Ног  киноныв: уыдзæн  æви  нæ?

 

Дыууæ дихы та фæци Ирыстоны æхсæнады хъуыды “Мосфильмы” ног проектæй. Уымæн йæ студитæй иу, “Курьер”, рæхджы киноныв исын райдайдзæн зындгонд лæгмар, террорист Шамил Басаевыл Цæгат Ирыстоны территорийыл, “Уничтожение террориста”, зæгъгæ, ахæм номимæ. Уый стыр æнæразыдзинад равзæрын кодта адæмæн сæ фылдæр хаймæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, куыд ис ахæмыл Ирыстоны зæххыл кино исæн, Беслæны сабиты чи ныццæгъдын кодта, Дзæуджыхъæуы  цалдæр теракты кæй разамындæй сарæзтой, æнæхъæн Кавказыл туджы зæйтæ чи рауагъта…

Уымæн æруадзæн кæй нæй, уый тыххæй дзыллон информацийы фæрæзты радзырдтой режиссер Сæлбиты Аким, «Беслæны мадæлтæ»-йы комитеты сæрдар Дудиаты Сусаннæ, не ‘мзæххонтæ, уæрæсейаг актертæ Байхъуылты Ацæмæз æмæ Цæллаты Вадим, стæй бирæ æндæртæ.

«Æз бакастæн кинойы текст. Афтæ нæ зæгъын æмæ æвзæр кино уыдзæн, кæнæ Басаевæй романтикон хъайтар аразынц, фæлæ йæ Ирыстоны зæххыл куыд хъуамæ сисæм, адæмæн сæ судзгæ цæссыг куынæма басур. Тексты ис Беслæны скъолайы кой дæр, стæй иннæ терактты, автор æмæ режиссертæ та афтæ зæгъынц, комкоммæ дзы никæцы цауы кой кæнæм, ома, æрымысæггаг хабæрттæ сты. Уæдæ æнаккаг Шамилæн  йæ прототип дæр йæхи хуызæн у, кæд ын йæ мыггаг Багиев скодтой, уæддæр,  æмæ æрвыл хатт йæ уынд уыдзæн зæрдæрыст адæмæн уæлдай зын. Мæнмæ тынг диссаг кæсы, Цæгат Ирыстоны разамынд ацы кино исын сæ зæххыл куыд хъуамæ бауадзой. Кæй зæгъын æй хъæуы, кино æвзæр адæмыл дæр исынц, фæлæ йæ уæд æндæр ран сис, адæмы æнкъарæнтæ цæмæ схъауыс. Æз æмæ Цæллаты Вадим ахæм кинонывы ахъазыныл никуы сразы уыдзыстæм»,- зæгъыБайхъуылты Ацæмæз.

Æмхуызон у сæ хъуыды кинофильмы директор Алексей Тутаринов æмæ режиссер Александр Аравинæн. Куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ацы темæ у актуалон. Нæ бæстæ рацыд терроризмы æппæт цæлхдурты сæрты æмæ уыдон кæстæр фæлтæр хъуамæ зоной. Кинойы нæй Шамил Басаев, уым ис йæ прототип æндæр мыггагæй. Кинонывы сæйраг нысан та у хъæбатыр лæппутыл, террористты скуынæг кæныныл чи архайы, уый тыххæй йæ цард чи радта. Æппæрццаг хъайтар Басаев та кинонывы æдæппæтæй фæзындзæн 15 – 20 минуты.

“Мах уыдыстæм Беслæны уæлмæрды. Æз уым цы федтон, уый фæстæ мæхимæ нæма æрцыдтæн. Æгъатырæй цæгъдын хъæуы ахæм фыдгæнджыты, адæмыл туджы зæйтæ чи уадзы. Нæ кинонывы нысан ма ноджыдæр у кæстæрты фæдзæхсын, кæцытæн 90-æм азты терроризм у истори, цæмæй ма фæлхатт кæной удхор бандитты митæ æмæ Сиримæ сæ хъус ма дарой. Зæгъын ма мæ фæнды уый æмæ кино æрмæст Цæгат Ирыстоны кæй нæ исдзыстæм, фæлæ æнæхъæн Цæгат Кавказы, æцæг архайд фылдæр уыдзæн Ирыстоны. Уымæн æмæ бандитты куынæг кæныны, фылдæр архайдтой уæ спецслужбæтæ æмæ тыхон структурæтæ. Стæй дæр, иуæй йæ æрдз æмæ адæмæн æмбал нæй, иннæмæй та, æдзух сабырдзинадыл чи архайы, уыцы бирæнацион Ирыстон цæсты сындз у терроризмæн”, – банысан кодта Александр Аравин.

Мæнмæ гæсгæ, кинонывы ныхмæ чи дзуры, уыдон раст не сты. Бакæсæм ма историон кинонывтæм, æндæра дзы тукалд йедтæмæ цы ис, уæдæ алы кинойы дæр ис æппæрццаг æмæ æвæрццаг хъайтартæ. Уыцы фæлгонцтæ баззайдзысты экраныл, кæстæртæм та рæстдзинад фæхæццæ уыдзæн. Уый ма сын у хъомылады фæрæз дæр, терроризмы ныхмæ тох кæныны стыр хъæбатырдзинæдтæ чи равдыста, уыдон сын кæддæриддæр уыдзысты фæзминаг.

Киноныв исын райдайдзысты ацы аз августы райдайæны. Фылдæр дзы хъазынц цæцæйнаг æмæ дагестайнаг актертæ, стæй не ‘мзæххон зындгонд актер Фидараты Сослан. “Мосфильм”-æн та нæ республикæйы разамынд ӕмӕ культурæйы министрад ныфс бавæрдтой алывæрсыг æххуыс бакæнынæй.

Джусойты  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.