ИРОН ТЕАТРЫ НОГ СÆЙРАГ РЕЖИССЕР

 Цӕгат Ирыстоны Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл академион театры сӕйраг режиссерӕй нысангонд ӕрцыд Сӕбанты Тамерлан.

Сӕбаны-фырт хорз зындгонд у ирыстойнаг аивадуарзджытӕн, у Уӕрӕсейы сгуыхт ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист.

1980 азы каст фӕци Мӕскуыйы уӕлдӕр театралон Б. Щукины номыл училищӕ ӕмӕ дзы райста кино ӕмӕ театры дӕсныйад. Куыста Цӕгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры, мӕскуыйаг театр «Каскадер»-ы. 1992 азӕй фӕстӕмӕ уыд ЦИПУ-йы актерон дӕсныйады кафедрӕйы хистӕр ахуыргӕнӕг, 1993 азӕй фӕстӕмӕ та – университеты аивӕдты фа¬культеты актерон кафедрӕйы разамонӕг.

Сӕбанты Тамерлан театр ӕмӕ кинойы сарӕзта 35 фӕлгонцӕй фылдӕр, куыд режиссер, афтӕмӕй та сценӕйыл сӕвӕрдта 10 пьесӕйӕ фылдӕр.

УЫРЫССАГ ТЕАТРЫ БÆРÆГБОНМÆ…

Зындгонд куыд у, афтæмæй Евгений Вахтанговы номыл уырыссаг академион театр йæхи цæттæ кæны йæ 150 азы юбилеймæ.

Театры аивадон разамонæг Владимир Уваров куыд радзырдта, афтæмæй бæрæгбоны мадзæлттæ сараздзысты 2021 азы майы кæрон.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, театры юбилеймæ бацæттæ кæндзысты бирæ алыхуызон мадзæлттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæгбон уазджытæй фидауы – æмæ уый дæр рох нæу организацион комитеты уæнгтæй.

«Театры юбилеймæ цæттæгæнæн комитетæн разамынд дæтты Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уый разамындæй рæстæгæй-рæстæгмæ æрдзурæм фидæны бæрæгбоны мадзæлттыл. Амæй размæ та сæрмагонд ныхас рауад, нæ юбилейы кадджын уазджытæ чи суыдзæн,   уыдоныл. Куыд фæнд кæнæм, афтæмæй Дзæуджыхъæумæ фæхондзыстæм Уæрæсейы Театралон архайджыты цæдисы сæрдар, УСФР-йы адæмон артист Александр Калягины, драматург, Уæрæсейы адæмон артист Марк Розовскийы, Евгений Вахтанговы номыл мæскуыйаг академион театры директор Кирилл Крокы, литературон æмæ театралон критик, журнал «Страстной бульвар»-ы шеф-редактор Наталья Старосельская æмæ аивады иннæ зындгонд архайджытæ. Æппæт фадæттæй дæр бацархайдзыстæм, цæмæй театры бæрæгбон ирд æмæ цымыдисаг рауайа», – кæронбæттæны загъта Владимир Уваров.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.