Спутникы пресс-центры æрвылкъуырион брифингы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария информацион фæрæзтæн радзырдта, Дзæуджыхъæуы газет «Рæстдзинад»-ыл 95 азы сæххæсты сæраппонд цы æхсæнадæмон конференци уагъд æрцыд – «Национ мыхуыры нырыккон уавæр æмæ  йæ рæзты перспективæтæ», зæгъгæ, уый фæдыл. «Йæ  куысты хайад райста хуссарирыстойнаг делегаци дæр, кæцыйы сконды уыдысты ХИПУ-йы ахуыргæнджыты иу къорд, Фысджыты цæдисы, мыхуыры фадыджы бæрнон кусджытæ. Мадзалмæ ма хуынд æрцыдысты Кæсæг-Балхъар, Цæ-цæн, Ставрополы крайы журналисттæ æмæ редактортæ. Зонадон конференци уагъта Якутийы республикæйы минæвар, модератор та уыд медиа-къорд «Ситим»-ы Генералон директор Христофорова Мария.

Фыццаг цæгатирыстойнаг ирон газет «Рæстдзинад»-æн арфæ ракæныны фæстæ йæ кусджытæ банысан кодтой, ацы газет уал азы дæргъы йæ ном кæй никуы аивта. Уымæй дарддæр сæрыстырæй хæссы рæстагæй йæ ном.  Фæндон бахастой, цæмæй хаст æрцæуа Гиннесы рекордты чиныгмæ. Хъотайты Мария куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, национ мыхуыры проблемæтыл дзырд куы цыд, уæд раныхасгæнджытæ дзырдтой, популярон интернетресурсты, социалон хызæгты цур газеткæсджыты нымæц бæрæг кæй къаддæр кæны, уыимæ периодикон рауагъдадты тираж дæр кæй къаддæр кæны. Конференцийы хайадисджытæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ уый бæрæг у алы ран дæр. Цæвиттонæн, газет «Рæстдзинад»-æн раздæр кæд йæ тираж 60 мин уыд, уæд ныр та у 6 мины.

Комитеты сæрдар ма куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы территорийыл газетрафысджытæн  æнæмбаргæ ахаст ис «Почта России»-имæ, уымæн æмæ ацы организаци стыр проценттæ исы газет рафысджыты фæрæзтæй. Сæргай уæйгæнгæйæ газеты аргъ у къаддæр æмæ газеткæсджытæ нæ разы кæнынц зынаргъæй газет рафыссыныл. Уыцы-иу рæстæджы информаци рæстæгыл бакæсæн ис æндæр информацион ресурстыл.

Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны газет рафыссыны хъуыддагмæ цымыдис кодтой мадзалы хайадисджытæ. Махæн ис иу проблемæ, уый у постхæсджыты ныллæг куыстмыздтæ. Дзырд ма цыд ирон æвзаджы журналистты кадавардзинадыл.

Цæгатирыстойнаг коллегæты ныхæстæм гæсгæ, ирон æвзагыл газеткæсджытæн сæ  фылдæр сты районты цæрджытæ. Уырдыгæй сты, ирон æвзагыл чи фыссынц, уыцы журналистты зынгæ хай дæр. Хуссарирыстойнаг фарсæн баныфс æвæрдтой, йæ хъысмæт ирон газетимæ чи бæтты, уыдонæн коммерцион бындурыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты ахуыр кæнынæн бынæттæ.

Хъотайты Мария ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ газет «Рæстдзинад»-ы редактор Битарты Маринæ фæндон бахаста, хуссарирыстойнаг фарсимæ иумиаг конференцитæ æмæ газетты проблемæтыл уынаффæ кæныны нысанæн арæх фембæлдтытæ организаци кæнын. Ахæм фембæлд уагъд æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны, зонгæ кæндзысты нæ газеты куыст æмæ архайдимæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хуссар-ирыстойнаг фарс юбилеймæ афтид армæй нæ ацыд, бакодтой сын зæрдылдарæн лæвар.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.