ФÆЗЫНДЗÆН НÆМ НОГ ФÆНДАГ

Республикæйы транспорт кæй сбирæ ис, пробкæтæй ацæуæнтæ кæй нал вæййы, уымæй тыхсынц адæм. Нæ разамынд рагæй агуры алы мадзæлттæ уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй. Ныр Кавказы автомобилон фæндæгты управленийы хъæппæрисæй рæхджы Дзæуджыхъæуы иувæрсты райдайдзæн ног фæндаджы арæзтад. Уый йæхимæ райсдзæн горæты транспорты стыр хай æмæ адæмæн фенцондæр уыдзæн.

Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы ахсджиаг объекты фæдыл проектон-сметон документацийæн хорз аргъ скодта Паддзахадон экспертизæйы службæ. Фæндаджы арæзтад райдайынæн хъæугæ фæрæзтæ æвæрд æрцыд бюджеты. Æппæт организацион фарстатæ лыггонд цæуынц.

Цæгат Ирыстоны фæндагон хæдзарады райрæзтмæ стыр бавæрæн кæй хæссынц, ног автомобилон фæндаг саразыны проект сæрмагонд федералон программæмæ хаст кæй æрцыд, уый тыххæй уæлдæр амынд управленийы разамонæг Руслан Лечхаджиевæн республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæ ракодта:

«Уæ куыстуат цæмæ фæнды бавнала, рæстæгыл æй саразы. Уæ управленийы тыхтæй махмæ конд æрцыд бирæ ахсджиаг куыстытæ. Бындурон цалцæг æрцыдысты бирæ фæндæгтæ, хидтæ æмæ бирæ æндæр инфраструктурон объекттæ. Республикæйы цæрджыты номæй дын зæрдиаг бузныг зæгъын», – банысан кодта республикæйы Сæргълæууæг æмæ Руслан Лечхаджиевы схорзæхджын кодта майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй.

МАДЫ КАПИТАЛÆН – 186 МИЛУАН СОМЫ

Цæгат Ирыстоны хицауад мады капиталы регионалон фиддонтæн рахай кæндзæн 186 милуан сомы. Йæ республикон хай у 50 мин сомы.

Фидынц æй 2012-æм азæй фæстæмæ гуырд сывæллæттæн, стæй æртыккаг æмæ уымæй фылдæр сывæллоны цы бинонты райгуырд, уыдонæн. Цæгат Ирыстоны Фæллой æмæ социалон райрæзты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ацы аз фиддонтæ райсдзысты дыууæ азæн.

Бæлвырддæр 2013-æм азы гуырд 1 895 сывæллонæн æмæ 2014 азы чи райгуырд, уыцы 1 826 сывæллонæн. 2015 азы гуырдтыл бахардз кæндзысты 85 милуаны. Æхцайы фæрæзтæ райсæн уыдзæн, сывæллоныл æртæ азы куы сæххæст уа, уæд.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.