Ивгъуыд  къуырийы  кæрон информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры нæ республикæйы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæргълæууæг Хъотайты Марияйæн уыд радон брифинг. Бынæттон журналисттимæ фембæлды рæстæджы уый цыбыртæй æрдзырдта сæ кусæгон балцы тыххæй 26-æм июлы Цæгат Ирыстон-Аланимæ.

Горæт Дзæуджыхъæуы уагъд цæудзæнис зонадон-практикон конференци æмæ дзы хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны делегаци 30 адæймаджы скондæй. Конференци уагъд цæуы Цæгат Ирыстон-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты къухдариуæгадæй.

«26-æм июлы Хуссар Ирыстоны делегаци 30 адæймаджы скондæй ацæудзысты Дзæуджыхъæумæ, цæмæй хайад райсой æхсæнадæмон зонадон-практикон конференцийы. Уыдоны ‘хсæн: журналисттæ, редактортæ, зонадон кусджытæ æмæ не студенттæ «ЮОГУ ТВ»-йæ. Конференци, сæйраджыдæр, организацигонд æмæ уагъд цæуы дыууæ республикæйы журналистикæйы райрæзт æмæ проблемæты сæраппонд. Зонадон-практикон конференцийы темæ у: Медиа Север-Юг. Архитектоника медиапространства Северной и Южной Осетии: журналистика, творчество, система», – йæ ныхасы райдиан банысан кодта Хъотайты Мария.

уæлдæр банысангонд зонадон-практикон конференци уагъд цæуы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны медиатыгъдады ‘хсæн æмгуыстады фæдыл мадзæлттæ среализаци кæныны фæлгæтты. «Ацы конференцийы анализгонд æрцæудзæнис нырыккон паддзахадон дзыллон-информацион фæрæзты райрæзты тенденцитæн, афтæ ма националон мыхуыр æмæ социалон тыгъдадыл бандавыны позитивон бавналæнтæ биноныг кæнын æмæ журналисты бæрндзинад объективон реалондзинады саразыны хъуыддагæн», – загъта Хъотайты чызг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ пленарон рабадты рæстæджы дыууæ фарсæрды-гæй дæр сæрмагонд хъусдард здæхт æрцæудзæнис литературон-аивадон журналы нысаниуæгмæ абоны медиатыгъдады. Ныртæккæ ахæм дуг у æмæ информацихæссæг фылдæр сты социалон хызæгтæ, уымæ гæсгæ информацион агентадтæ, интернет ресурстæ æмæ аивадон журналты æхсæнады бонæй бон къаддæр кæнынц сæ цымыдисгæнæг адæймæгтæ. Фæлæ  ис ахæмтæ, уыдон æмрæнхъ зонадон кусджытæ дæр, кæцытæн æнæмæнгхъæуæг сты уыцы мыхуыры органтæ. Конференцийы ма фарст æвæрдзысты сывæллæтты периодикæйы фæзынды тыххæй дæр. Уый дæр у æнæмæнгхъæуæг кæстæр фæлтæры хъомылады хъуыддаджы. Уыцы фарст хауы фæсивæдон дзыллон-информацион фæрæзтæм дæр.

Конференцийы мадзæлттæ дихгонд цæуынц дыууæ хайыл. Официалон хайы фæнд кæнынц цымыдисон фоторавдыст «Малые села Кавказа» бакæнын дæр. Дарддæр пленарон рабадты куысты уынаффæ кæндзысты уæлдæр банысангонд фарстытыл æмæ уый адыл ист æрцæудзæн кæронбæттæн резолюци. Официалон хайы фæстæ конференцийы хайадисджытæ абалц кæндзысты Куырттаты коммæ, цыран хæларадон футболон матчы фембæлдзысты дыууæ республикæйы журналистты командæтæ», – зæгъы Хъотайты Мария.

«Мæнмæ гæсгæ, ахæм мадзæлттæ уадзын æмæ сæ активонæй хайад исын фæахъаз уыдзысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнуæвæг медиатыгъдады динамикон рæзтæн. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ ивгъуыд аз дыууæ комитеты ‘хсæн къухтæ кæй æрфыстæуыд æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл».

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.