Æфсæддон ирон интеллигенцийы ‘хсæн Хетæгкаты Георгийæн ис сæрмагонд бынат куыд гоймаджы уникалондзинадæй, афтæ æфсæддон аивады историйы йæ масштабон нысаниуæгмæ гæсгæ дæр.  Уый зындгонд уыд æрмæст Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинадæй, хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинадæй нæ, фæлæ ма йæ æвæлхатт курдиат æмæ куырыхондзинадæй, уынаффæтæ исынæй йæ принципиалондзинадæй, цаутæ развæлгъау уынынæй. Йæ сабибонты йыл тынг бандæвта йе ‘ввахс хиуон, поэт æмæ фыссæг, революцион демократ Хетæгкаты Къоста, номхуындæй Къоста лæппуйæн ссис йæ хуыцау æмæ йын йæ фæдзæхстытæ нымадта ахсджиагыл.

Хетæгкаты Георги Иваны фырт райгуырд 1903 азы 25 апрелы Зæрæмæджы хъæуы фæндагаразæджы бинонты ‘хсæн. Георгийы сабибонтæ нæ уыдысты бæллиццаг, йæ фыды чысыл мызд нæ фаг кодта бинонтæн æмæ йæ уымæ гæсгæ сывæллонæй бахъуыд зын куыстытæ æххæст кæнын.

1913 азы  каст фæци Зæрæ-мæджы райдиан скъола æмæ  бæллыд йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ, фæлæ мæгуыр кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йæ фыдимæ куыста зæххкъахæгæй Æфсæддон-ирон фæндагыл. Дзæуджыхъæуæй Мæскуымæ куы рацыд, уæд дæр йæ мæгуырдзинадæй нæ фервæзт æмæ йæ бахъуыд афтиаджы æфснайæгæй кусыны сæр. Фæлæ йæ хъысмæт цæхгæр фæивта æмбæстагон хæсты азты. 1920 азы 17-аздзыд лæппу барвæндæй бацыд бандитизмы ныхмæ тохы фæдыл æфсæддон къордмæ. Ацы къорды цы азтæ арвыста, уыдон Георгийæн систы царды хæдхуыз скъола, сфæлтæрдта куыд моралон, афтæ физикон æгъдауæй дæр. Хетæгкайы фырты зæрдæйы арф фæд ныууагътой стыр Къостайы сæрибардзинады тохы æмæ адæмы рухсады тыххæй фыст уацмыстæ. Уымæ гæсгæ æмбæстагон хæсты, мæгуырдзинады  уæззау азты Георги 1922 азы æнтыстджынæй каст фæци Пятигорскы фис-тæгæфсадон курсытæ. 19-аздзыдæй нысан æрцыд Дзæуджыхъæуы 28-æм Хæххон æхсæг дивизийы ахуыргæнæн взводы командирæй, цыран цæттæ кодтой национ кадртæ. Уый разынд диссаджы ахуыргæнæг, æгæрыстæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты карз азты дæр стыр хъусдард здæхта салдаттæ æмæ афицерты хъомыладмæ. Хæстон-сырхæфсæддонæй схызт армийы инæлары онг. Йæ удысконды ирд миниуджытæ уæлдай тынгдæр фæбæрæг сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты. Хæст æй æрæййæфта горæт Идрицы. Уым 21-æм механизацигонд корпусы артиллерийы хистæры бынаты службæ кодта Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар Д.Лялюшенкойы командæйы бын. Хæсты фыццаг бонты корпусы раз æвæрд æрцыд ныхмæлæууæджы механизацигонд баиугæндтæн ныхкъуырд радтын æмæ горæт Резекнейы районы знаджы уæлдæфон десант скуынæг кæныны хæс. Хæслæвæрд уыд тынг ахсджиаг, уымæн æмæ фæстийæ уыд Ленинград, ныхмæлæууæджы сæйраг нысан. Архайын хъуыд æвæстиатæй æмæ 1941 азы 23 июны корпусыл командæгæнæг Лялюшенко  Э.Манштейны танкон хæйтты ныхмæ тох кæныны тыххæй райста 95 сарма-дзаны. Фæлæ нæ уыд фаг æмæ цæттæ артиллеристтæ. Æмæ уæд Хетæгкайы фырт бахаста рационалон, хуымæтæджы æмæ зондджын фæндон. «Артиллерион расчеттæ гæнæн ис суой танкон экипажтæ. Сармадзантæй комкоммæ æхсын зын нæу». Д. Лялюшенко йæ мысинæгты фыста: «Афтæ дæр сарæзтам, сармадзанты дыууæ танкон дивизиты ‘хсæн адих кæнгæйæ». Хетæгкаты Георгийы къухдариуæгадæй танкон экипажтæ æнтыст-джынæй ныхкъуырд радтой знаджы атакæйæн. Карз тохты фæстиуæгæн 21-æм механизацигонд корпус скуынæг кодта 52 танкы, 59 сармадзаны, 600 автомашинæйы æмæ бирæ æндæр техникæ. Сæйраджыдæр та знаджы æрурæдтой Даугавы цæугæдоны цур æмæ афтæмæй бахъахъхъæдтой Ленинград. Ацы тохмæ стыр хайбавæрд бахаста ирон хæстон, цыран  уый фæцис уæззау цæф. Цæгат-ныгуылæйнаг фронты командæкæнынад стыр аргъ скодта корпусы хæстон архайдтытæн, 600 адæймаджы Сырх Стъалыйы ордентæй схорзæхджын кæнгæйæ, уыцы нымæцы Хетæгкаты Георгийы дæр. Госпиталæй æрбаздæхгæйæ, Лялюшенкойы куырдиатмæ гæсгæ, кæцы командæ кодта 30-æм армийыл, нысан æрцыд армийы штабы хистæрæй. Хетæгкайы фыртыл æвæрд æрцыд æфсæдты галиуфлангон къордыл сæрмагонд къухдариуæгад. Георгийы ныхмæ гитлеронтæ рарвыстой 200 танкы æмæ тыхджын авиаци. Знаг бырста Мæскуымæ. Уæдмæ знаг бацахста горæт Клин. Æртæ суткæйы дæргъы не ‘рлæууыдысты тугкалæн тохтæ. Рогачево бацахс-гæйæ, знаг рахызт Мæскуы-Волгайы каналмæ. Ацы уæззаудæр уавæрты Хетæгкайы фырт райста уынаффæ æнæнхъæлæджы зна-джы ныццæвыны тыххæй. Уый уыд иунæг раст æмæ эффективон уынаффæ. Гитлеронтæ фæстæмæ алæууыдысты. Уыцы бон Георги тел райста ныгуылæн фронтыл командæгæнæг маршал  Жуковæй, цыран уый банысан кодта ацы тохы ахсджиагдзинад æмæ сын бардзырд радта, цæмæй бацахсгæ позицитæ ма радтой. Жуковы бардзырд æххæст æрцыд. Номхуындæй ацы плацдармæй райдыдта советон æфсæдты контрразмæбырст. Мæскуыйы цур тохты бонты уырдæм æрцыд инженерон æфсæдты инæ-лар-майор И.Галицкий, цæмæй советон æфсæдты фæстæмæалæуды рæстæджы спырх кодтаиккой хид. Фæлæ Георги не сразы ацы бардзырд сæххæст кæныныл. «Нæй уемæ сразы уæвæн! Мах нæхи дæр тагъд рæстæджы бахъæудзæн контразмæбырсты ацæуын æмæ уæд куыд? Ногæй хид араздзыстæм знаджы æхстыты бын? Ды инженер дæ æмæ йæ æмбарыс, знаджы æхстыты бын хид аразын цы у, уый».

