ÆХЦА  ÆВИ  ÆНУСОН  ÆНЦОЙАД

Фæстаг цалдæр азы, рæстæгæй рæстæгмæ быцæутæ расайы, туристтæ Дæргъæфсы историон цыртдзæвæн «мæрдты горæты» сæхи куыд дарынц, уыцы хъуыддаг. Бабырынц зæппадзтæм æмæ мæрдты стджытæй хъазынц, семæ сæ къамтæ исынц… Æвæццæгæн, марды ралгъитын, йе ‘нусон æнцойад халынæй стырдæр æфхæрд нæй. Уый ма у нæ историйыл цъыф бакалæгау дæр. Кæд дзы кæмдæрты камерæтæ æвæрд ис, бахизæны табличкæ конд ис хи дарыны тыххæй, уæддæр сæ уыдон нæ уромынц. Æмæ та ирон адæм, барадхъахъхъæнджытæ дæр растынц аххосджынты агурынмæ, ссарынц сæ, чысыл сæ фæивар кæнынц, хатыр сын ракурын кæнынц… Æмæ та ууыл фæвæййы. Стæй та йæ цыбыр рæстæджы фæстæ æндæртæ сфæлхатт кæнынц…

Алы ахæм цауы фæстæ дæр бирæ уынаффæтæ æрцæуы хаст. Зæгъæм, зæппадзты алфамблай гæрæн сæвæрын, фæлтæрд гидты ссарын, туристтимæ æмбарынгæнæн куыст кæнын, зæппадзтæм исты бахæссын кæнæ уырдыгæй исты рахæссын ма уадзын æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ йæ цард куыд æвдисы, афтæмæй дзы ницы арæзт цæуы.

Дзырд дæр ыл нæй, цыфæнды адæмыхаттæй куы уай, уæддæр марды стджытæй чи хъазы, уый адæймаг нæу. Фæлæ ма хъуыддаг уый мидæг дæр ис æмæ нын æрцæуæг туристтæ нæ зонынц не ‘гъдæуттæ, нæ менталитет æмæ уый та уыдон аххос нæу. Бæлвырд куыд у, афтæмæй ацы историон некрополæн ис хъахъхъæнæг æмæ цымæ бахизæггаг æхца райсыны бæсты табуйаг бынат бахъахъхъæнын, туристтæм йæ цæст фæдарын растдæр нæ уаид.

Ныр та нын æрæджы  вандалтæ ногæй нæ историйыл цъыф къахæй куы бацыдысты, уæд республикæйы Национ музейы директор Цогойты Батрадз фæндон бахаста туризмы ацы къабазы системæ бындуронæй аивыны тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй ацы историон цыртдзæвæн хъæуы æрмæст хъахъхъæнын нæ, фæлæ ма рестовраци скæнын дæр. «Ай у иууыл стырдæр комплекс Цæгат Кавказы. Ис дзы 95 заппадзы, кæцыты ныгæд ис цалдæргай фæлтæртæ 14 æнусæй 19 æнусмæ. Тынг бирæ адæм æм цæуы туристтæй дæр æмæ бынæттонтæй дæр. Тæркъкъæвдатæ æмæ дымгæтæй ныффæстытæ сты зæппадзты къултæ, фæлæ цыртдзæвæн федералон æмвæзадыл кæй у, уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны разамынды бон нæу ахæм хъуыддаг сæхимæ райсын. Ам кусæн ис æрмæстдæр, Мæскуы кæй снысан кæна, ахæм дæсны рестовратортæ, профессионалтæ лицензитимæ. Ныртæккæ специалисттæ цæттæ кæнынц хъæугæ документтæ Мæскуымæ арвитынæн. Куырдиаты ма рестовраци скæнынæй уæлдай ис æндæр домæнтæ дæр: инфраструктурæйы рæзт, куысты системæ бындуронæй аивын, цыртдзæвæнмæ фыдгæнджыты къух куыд нæ хæццæ кæна, афтæ. Уыцы хъуыддаджы дæр хъуамæ баххуыс кæна Мæскуы». – Загъта Батрадз.

