Хуссар Ирыстоны Дунеон информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры æрвылкъуырион брифинджы рæстæджы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария æрдзырдта 27-28 марты уагъдцæуæг Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы фæстиуджытыл.

«Марты мæйы райдианы Гуырдзыстоны премьер-министр Георги Къвирикъашвили фехъусын кодта, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уый фæдыл документыл къухтæ гæнæн ис æмæ фыст æрцæуой. Уыцы ныхæстæй стыр ныфсытæ нæ бавæрдтам, фæлæ ацы фарсты фæдыл æвæрццаг фæстиуæгмæ æнхъæлмæ каст хуссарирыстойнаг фарс. Гуырдзыстоны оп-позици уадид æвзæрыл банымадта къухдариуæгады хъусынгæнинаг, фæлæ уæддæр æппæт рæстмæ хъуыдыгæнджыты ныфс бацыд – дæс азы дæргъы Женевæйы дискусситы форматы куыстæн кæдæй-уæдæй уыдзæн хорз фæстиуæг, зæгъгæ.

Гуырдзыстоны фарс Женевæйаг дискусситы форматы куыст аздæхта раздæры здæхты, зæгъгæ, йын Уæрæсе йæ территоритæ соккупаци кодта. Уæдæ цы ахсджиаг размæцыды хъуыддагмæ уыд æнхъæлмæ кæсæн – Гуырдзыстон тыхæй кæй нал спайда кæндзæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ, уый нæ сæххæст, документыл къухтæ бафыссыныл нал сразы Гуырдзыстон», – дзырдта Комитеты сæрдар.

Ныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн ацы ахсджиаг документыл къухтæ фыст кæй не ‘рцыд, уый баст у европæйаг æмæ ныгуылæйнаг бæстæты хъусынгæнинагимæ – уæрæсейаг дипломатты кæй æрвитынц сæ бæстæтæй, уыимæ. Уыцы бæстæтæ сты АИШ, Стырбритани, Канадæ, Молдовæ, Польшæ, Франци, Германи. Уæрæсейаг дипломатты ацы бæстæтæй æрвитыны хъуыддаг баст у, раздæры развæдсгарæн управленийы кусæг Сергей Скрипаль æмæ йæ чызджы Британийы фæхъæстæ кæнынимæ. Æмæ Гуырдзыстоны ныртæккæ, Уæрæсейы ныхмæ уæрæх райтынггонд компанийы рæстæджы, тас бацыд, æвæццæгæн, æмæ нал сразы документыл йæ къух æрфыссыныл.

Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ Гуырдзыстон кæд кæддæр фарстытæ сабырадон æгъдауæй скъуыддзаг кæнынмæ тырнæджы хуыз æвдыста фæстаг дæс азы, уæддæр кæсы йæ ныгуылæйнаг зондамонджытæм, цæмæй уыдон ма фæхъыг кæна. Уымæй та ис ахæм хатдзæг саразæн, æмæ ацы бæстæйæн хисæрмагонд уынаффæтæ исыныл йæ тых нæ цæуы.

«Гуырдзыстон ацы ахсджиаг документыл дæр йæ къух уымæн нæ бафыста, æмæ радон хатт сайдæй разылд дискусситы хайадисджытыл», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.