Хетæгкаты Георгийы артиллеристтæ бæстæйы фашисттæй сыгъдæг кодтой суанг Берлины онг.  1945 азы 6-æм апрелы Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы барамындæй инæлар-майор Хетæгкаты Георгийæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном  немыцаг-фашистон тыхæйисджыты ныхмæ тохты йе стыр хъæбатырдзинæдты тыххæй.

1945 азы 5-æм майы Советон Цæдисы маршал В.Чуйков Хетæгкаты Георгийы бавдыста «Сырх Стъалыйы» дыккаг майданмæ. Фæлæ хъайтар ацы хорзæх цæмæдæр гæсгæ нæ райста, ивд æрцыд Суворовы орденæй. Георги у бирæнымæц хорзæхты хицау, йæ номыл Дзæуджыхъæуы ис уынг, цыран æвæрд ис мемориалон фæйнæг.

Германыл фæуæлахизы фæстæ 1945 азы июлы Хетæгкайы фырт нысан æрцыд Дардхурскæсæйнаг 1-аг фронты 1-аг Сырхтырысаджын армийы 59-æм æхсæг корпусы командирæй. Уый фæстæ уыд æндæр æмæ æндæр армиты командæгæнæг. 1971 азы та уыд Советон Цæдисы Хъахъхъæнынады министрады генералон инспекторты къорды.

Хетæгкаты Георги амард 1975 азы 3-æм сентябры. Ныгæд ис Мæскуыйы.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.