахат æмæ фондз минутыл адæм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ æмæ ракодтой номарæн куывд. Уыцы афон, æстдæс азы размæ, райхъуыст фыццаг рæмыгъд. Уый фæстæ саударæн мадзæлттæ дарддæр цыдысты «Зæдты горæты». Дины кусджытæ скъолайы кæртæй уырдæм акодтой Дзуары цыд. Уым, метрономы цæфтимæ, хъуыстысты, чи фæмард, уыдоны нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Скъоладзаутæ зынгхуыст удты номыл арвмæ суагътой 334 шары. Изæры скъолайы кæрты траурон музыкæйы концерт радта италиаг музыкант Моника Морани.

Уыимæ республикæйы бирæ районты æмæ ахуырадон уагдæтты ацыд терроризмы ныхмæ тохы фæдыл минтингтæ æмæ акцитæ «Капля жизни», зæгъгæ, ахæм номимæ. Ацы бонты та Уæрæсейы скъолаты хистæр кълæсты ахуырдзаутæн æвдисын райдайдзысты Беслæны трагикон цаутыл режиссер Игорь Копылевы ист аивадон киноныв «Золотая бронза». Хъазынц дзы Уæрæсейы æмæ Ирыстоны зынгæ артисттæ.

Æууæндаг æмæ хæларзæрдæ кæй стæм, уый аххосæй ныл незамантæй нырмæ туджы зæйтæ бирæ хæттыты æрцыд. Мах хæсджын стæм æмæ Беслæны æнæаххосæй чи бацарæфтыд, уыдоны нæмттæ макуы рох кæнæм. Уыцы адæймаджы нывæндтæ нын хъуамæ зонд зонæн уой æмæ ахæм бæллæх макуыуал æруадзæм. Уыцы уæззау уроктæ хъуамæ бахъахъхъæной ног фæлтæрты цард.

Беслæны цардмондаг сабитыл хъуыды кæнгæйæ, мæ зæрдыл æрбалæууыдысты уыцы трагедийыл фыст Дауырæйы æмдзæвгæ «Агур-иу мæ»-йы тæригъæддаг рæнхъытæ:

Пиллон арты уарзон Ир куы сыгъди,

 Зæххæй арвмæ стъалытæ куы лыгъди,

 Фурды дæттæй нал баззад æртах…

 Ма нын тæрсут! Нæ амардыстæм мах!

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон мах фæлтæрæн никуы амæлдзысты æмæ сын сæ сыгъдæг ном кæддæриддæр мысдзыстæм. Уый фæстæ та бахаудзысты историйы тугхъулон цауты номхыгъдмæ…

ДЖУСОЙТЫ Нина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.