ФÆЗЫНАРГЪ ХОЙРАГ  

Æрæджы республикæйы цæрджытæм æнхъæлмæ каст хъыгаг хабар: æнæнхъæлæджы дзулы аргъ сгæпп кодта 18 сомæй 25 соммæ. Стæй канд дзул нæ, фæлæ ссадæй конд æндæр продукттæ дæр. Уый тыххæй рагацау адæмæн иунæг хойраджы куыстуат дæр нæ фехъусын кодта. Уый фæстæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фæстаг фондз азы дзулы аргъ уыцы иухуызон уыд, рæстæгæй-рæстæгмæ æвæрдтой сæ продукци фæзынаргъдæр кæныны тыххæй фарст, фæлæ алы мадзæлтты фæрцы къухы æфтыд йæ аргъмæ йын ма бафтауын. Ныр та ссады аргъ, стæй энергетикон фæрæзтæ сырæзтысты æмæ æндæр гæнæн нал уыд.

 Дзулфыцджытæ æмæ базарадон хызæгты разамонджытимæ фембæлдысты Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег, Экономикæйы рæзты министр Томайты Хъазыбег æмæ Амалхъомты барты фæдыл æууæнкджын Медойты Тимур. Куыд баныхас кодтой, афтæмæй дзулы аргъмæ 10 процентæй фылдæр бафтауæн нæй. «Дзул у ахсджиаг продукт, фынджы бæркад æмæ йæ аргъы рæзт фæзындзæн республикæйы цæрджыты уавæрыл. Уымæ гæсгæ æппæт уынаффæтæ дæр хъуамæ уой бæстон, арфхъуыдыджын. Дзулы аргъ ма хъуамæ схиза 22 сомæй. Ацы къабазы уавæрмæ дарддæр йæ цæст дардзæн сæрмагонд хицауадон къамис», – загъта Сæбæтхъуаты Æхсарбег.

Республикæйы разамынды бон бацис дзулы аргъ 22 соммæ æрæппарын.

 ТЕАТРÆН – НОГ СÆЙРАГ РЕЖИССЕР

Цæгат Ирыстоны Тæбæхсауты Балойы номыл академион театры сæйраг режиссерæй нысангонд æрцыд Уæрæсейы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Сæбанты Тамерлан.

Сæбаны-фырт аивады къабазы куыста бирæ бæрнон бынæтты. Театр æмæ кинойы сарæзта 35 фæлгонцæй фылдæр. Куыд режиссер, афтæмæй та сценæйыл сæвæрдта 10 пьесæйæ фылдæр.

ХУЫЗДÆР СТУДЕНТТÆН  –  СТИПЕНДИТÆ

Республикæйы Хицауад йæ радон æмбырды цы уынаффæ сфидар кодта, уымæ гæсгæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæн снысан кодтой Абайты Васо æмæ Плиты Грисы номыл сæрмагонд стипендитæ.

Ацы аз Васойы номыл стипендитæ райсдзысты ЦИПУ ирон филологон факультеты æмæ социалон иртасæнты институты аспиранткæтæ Бететы Фатимæ æмæ Æлборты Тамарæ.

Грисы номыл стипендитæ та райсдзысты ЦИПУ-йы студенткæ Джабиты Илонæ æмæ Педагогон институты студенткæ Уырымты Мæдинæ.

Абайты Васойы номыл стипендийы бæрц у 8 мин сомы, Плиты Грисы номыл стипенди та – 5 мин сомы.

                                                                                   Нӕ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.