АЭРОПОРТÆН – АНДИАТЫ  СОСЛАНЫ  НОМ

Уæрæсейы Федерацийы Президенты Барамынд “Фыдыбæстæйы раз уæлдай сгуыхтдзинæдтæ кæмæн ис, уыцы адæймæгты нæмттæ хицæн географион объекттæн радтыны тыххæй” æнтыстджынæй æххæст цæуы республикæйы дæр. Ныридæгæн Ирыстоны зынгæ адæймæгты нæмттæ лæвæрд æрцыдысты бирæ географион объекттæн, уæлдайдæр – æнæном хæхтæн.

Цæгат Ирыстоны Парламент бахаста фæндон, цæмæй дунеон аэропорт “Владикавказ”-æн лæвæрд æрцæуа зындгонд хъæбысæй-хæцæг Андиаты Сосланы ном. Уыцы уынаффæ йæ тыхы бацыд, парламенты уæнгтæ йыл æмхуызонæй схъæлæс кæнгæйæ.

Андиаты Сосланы бæрзонд спортивон æнтыстдзинæдтæ, физикон культурæ æмæ спорты рæзтмæ цы æвæрæн бахаста, йæ æхсæнадон æмæ паддзахадон архайд нымайгæйæ, аэропорт “Владикавказ”-æн йæ ном радтын уыдзæн зынгæ богалæн æнусон цыртдзæвæн.

ÆРДЗОН  ФЫДБЫЛЫЗТЫ  НЫХМÆ – НОГ 

ТЕХНИКÆ

  Æрвылаз дæр бирæ æрдзон фыдбылызтæ æрцæуы, уæлдайдæр сæрд – зынгсирвæзтыты æмæ уалдзæг – донивылдтыты рæстæджы. Уыдоны ныхмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад кæд æппæтæй дæр цæттæ у, уæддæр дзы бирæ техникæ абоны домæнтæн дзуапп нал дæтты. Уый нымайгæйæ, республикæйы разамынд рæхджы уæрæсейаг компанитæй иуæй лизинджы (кредиты хуыз) уагыл райсдзæн нырыккон техникæ æрдзон фыдбылызтæ аиуварс кæныны тыххæй. Куыд зонæм, афтæмæй ма раздæр азты лизинджы хуызы республикæ райста горæт-æфснайæн техникæ æмæ паддзахадон транспорты машинæтæ. Уыцы хъуыддаг хорзæрдæм сахадыдта ацы къабазты куыстыл. Ныр уыцы фæлтæрддзинадæй республикæйы разамынд сфæнд кодтой ногæй спайда кæнын, уымæн æмæ кредиты ацы хуыз лæууы бирæ асламдæр æмæ у пайдадæр.

Цавæр техникæ райсдзысты æмæ кæцы къабазы спайда кæндзысты, уый тыххæй дзырдта хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радон æмбырды. Куыд банысан кодта, афтæмæй ног техникæ сæрмагондæй райсдзысты Æнæн-хъæлæджы уавæрты министрадæн, уымæн æмæ уыдонæй бирæ аразгæ у цæрджыты æдасдзинад.

“Æдзух бæрæг кæнын хъæуы цæугæдæтты былгæрæттæ. Ацы аз фыдбылыз нæма æрцыд, фæлæ дзы тæссаг, дамбæтæ æнцонæй кæм атоной, ахæм бынæттæ бирæ ис. Ног техникæйы руаджы уыдон цырд аиуварс хъæуы. Хуыздæр уавæры не сты цадтæ дæр, кæцытæ республикæйы ис æхсæз. Уыдонæй бирæ рæтты найæн нæй, тæссаг сæ кæй у, уымæ гæсгæ. Фæлæ адæмы ницы уромы æмæ уды зиæнттæ æрцæуы. Уымæ гæсгæ ирвæзынгæнджытæ æдзух хъуамæ уой баххуысмæ цæттæ сæрмагонд техникæимæ. Афтæ у зынгсирвæзты хабар дæр. Æгæнонтæ хус зайæгойтыл бандзарынц æмæ стыр фыдбылызтæ æрцæуы, басудзы хъæдты стыр хай дæр. Ныр ног техникæйæ бирæ æнцондæр уыдзæн арты ныхмæ тох кæнын. 20 маймæ хъуамæ сбæлвырд уой сывæллæтты улæфæн бынæттæ. Уыдон цалынмæ æдасдзинады мадзæлттæй ифтонг æрцæуой, уæдмæ дзы йæ дуар ничи бакæндзæн “, – дзырдта Тускъаты Таймураз.

 Хицауады Сæрдар ма куыд бафиппайдта, афтæмæй æркæсын хъæуы туристон организациты объекттæм, цæмæй сæ цæрджытæ æмæ уазджытæ æдасæй улæфой. Уыдон сты хицæн адæймæгты æмæ бæрæг куыд у, афтæмæй æхцайы аххосæй бадзырд нæ бафыссынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадимæ. Уымæн та дарддæр æруадзæн нал ис.

 Ног техникæ Ирыстонмæ æрхæццæ уыдзæн ацы мæйы кæрон.   

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.