ХÆЛАРДЗИНАДЫ ТÆГТÆ

Азæй-азмæ йæ хæлардзинады тæгтæ фидардæр кæнынц нæ республикæйæн æндæр регионтимæ. Цалдæр азы размæ “æфсымæртæ загътой” Дзæуджыхъæу æмæ Ялтæ, фæстæдæр сæ бафæзмыдтой Беслæн æмæ хъырымаг Гурзуф. Ахæм арфæйаг хъуыддагыл ныр та батыхстысты Дзæуджыхъæу æмæ Керчы разамынд. Æфсымæрон горæттæ сæ скæныны тыххæй æмбæлон документы сæ къухтæ æрфыстой Керчь æмæ Дзæуджыхъæуы горæтты сæргълæуджытæ Хæдæрцаты Махарбег æмæ Лариса Щербула.

Горæт-Хъæбатыр Керчь æцæгдæр Ирыстонæн æцæгæлон никуы уыд. Уыцы регионты цы горæттæ ис: Керчь, Севастополь, Новороссийск, Геленджик æмæ æндæртæ, уыдоны æппæты карздæр тохтæ цыд Фыдыбæстæйон Стыр хæсты рæстæджы. Уыдон сæрибар кæнгæйæ, бирæ ирон фæсивæд радтой сæ цард, се ‘нусон бынат ссардтой ацы горæтты.

Ног бадзырды фæлгæтты уал фыццагдæр Керчы горæты цыртдзæвæн æвæрд æрцыд зындгонд балхон æмæ партизан, ацы горæты хæстон историйы стыр фæд чи ныууагъта, уыцы Мамсыраты Хадзы-Умарæн (Ксанти). Кадджын мадзалы архайдтой Ирыстоны делегаци, сæ сæргъы УФ-йы Советы уæнг Мамсыраты Таймураз, Хæдæрцаты Махарбег æмæ авиацийы инæлар-майор Бедойты Руслан. Цыртдзæвæн байгом Уæрæсе æмæ Ирыстоны гимнтæй. Æртæ чъири æмæ йын бæгæныйы кæхцæй скуывдта Бедойты Руслан. Цырт сæвæрынæн стыр æххуыс бакодтой Дзанайты Азанбеджы номыл хæрзаудæн фонд.

Уымæй уæлдай нæ делегаци æмæ фысымтæ амынд горæты сæйраг фæзы сæвæрдтой бындур фидæны аллеяйæн. Ацы аллея арæзт æрцæудзæн дыууæ æфсымæрон горæты кадæн.

Бадзырды фæлгæтты ма ноджыдæр иу ахсджиаг хъуыддаг арæзт æрцыд ацы балцы рæстæджы. Керчы ног арæзт скъолатæй иу фыццæгæм сентябрæй фæстæмæ хæсдзæн не ‘мзæххон, Советон Цæдисы хъайтар Дойаты Давиды ном. Уый 1943 азы карз хæстыты рæстæг Керчæй хъайтар ‘хсæн донбакæлæны иунæгæй ныццагъта 226 немыцаджы, йæхæдæг дæр уыцы тохы хъæбатырæй фæмард. Ныгæд дæр æрцыд уым æфсымæрон ингæны. Скъола-музей саразынæн, Ирыстонæй йæм экспонаттæ аласынæй баххуыс кæндзысты фæсивæды активисттæ.

Дзæуджыхъæуы Сæргълæууæг Хæдæрцаты Махарбег куыд загъта, афтæмæй нырæй фæстæмæ дыууæ горæты разамынд архайдзысты, цæмæй æмгуыст кæной иумæйаг программæтыл, архайой культурон æмæ æмгуыстады бастдзинæдтæ аразыныл. Уымæй кæстæр фæлтæр дæр æмбардзысты, Керчь Ирыстонæн дæр æцæгæлон кæй нæу, уый.

 

АИВАДÆН АРÆНТÆ НÆЙ

Ивгъуыд аз июлы республикæйы бынæттон каналæй Мæздæджы тыххæй æвдыст чи æрцыд, уыцы документалон киноныв “Солнечное сплетение Кавказа”, – зæгъгæ, уымæн уыд стыр æнтыст. Кинойы автор, зындгонд журналист, документалист Елена Миляева кинонывы алывæрсыгæй равдыста Цæгат Ирыстоны æппæты бирæнациондæр регион Мæздæг куыд цæры, йæ истори, алыхуызон адæмыхæттытæн сæ ахастдзинæ-дтæ кæрæдзимæ æмæ æндæртæ. Автор аивадуарзджыты размæ рахаста æртæ бинонты царды уаг. Уыдон сты ирон, уырыссаг æмæ хъуымыхъаг бинонтæ. Кинойы сæйраг нысан у уыдонæн сæ фыдæлтæ, сæ уидæгтæм сæ уарзондзинад равдисын, сæ национ хиæмбарындзинад, традицитæ куыд нымайынц, уый бамбарын, абон æхсæнадæн цы пайда хæссынц, уый сбæрæг кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Ацы кинонывы фæстæ Миляева “фæрынчын” Кавказæй. Фæнды йæ æнæхъæн Цæгат Кавказы цæрæг адæмыл ног документалон кинонывты цикл саразын. Ахæм арфæйаг хъуыддагмæ мæскуыйаг киноисæг къорд бавналдзæн ацы бонты. Сæ автор æмæ режиссер Елена Миляева йæ куыст адих кодта цыппар рубрикæйыл: “Герои Кавказа”, “Долгожители Кавказа”, “Ислам: правда о терпимости” æмæ “Записки о горных нравах”. Авторы фæндонмæ гæсгæ, ацы темæтæм каст хъуамæ æрцæуа æндæрырдыгæй. Зæгъæм, пысылмон динмæ фылдæр адæм кæсынц æнæууæнк цæстæй, арæх дзы пайда кæнынц сабырдзинады ныхмæ. Авторы нысан у ацы дины ахадындзинад æндæрырдыгæй равдисын. Уый ахъаз фæуыдзæн, хæстон цауты дзы чи пайда кæны, уыдонæн дæр.

Иннæ æртæ документалон кинонывы дæр авторы зæрды ис Кавказы алы адæмыхæттыты ивгъуыды æмæ абоны хъæбатырты, стæй бирæцæрæг адæмы сбæрæг кæнын, сæ истори, сæ культурæ æмæ æгъдæуттæ сын равдисын.

Продюсерон компани “Медиа Трест”-ы киноисæг къорд Елена Миляевайы сæргълæудæй систа сæдæ документалон кинонывæй фылдæр каналтæ “Россия”, “Моя Планета”, “Россия 2”, “Россия 24″ æмæ æндæртæн. Авторæн стыр ном скодтой йæ кинонывтæ “Приключения тела”, “Начать сначала”, “Жизнь наших предков” æмæ æндæртæ. Ацы бонты къорд йæ куыст райдайдзæн ногæй. Амынд кинонывтæ исдзысты Цæгат Ирыстоны, Кæсæг – Балхъары, Цæцæны, Хъæрæсе-Черкесийы, Дагъыстаны æмæ Мæхъæлы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æхсызгон у. Кæдæй-уæдæй ма Кавказыл хæстон цауты бæсты ист æрцæудзæн кинонывтæ сабырдзинадыл, фарн æмæ амондыл.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.