ИРЫСТОН  ÆМÆ  ИРАН: ÆМГУЫСТАДЫ  БАСТДЗИНÆДТÆ

   Ацы фæстаг азты ирайнаг ахуыргæндты делегаци арæх абæрæг кæны Ирыстоны. Æмæ уымæн æфсон ис: азæй-азмæ æнгомдæр кæнынц Ирыстонимæ сæ бастдзинæдтæ алы къабазы дæр.  

 Ныр дæр кадджын хъуыддаджы фæдыл Ирыстонмæ æрбацыд ирайнаг делегаци, сæ сæргъы Ираны Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Мехди Санаи, афтæмæй. 11-æм ноябры ЦИПУ-йы зонадон библиотекæйы раз байгом зындгонд ирайнаг поэт Абулькасим Фирдоусийы скульптурæ.  Поэтæн йæ ном литературæйы историйы баззад йæ эпикон поэмæ “Шахнаме”-йы руаджы. Ацы бынат персаг поэты ном сæнусон кæнынæн хуымæтæджы æвзæрст не ‘рцыд. Библиотекæйы ацы хайады ис ирайнаг культурæйы центр, цæттæ дзы кæнынц скæсæйнаг æвзæгты наукон куыстытæ.

 Кадджын мадзалы архайдтой ирайнаг уазджытæ Мехди Санаи, ирайнаг Минæварады советник Уæрæсейы Хоссеин Джахангери, Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Дзанайты Барис, ЦИПУ-йы президент Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ йæ ректор Огъуаты Алан, ахуыргæндтæ, æхсæнадон архайджытæ, студенттæ…

 Уазджытæн арфæ ракодта Дзанайты Барис. Куыд банысан кодта, афтæмæй ирайнаг поэтæн Ирыстоны цыртдзæвæн бакæнынæн ис стыр наукон æмæ культурон нысаниуæг. “Ацы мадзал арæзт цæуы нæ бирæ бадзырдты фæлгæтты. Иннæ фембæлд уыдзæн Ираны. Уым та байгом уыдзæн ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цырт. Ахæм ахсджиаг бадзырдтæ æххæст кæнгæйæ, Иран æмæ Ирыстоны ‘хсæн рагон историон бастдзинæдтæ кæндзысты фидардæр”,- загъта Дзанайы   фырт.

Мехди Санаи йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй сæм Фирдоусийы цырт Ирыстоны сæвæрын равзæрын кодта стыр æхсызгон æнкъарæнтæ. Уымæй ноджы бирæ æнгомдæр фæуыдзысты сæ бастдзинæдтæ. Санаи ма куыд бахахх кодта, афтæмæй дыууæ адæмæн ис иумæйаг уидæгтæ, этнос æмæ æвзаджы бастдзинæдтæ.

Мадзалы ма раныхас кодтой Мæхæмæтты Ахуырбег, Огъуаты Алан, Хоссеин Джахангери æмæ иннæтæ.

Уый фæстæ уазджытæ фембæлдысты респуб-ликæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ. Фембæлды архайдтой Цæгат Ирыстоны разамонджытæ. Ныхас цыд дыууæ регионы ‘хсæн ноджы æнгомдæр бастдзинæдтæ скæныныл.  Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй стыр аргъ кæны Иранимæ се ‘мгуыстадæн.

“Махæн ис иумæйаг историон уидæгтæ, æвзаджы æмхуызондзинæдтæ, культурæйы хæстæгдзинад. Республикæйы арæх вæййы иумæйаг форумтæ, нæ университеттæ æнгом бастдзинæдтæ дарынц. Фирдоусийы цырт рафæлгæсыд ЦИПУ-йы кæртæй, Къостайы цырт та рафидаудзæн Ираны университеты. Уыцы культурон бастдзинæдтæ нымайгæйæ ма нæ фæнды экономикæйы дæр æмгуыстад сфидар кæнын, ирайнаг инвестортæ дæр нæм се ‘ргом куы раздахиккой”, – загъта республикæйы сæргълæууæг.

Мехди Санаи бузныг загъта Битары фыртæн  Иранмæ сæ хъарм ахасты тыххæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй æрæджы Иран æмæ Уæрæсейы ‘хсæн уыд экономикон форум. Уым бафыстой хъæууонхæдзарады рæзты тыххæй ахсджиаг æмгуыстады бадзырд. Йæ фæлгæтты бахауд Цæгат Кавказ дæр, уыимæ Ирыстон дæр. Куыст цæудзæн регионты ‘хсæн агропромышленносты рæзтыл.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.