19 июлы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг сессийы цыппæрæм рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан. Боны фæткы фыццаг фарст уыд «2019 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проекты тыххæй. Ацы закъоны проекты фæдыл раныхас кодта Финансты министр Хæбæлаты Азæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ивындзинæдтæ хъуамæ хаст æрцæуой, цалынмæ депутаттæ улæфынмæ нæ ацыдысты, уæдмæ. Уымæй дарддæр ма закъоныл бакусыны æнæмæнгхъæ-уындзинад у хицæн здæхтыты фæдыл бюджеты хæрдзтæ фæфылдæр кæнын æмæ сæ хæрдзты здæхтыты ‘хсæн адих кæнын сфидаргонд бюджетон ассигнациты фæлгæтты бюджетон фæрæзты сæйраг уынаффæгæнджыты фæндæтты фæдыл.

2019 азы паддзахадон бюджеты хæрдзты функционалон классификацийы хæйттæм гæсгæ фæнд цæуы ивындзинæдтæ бахæссын ахæм здæхтыты фæдыл: иумæйагпаддзахадон фарстытæ, национ æдасдзинад æмæ барадхъахъхъæнæн архайд, ахуырад, зонад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнын.

Хæрдзты хайы ивындзинæдтæ хынцгæйæ, бюджетон дефицит у иу миллиард сомы. Дефициты финанс кæныны гуырæнтæ сты 2019 азы 1 январмæ паддзахадон бюджеты фæрæзты хыгъдты уавæрмæ гæсгæ фæрæзты базза-йæццæгтæ. 2019 азы РХИ-йы Паддзахадон бюджеты хæрдзты иумæйаг суммæ ног редакцийы уыдзæн 9 819 242, 02 мин сомы.

Ацы фарсты фæдыл хатдзæгтæ сарæзта Бюджет  æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ. Уый банысан кодта закъоны проекты райсыны æнæмæнгхъæуын-дзинад.

Депуттатæ æмхъæлæсæй райстой закъоны проект.

РХИ-йы Парламенты Регламент æмæ уагæвæрдтæм гæсгæ, афтæ ма РХИ-йы Парламенты Национ политикæ, ахуырад, зонад, культурæ, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл комитеты реорганизацийы тыххæй æркæсынмæ æрбавдыст æрцыдысты Парламенты Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон-информацион фæрæзты фæдыл комитет æмæ Ахуырад æмæ зонады фæдыл комитеты уагæвæрдтæ сфидар кæныны фарстытæ. Фарстытæ æркæсынмæ рахастой профилон комитетты сæрдæрттæ Диакъонты Амиран æмæ Уырыгаты Инал.

Депутаттæ уагæвæрдтæ райстой æмхъæлæсæй.

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза уынаффæ кæнынмæ рахаста РХИ-йы Парламенты æмæ УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы æмгуыстады фæдыл æдзух архайæг къамис сразыны тыххæй фарст. 2008 азы 6 сентябры Æхсæнпарламентон æмгуыстады тыххæй Сраздзинады 6-æм æмæ 7-æм статьятæм гæсгæ фидар æрцыд къамисы сконд, кæцымæ хаст æрцыдысты: Дриаты Заза, Джиоты Еленæ, Диакъонты Амиран, Плиты Александр, Æлборты Алан, Тъехты Алан æмæ Габатты Алан.

Депуаттæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой къамисы сконд.

Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Диакъонты Амиран уынаффæ кæнынмæ рахаста Паддзахадон Думæмæ æмæ УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советмæ РХИ-йы Парламенты сидты тыххæй фарст 1920 хуссар ирæтты геноцид банымайны тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарст РХИ-йы Парламенты куысты боны фæткæй ист никуы æрцыд, æмæ уыцы трагикон цауты сæдæ азы сæххæсты размæ та хъæуы ацы здæхты куыст фæактивондæр кæнын.

Диакъонты Амиран фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы фарстыл карзæй уынаффæ цыд профилон комитетты рабадтыты, эксперттæ æрбакæнгæйæ. Уыдон бакуыстой сидты дыууæ вариантыл, кæцытæм хъæуы æркæсын, æмæ кæройнаг текст æвæстиатæй  æмбæлон структурæтæм арвитын.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан зæрдыл æрлуæууын кодта, зæгъгæ, дзырд нæ цæуы варианттæй искæцыйы равзарыны тыххæй. Уыдон хъæуы баиу кæнын, иу текст иннæ текстæй баххæст кæнын. «Абон депутаттæй домдæуы сидты тыххæй принципиалон уынаффæ райсын. Текст йæхæдæг 22 июлы хъуамæ уа цæттæ æмæ æрвыст æрцæуа УФ-йы æппæт хицауадон структурæтæм», – загъта спикер. Ацы хъуыдыйыл сразы ис Парламенты Сæрдары хæдивæг Плиты Александр.

Депуттатæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы фæндоныл.

Кæронбæттæны сессийы депутаттæ райстой сæрдыгон улæфтыты фæдыл уынаффæ. РХИ-йы Парламенты улæфтытæ уыдзысты ацы азы 20 июлæй 2 сентябрмæ.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон упралвени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.