Цæгат Ирыстоны нырыккон журналистикæйы историйы цæдисæн фыццаг хатт уыд дзуаппдæттæн-æвзарæн конференци. Йæ нысан уыд дзуапп раттын фондз азы æнтыстытæ æмæ къуыхцыты, стæй фидæны пълæнтты тыххæй. Конференцийы архайдтой цæдисы уæнгтæ, стæй журналистикæйæ йæ фæндаг чи райдыдта, уыцы ахуыргæндтæ æмæ æхсæнадон архайджытæ.

Цæдис сног кодта йæ куыст

  Паддзахадон телерадиокомпанийы директор Хъуысаты Тимур Журналистты цæдисы сæргъы æрлæууыд фондз азы размæ. Уый ранымадта, уал азы цæдисы ногæй цы æрцыд арæзт, уый. Уыдон сты: «Цæгат Ирыстоны сгуыхт журналист»-ы ном скæнын; алыхуызон конкурстæ уадзын; дзыллон фæрæзты минæвæртты нырыккон техникæйæ ифтонг кæнын;  журналистикæйы факультеты студенттимæ æмгуыст кæнын æмæ сæ куысты фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнын æмæ бирæ æндæртæ. Хъуысайы фырт куыд загъта, афтæмæй цæдисмæ ис бирæ фæндтæ, бирæ ногдзинæдтæ сæ фæнды бахæссын журналистикæйы къабазмæ. Сæ сæйрагдæртæ сты Уæрæсейы Журналистты цæдисимæ, стæй Мыхуыры комитетимæ æмгуыст кæнын, иумæйаг проекттæ царды уадзын æмæ бирæ æндæртæ.  Куыд ма загъта, афтæмæй нырыккон журналистикæйæн уæвæн нæй æнæ интернет, æнæ блогертæ. Уыдон ныртæккæ æххæст кæнынц ацы къабазы стыр хай. Куыд ма банысан кодта, афтæмæй нырæй фæстæмæ цæдисмæ бацæуыны тыххæй  хъæудзæн фиддон (взнос) бахæссын 500 сомы.

Журналисты куыст стыр бæрндзинад кæй домы æмæ йæ нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзтæ аккагæй кæй æххæст кæнынц, ууыл дзырдтой газет «Словойы» раздæры сæйраг редактор, ныртæккæ политик Токаты Людмилæ, «Рæстдзинад»-ы раздæры кусæг, ныртæккæ ахуыргонд Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ иннæтæ.

Дзуаппон доклады фæстæ конференцийы архайджытæ рахызтысты æвзарæн хаймæ æмæ, схъæлæс кæнгæйæ, æмхуызонæй рахæцыдысты Хъуысаты Тимуры кандидатурæйы æвварс. Афтæмæй Хъуысайы фырт ногæй фондз азы æмгъуыдмæ æвзæрст æрцыд Уæрæсейы Журналистты регионалон хайады сæрдарæй. Йæ хæдивæг дæр раздæрау уыдзæн Хацырты Еленæ. Æвзæрст ма æрцыд цæдисы куыст бæрæггæнæг контролон-ревизион къамис æмæ фидæны алыхуызон конкурстæ уадзыны тыххæй жюри.

Уыцы бон ма республикæйы хуыздæр журналисттæ хорзæхджын æрцыдысты Арфæйы фыстæджытæ æмæ Кады грамотæтæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.