НÆ   ФÆСИВÆДЫ   ÆНТЫСТ “МАШУК”-Ы

Фæсивæды интеллектуалон рæзтæн “Машук”-ы хуызæн форумтæ куыд ахъаз сты, уый та ногæй рабæрæг ацы аз дæр. Форуммæ проекттæ æвзаргæйæ, Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет бафиппайдта, ацы азы ног архайджытæ раздæры хайадисджытæй цымыдисондæр проекттæ кæй бацæттæ кодтой. Уымæ гæсгæ комитет фæндон рахаста  форуммæ фылдæр “ногты” арвитын. Æмæ нæ фæрæдыдысты. Нæ делегацийæн ацы азæй стырдæр æнтыст никуы уыд. “Машук – 2017” Цæгат Ирыстонæй цы 205 адæймаджы архайдта, уыдонæн сæ диссаджы проекттæ райстой 165 баллы, уыцы баллтæ раздæры азты никуы схызтысты 130 – 140 баллæй.

Форум байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, хæсты æмæ фæллойы хъæбатыр Гулуты Хизир, авиацийы булкъон Бедойты Руслан æмæ Олимпаг чемпион Хуыгаты Алан. Уыдон федтой раздæры азты форумы уæлахиздзауты проектты продукци, кæцы æнтыстджынæй реализацигонд цæуы. Уымæй уæлдай, нæ хицауады уæнгтæ фæсивæдимæ архайдтой алыхуызон мастер-классты, ГТО-йы, интеллектуалон хъæзтыты, фæсивæдæн радзырдтой Ирыстон æмæ йæ историйы тыххæй, бакастысты ирон адæмыл ист документалон кинонывтæм.

Дарддæр дыууæ къуырийы дæргъы фæсивæд архайдтой сæхæдæг. Къамис æвзæрста хуыздæр проектты, афтæмæй стыр аргъ скодта ирыстойнаг куыстытæн. Гранттæ лæвæрд кæмæн æрцыд, уыцы проекттæ сты: “Сывæллæтты рæзты полилингвалон центр”, “Студенттæ æмæ фæсивæды зонадон организациты раздзогты скъола”, æвзонг журналистты скъола “Акулы пера”, уæрæхпрофилон аивадон æрмадз, сывæллæтты рæзты ме-диа-студи “Фокус”, “Хæлардзинады хидтæ”, дзаумæтты тухгæ ауын-дзæнтæ, Фыдæлты мæсгуытæ, иронау дзурæг фæлмæн хъазæнтæ (ивгъуыд аз ын грант нæ радтой) æмæ æндæртæ.

Цæгат Ирыстоны Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Цæлыккаты Барис стыр разыйæ баззад форумы архайджытæй: “Ахæм бæрæггæнæнтæ Ирыстоны фæсивæдæн нырмæ ацы форумы нæма уыд. Уый стыр æнтыст у. Нæ проекттæн æхца радтой иуæндæс милуаны бæрц. Уырны мæ, уыдон рæхджы царды уагъд кæй æрцæу-дзысты æмæ нæ республикæйы фæрныгадыл кæй бафтдзæн, кæй фæхъæздыгдæр уыдзæн нæ фæси-вæды тырнындзинад зонады бæрзæндтæм, ногдзинæдтæм. Мах нæ рады цæттæ стæм уыдонæн алывæрсыг æххуыс бакæнынмæ”.

Нæ уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.