Цалынмæ уыдон къухы бафтой, уæдмæ уал волонтертæ бацæттæ кодтой туристтæн зæрдылдарæн буклеттæ (памятка). Уым дзырдæуы, табуйаг бынатмæ кæй не ‘мбæлы цыбыр хæлæфты цæуын, сылгоймæгтæ хъуамæ уой къабаты, нæй дзы быцæу кæнæн, æнкъарæнтæ æвдисæн, дымын, хъæбæр нозт кæнын…  Волонтерты хъуыдымæ гæсгæ, амынддзинæдтæ не сты кæйдæр хъомыл кæныны фæрæз, фæлæ сын ис рекомедаци схонæн. Уыдон æххæстгонд куы цæуой, уæд туристтæ æмæ бынæттон цæрджыты ‘хсæн быцæутæ нал уыдзæн.

Мæнмæ гæсгæ, уыдон æгæр карз домæнтæ сты. Уырыссаг адæймаг уыцы цæлхдуртæ никæд бамбардзæн æмæ азæй-азмæ туристтæ къаддæр кæндзысты. Иууыл хуымæтæгдæр фæрæз у, иугай æмæ дыгай  адæймæгты некрополмæ ма уадзын. Къордгæйттæй чи цæуа, уыдонимæ та, æнæмæнг, хъуамæ уа хорз гид. Уый ма сын цыртдзæвæны историйæ дарддæр амондзæн хи дзы куыд дарын хъæуы, уыдæттæ.

 

 

ТРАМВАЙТЫ  КУЫСТ – БÆРЗОНД  ÆМВÆЗАДЫЛ

Рацарæзты фæстæ паддзахадон исбонадæн йæ фылдæр хицæн адæймæгты хай бацис. Бæрнон адæймæгтæ сæ парахатæй хъæздыджытæн уæй кодтой, раст цыма сæ фыды бынтæ уæрстой, афтæ. Уыдонæй иу хай йæ рæстæджы фæстæмæ раздæхта Битарты Вячеслав, фæлæ дзы алцы къухы нæ бафтыд. Ахæм бон акодта Дзæуджыхъæуы трамвайты депойыл дæр. Республикæйы бюджет йæ раздæры фæллойæн арендæйы æхца фыста йæ ног хицæутты дзыппмæ.

Ныр республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло кæрон сæвæрдта уыцы хъуыддагæн. Уый карзæй бадомдта трамвайты парк фæстæмæ паддзахадон исбонадмæ раздахыны тыххæй. Æмæ уый йæ къухы бафтыд. Нæ уарзон, историон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы трамвай фæстæмæ муниципалон бацис. Уымæй уæлдай ма разамынды зæрды ис трамвайты дæр ногтæй раивын. Уый тыххæй бадзырд бафыстой фæсарæйнаг компаниимæ. Ныридæгæн уал дæс трамвайы райсдзысты азы кæронмæ, иннæтæ — фидæнмæ. Æдæппæт 45 трамвайы. Ивд æрцыд рельсыты стыр хай, иннæтæ раивыныл куыст цæуы дарддæр.

«Раздæр азты республикæйы бюджет нал фæрæзта трам-вайты куысты æхцайæ ифтонг кæнын, фæлæ ныр уавæр аивта. Арендæ куынæуал фидæм, уæд йæ уавæр ноджы фæхуыздæр уыдзæн. Адæм æй уарзынц, ис ын социалон ахадындзинад, у экологон уагæй сыгъдæг æмæ махæн нæ хæс у бахъахъхъæнæм æй», – банысан кодта Сергей Меняйло.

Ныртæккæ Транспорты министрад цæттæ кæны трамвайты куысты тыххæй ног уагæвæрд. Цавæр ивддзинæдтæ йæм бахæссой, уый рабæрæг уыдзæн ацы азы кæрон, ног трамвайтæ горæты уынгты куы ацæуой, уæд.

                                                                   Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.