СЫВÆЛЛÆТТЫ АРГЪАУ- ИРОНАУ

Республикæйы фæстаг рæстæджы ирон æвзаджы рæзтæн цы бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы, афтæ никуы ма уыд. Æппæт уыдæттæ арæзт цæуынц Битарты Вячеславы инициативæйæ. Ирыстоны историйы фыццаг хатт арæзт æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты съезд, ирон æвзаджы рæзты къамис, алайнаг гимнази, сывæллæтты алыхуызон конкурстæ… Ахæм конкурстæ вæййынц ирон æвзагыл хуыздæр уацхъуыд ныффыссынæй, æмдзæвгæ бакæсынæй, национ хæринæгтæ кæнынæй, зондабитæй, æрмдæсныйады куыстытæй…

Ныр та Ирон æвзаджы боны фæлгæтты, Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ Культурæйы министрад, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæды ‘хсæн расидтысты ног конкурс сывæллæттæн ирон æвзагыл хуыздæр аргъау ныффыссыныл. Конкурс хицæн кæны æртæ къордыл. Архайдзысты дзы: 16 – 20 азмæ, 21 – 29 азмæ æмæ 30 – 35 азмæ кары фæсивæд. Аргъау хъуамæ уа, мыхуыргонд чи никуы уыдис, ахæм.

Куыстытæ æрвыст цæуынц “Фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылады центр”-мæ 13 апрелмæ. Уæлахиздзаутæ рабæрæг уыдзысты æмæ хорзæхджын æрцæудзысты 12 майы Ирон æвзаджы бæрæгбоны хæдразмæ. Организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм мадзæлттæ рæзгæ фæлтæры бæттынц сæ культурæ, се ‘взаг, сæ фыдæлты уидæгтимæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.