ХÆХТЫЛ БАЗЗАЙДЗÆН СÆ НОМ…

Бæрæг куыд у, афтæмæй ныр цалдæр азы Цæгат Ирыстоны разамынд зæрдиагæй архайы нæ зындгонд адæймæгты ном сæнусон кæныныл. Уыимæ сын сæ нæмттæ канд уынгтыл æмæ ахсджиаг объекттыл не ‘вæрынц, фæлæ… æнæном хæхтæ æмæ бæрзæндтыл. Зæгъæм, Алагиры дыууæ хохæн лæвæрд æрцыд Беслæны сабиты ирвæзынгæнгæйæ чи фæмард сты, уыцы Валерий Замараев æмæ Дмитрий Кормилины нæмттæ; Дыгуры районы бæрзонд «æнæхæрд» хох райста зындгонд хæстон разамонæг, инæлар-лейтенант Павел Фитины ном; Æрæфы районы бæрзонд æнæном хохæн лæвæрд æрцыд республикæйы раздæры Сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланы ном. Ныртæккæ хуыйны Тамерланхох. Уыцы ран ма иу хохæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы гарзджын тыхты ном.

Республикæйы æнæном бæрзæндтæ хæссынц Фыдыбæстæйы хæсты архайджытæ Нигкоты Беза, Тауытты Георги, Салхъазанты Семен æмæ бирæ æндæрты нæмттæ.

Ныр та, æрæджы, Уæрæсейы геог-рафион æхсæнад фæндон бахаста, Ирыстоны хæхтæй иуæн ихсæттæг науы таурæгъон капитан, Социалон фæллойы Хъæбатыр Кучиты Юрийы ном раттын. Цæгат полюс басæттæг, не ‘мзæххон Кучийы фырты уæлахиз дунейы ахуыргæндтæ барынц Юрий Гагарины уæлахизимæ. Йæ раза-мындæй 1977 азы йæ атомон ихсæттæг нау «Арктикæ» дунейы историйы фыццаг хатт бахæццæ ахæм бынатмæ.

Ныртæккæ Кучиты Юрийы номыл Дзæуджыхъæуы ис уынг æмæ скъола. Географион æхсæнады фæндонмæ та рæхджы æркæсдзæн респуб-ликæйы Парламент æмæ йæ ныхас зæгъдзæн.

ХЪÆУТÆН – ИСТОРИОН  СТАТУС

Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй рæхджы респуб-ликæйы фæзындзæн, историон, культурон статус кæмæн уыдзæн, ахæм хъæутæ. Уыдон сты, исты таурæгъон, историон цау кæм æрцыд, ахæмтæ. Зæгъæм: Нар, Нузал, Уæхъæц, Дæргъæвс æмæ æндæртæ. Ацы хъæутæй алкæцыдæр историмæ цыдæр бар дары, фæлæ сын официалон статус нæй.

Ахæм уагæвæрд райсынæн бакæнын хъæуы биноныг куыст, æрбахонын специалистты æмæ бацæттæ кæнын проектон-наукон документ.

«Ацы проект царды уагъд куы æрцæуа, уæд уый фæрцы уыдзæн истори хуыздæр базонын æмæ бахъахъхъæныны фадат. Уымæй уæлдай ма ацы уагæвæрд дæтты ахæм объекттæ дарынæн федералон бюджетæй æхца исыны фадат дæр. Уæдæ туристтæн дæр ацы хъæуты историйæ цы радзурай, уый ис. Ныр уал кæнæм фыццаг къахдзæфтæ æмæ нæ куыст кæй фæрæстмæ уыдзæн, ууыл нæ зæрдæ дарæм» – загъта республикæйы Культурон бынтæ бахъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныны комитеты сæрдар Æгайты Эмилия.

Дзæуджыхъæуы ма дарддæр æххæст цæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутимæ баст мемориалты фарсмæ сæрмагонд информацион электронон кодтимæ нысантæ æвæрыны куыст. Уыцы нысантыл цы сæрмагонд кодтæ ис, уыдоны фæр-цы цымыдисаг хабæрттæ базонæн ис иу кæнæ иннæ зæрдылдарæн бынаты историйы тыххæй. Хъæуы æрмæстдæр телефон уыцы информацион нысаныл авæрын æмæ коды фæрцы мемориалы истори дæ телефоны бакæсдзынæ. Ацы практикæйæ рагæй пайда кæнынц Уæрæсейы бирæ горæттæ.

Нырыонг уал ахæм информацион нысантæ сæвæрдтой Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы цыртыл, Намысы мемориалы сæйраг цыртдзæвæны фарсмæ æмæ Уæлахизы фæзы.

Уыцы куыстмæ уæлдай зæрдæргъæвдæй бавнæлдтой æппæтуæрæсеон змæлд «Юнармия» æмæ Скъоладзауты республикон змæлды уæнгтæ.

Акцийы организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм нысантæ сæвæрдзысты канд Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ районты цы хæстон мемориалтæ ис, уыдоны фарсмæ дæр.

                                                              Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.