Сентябры мæйы райдианы РХИ-йы Хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади бабæрæг кодта «Электровибромашина»-йы куыстуат, цыран  базонгæ каркасон цæрæн хæдзæртты кондадимæ. Куыстуаты директор Бестауты Тамаз куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, алцы дæр райдыдта Бекъойты Геннадиимæ ныхас кæныны рæстæджы,  заводы перспективæтыл куы уынаффæ кодтам, уæд.

«Уый бахаста ахæм фæндон, цæмæй æмбырд кæй кæнынц ахæм цæрæн хæдзæртты аразын базонæм, кæцытæй гæнæн ис, спайда кæнæм цæрджыты хъуагдзинæдты тыххæй. Фыццаг хæдзар мах сарæзтам ивгъуыд азы Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ, Тъбеты хъæуы йæ хæдзар кæмæн басыгъд, уыцы бинонтæн. Уымæй фæстæмæ мах райдыдтам исын закъазтæ адæмæй дæр æмæ органи-зацитæй дæр», – загъта Бестауты Тамаз.

Хæдзæрттæ арæзт цæуынц æфсæйнаг каркасы бындурыл, индивидуалон нывтæм гæсгæ, уыдон сты комфортон, экологон æгъдауæй сыгъдæг æмæ æдас.  Стандартон хæдзар ваннæ æмæ къæбицимæ слæудзæн 380 мин сомы онг. Ацы суммæмæ ма уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ куы бафтауой, уæд дзы рауайдзæн хорз, комфортон цæрæнуат. Заводы арæзт хæдзæртты æхсызгонæй агурынц цæрджытæ, уымæн æмæ сæ аргъ у къаддæр уæрæсейаг аналогтимæ абаргæйæ, уыимæ йæ æддейæ æрбаласыны тыххæй дæр æхца нæ бахардз уыдзæн. Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты каркасон хæдзæрттæй  уæрæхæй пайда кæнынц, уымæн æмæ арæзт цæуынц тагъд, нæ сæ хъæуы бетон, арматурæ, блоктæ æмæ æндæр арæзтадон æрмæджытæ.

Каркасон хæдзæрттæ фæахъаз уыдзысты, цæрæнуат райсынмæ рады чи лæууы, уыцы  æмбæстæгты цæрæнуатон уавæртæ фæ-хуыздæр кæнынæн. Гуырдзиаг-ирон конфликт райдайынæй фæстæмæ лигъдæттæ æвзарынц зындзинæдтæ. Бирæтæ дзы кæд райстой фатертæ, уæддæр нырма сæдæгай лигъдæттæ рады лæууынц цæрæнуат райсынмæ æмæ афтæмæй уæззау цард кæнынц æмдзæрæндæтты. Иннæмæй та æрмæст лигъдæттæ нæ, фæлæ нæ горæты цæрджытæй дæр бирæтæ цæрæнуат райсынмæ рады лæууынц 20 азты дæргъы æмæ æхсызгонæй сразы уаиккой ахæм каркасон хæдзæрттæ райсыныл. Бæрæг куыд у, афтæмæй 10 азы размæ РХИ-йы миграцион политикæйы фæдыл комитеты къухдариуæгад фæндон бахаста лигъдæттæн хицæн поселок саразыны тыххæй. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ, ацы хорз æмæ рационалон фæндон хаст не ‘рцыд фыццаг Инвестпрограммæмæ. Ацы хорз фæндон æххæст куы æрцæуид, уæд сæ царды уавæртæ фæхуыздæр уаиккой уал азы дæргъы хъизæмайраджы цардæй сæ бонтæ чи æрвитынц, уыцы лигъдæттæн, афтæ ма æххуырст фатерты чи цæры нæ уыцы æмбæстæгтæн.

