Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик столицæйы æмæ районты администрациты, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты структурон дæлхæйтты æмæ цæстдарæн органты сæргълæуджытимæ уынаффæ кодта æнæзакъонон брондæттæ сликвидаци кæныны тыххæй мадзæлттæ, куыд столицæйы, афтæ республикæйы районты дæр ауадзыныл.

Уыдон сбæрæг кæныныл активонæй кусынц Фæлхасгæнджыты бартæ бахъахъхъæныны фадыджы цæстдарды комитет æмæ Экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды фæдыл комитет.

Администрациты къухдариуæггæнджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, цæстдарæн органты домæнтæ сæххæст кæныныл архайæм, фæлæ сын лæвæрд æмгъуыдмæ зын у сæххæст кæнын.

Хицауады Сæрдар бацамыдта, цæмæй æнæзакъонон брондæттæ ликвидаци кæныны æмгъуыд фæфылдæр кæной 30 боны онг, акттæ саразыны æмæ бæрнджын адæймæгтæм æмбæлон гæххæттытæ радтыны фæстæ.

«Махмæ бирæ брондæттæ, кæцытæ сырæзтысты 5-8 азы размæ арæзтадон объекттæ аразыны рæстæджы. Хъæуы рæстæг, цæмæй уыдон ссыгъдæг кæнæм», – загъта Пухаты Эрик.

Уымæй уæлдай ма уый бахаста ахæм фæндон, цæмæй æнæсанкцион æгъдауæй цардуагон æмæ арæзтадон брæтты æмбырд кæныны ныхмæ тох кæныны хъуыддагмæ бакæной тыхон структурæты.

«Брæттæ æнæзакъонон æгъдауæй æмбырд кæныны тохы æнæ карз мадзæлттæй уæвæн нæй. Хорз уаид, цæстдарæн органтæм куы баиу уаиккой фадыгон милицийы кусджытæ æмæ патрулон-постон службæйы кусджытæ, кæцытæн сæ бон уаид, горæтæй æддæмæ брæттæ цы уæззау уæзтæласæн транспорт ласы, уымæ сæ хъус дарой.  Фылдæр хатт уыдон брæтты сæрмагондæй хицæнгонд бынаты онг нæ фæхæццæ кæнынц, фæлæ сæ акалынц фæндаггæрон».

Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй столицæйы æмæ республикæйы районты уыдзæнис радгæстæ, кæцытæ зилдзысты æмæ бæрæг кæндзысты, æнæзакъонон æгъдауæй брондæттæ кæм фæзыны, ахæм бынæтты.

РХИ-йы Хицауады

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.