Хорз уаид æмæ каркасон хæдзæрттæй эксперименты хуызы арæзт куы æрцæуид хицæн поселок раздæры гуырдзиаг хъæуты территорийыл. Цалдæр азы размæ ацы хъæутæй сæ иуы территорийыл бирæуæладзыгон корпустæ арæзт кæй æрцыдысты, уый у тынг хорз хъуыддаг. Фæлæ æнæмæнгæйдæр иннæ территорийы иу хайыл та хъæуы ацы каркасон хæдзæрттæ равæрын æмæ лигъдæттæн поселок саразын. Науæд ацы тагъдиваг æмæ знæт дунейы сомбоны цы уыдзæн, уымæн æппындæр ничи ницы зоны. Уый æнхъæл чи уыд æмæ искуы хъомысджын Советон Цæдис ныппырх уыдаид æмæ нын гуырдзиаг тыхæйисджытæ нæ цард зындон фестын кодтаиккой. Чи ахъуыды кодтаид æмæ ныл ирон адæмы цыфыддæр знæгтæ пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм кассетон бомбæтæ калдзысты, горæты уынгты сæ танкæтæ рацу-бацу кæндзысты æмæ нæ афтæмæй æхсдзысты. Уый æнхъæл чи уыд æмæ æнæхъæн дуне цахæмдæр æнæхайыры коронавирусæй хъизæмар кæндзæн. Фæлæ æппæт уыдæттæн æвдисæн систæм нæхæдæг. Раздæры гуырдзиаг хъæуты территорийыл æвæстиатæй аразын хъæуы бирæeæладзыгон корпустæ дæр. Царз нын никуыдæм аирвæздзæн, фæлæ горæты хъæуы цæгатырдæм рæзын кæнын. Хъæуы исты æрымысын раздæры Ереды хъæуы территорийæн дæр. Ам сыгъд хæдзæттыл фыстæй фенæн ис «занято», зæгъгæ. О, фæлæ хæдзарыл исчи кæд «занято» ныффыста, уæд дзы исты саразæд. Науæд дзы кæд нæ пайда кæны, уæд æй æндæр искæмæн радтын хъæуы. Науæд Хуыцау бахизæд, фæлæ уæд та  цынæ вæййы, уæд та сомбоны нæ хъæбулты хъæбулты хъæбултæ рацæудзысты мах хуызæн уæззау фæндæгтыл стыр зындзинæдтæ æвзаргæйæ. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм раздæры гуырдзиаг хъæуты территорийыл цы стыр фыдракæндтæ фæарæзтой нæ «хорз» сыхæгтæ. Уыдон уым куынæ цар-даиккой, уæд хуссарирыстойнаг цæрджыты Зары хъæдыл цæуыны сæр нæ хъуыдаид. Уым куынæ цардаиккой, уæд Букуылты Маиры æмæ иннæ зынгхуыст лæппуты фыдмардæй нæ амардтаиккой. Уæд нæ ацы хъæуты ‘рдыгæй  не знæгтæ дæргъвæтин азты дæргъы не ‘хстаиккой æрвылæхсæв. Цæгатæрдыгæй  нæ ацæуæнтæ нæхи бар уæддæр уыдаиккой. Уыимæ ацы хъæуты раздæры цæрджытæ тынг бæллынц фæстæмæ æрбаздæхынмæ. 2008 азы хæсты размæ иу гуырдзиаг сылгоймаг æрбацыд зианмæ Аунеуы хъæумæ  æмæ, дам, афтæ дзуры: «тæхуды æмæ нæ нæ сыгъд хæдзæрттæм дæр куы бауадзиккой, уæд тынг райгонд уаиккам цатырты цæргæйæ дæр». Гуырдзиаг сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, уымæ бæллынц, Хуссар Ирыстонæй чи фæлыгъд, уыцы иннæ гуырдзиæгтæ дæр. Ацы хъæутæ кæй сафтид сты, уымæй нæ риуты дзаг сулæфыдыстæм, мæ дзæнæты бадинаг цардæмбал Хуриты Гиви йæхицæн фырцинæй бынат дæр нал ардта. Иннæ ахæм ныр ИНО-йы цалдæр хатты райстой резолюцитæ лигъдæтты æрбаздахыны тыххæй, уыимæ Гуырдзыстонæй чи ралыгъд, уыцы ирон лигъдæтты кой никуы скæнынц. Уыдæттыл хъæуы ахъуыды кæнын æмæ æвæстиатæй ацы территорийыл хъæуы куыд бирæуæладзыгон корпустæ аразын, афтæ лигъдæтты поселок дæр. Хъæуы уавæрæй спайда кæнын æмæ дзы компактонæй цæрджыты æрцæрын кæнын, науæд…  Дызрæдыггæнæн нæй, ацы хорз идея царды биноныг куы æрцæуа, уæд нæ республикæйы цæрджытæ райгондæй кæй баззайдзысты, ууыл. Уæд адæм æддæмæ нал ивыликкой æмæ фæхуыздæр уаид не ‘взонг бæстæйы демографион уавæр дæр…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.