Кæд уæззау, хæстон дуг фæцис æмæ сабыр царды аныгъуылдыстæм, уæддæр уыцы дуг йемæ цы зианхæссæг фæзындтытæ æрхаста, уыдонæн сæ фæстиуджытæ абон дæр сæхи зонын кæнынц æмæ мæгуырауæрдæм æндавынц, сæйраджыдæр, фæсивæды моралон-психикон уавæрыл, се ‘нæниздзинадыл. Уыцы мæгуырау фæзындтæм хауынц фыд нозт кæнын æмæ наркомани дæр.

Кæд нозт кæнынæн раздæр дæр бынат уыдис не ‘хсæнады, уæддæр дзы, стæмтæй дарддæр, зыдтой бæрц. Наркомани нæм æрæджы фæзынд æмæ  катайы ныппæрста алы растхъуыдыгæнæг адæймаджы дæр. Уымæн æмæ нæ фæсивæдæй бирæтæ бахаудтой нозт æмæ наркоманийы уацары, уыцы нымæцы æвзонг чызджытæй дæр. Æмæ уыдоны дзæмбытæм чи бахауы, уый та йæ бинонтыл, йæ сомбоныл нал фæхъуыды кæны. Цал æмæ цал хатты фенæн вæййы ахæм цаутæн фæсвæд бынæтты æвзонг лæппутæ къордгæйттæй куы бамбырд вæййынц, сæ разы чысыл цыдæр хæринæгтæ, афтæмæй кæрæдзимæ куы фæхатынц карз нозтæй. Ахæм ныв фенгæйæ, фæриссы адæймаджы зæрдæ. Цæмæн хъуамæ æрхауой ахæм уавæрмæ, абон нын афтæ зынаргъ æмæ бæрцыл чи сты, уыцы фæсивæдæй бирæтæ. Наркомани дæр ауагъта йæ уидæгтæ, йæ æндæвдады бын бирæ фæсивæд бахауынц æмæ нæ бон нал у йе скуынæг кæнын, уыдоны нымæцы органты кусджытæй дæр бирæтæ.

Нозтыл куы дзурæм, уæд йæ ныхмæ тохæн дæргъвæтин истори ис. Ис ахæм бæрæггæнæгтæ æмæ Китайы нæ эрæйы агъоммæ райст æрцыдис закъон, кæцымæ гæсгæ расыгъдæггæнджытæн хастой мæлæты тæрхон. Рагон Египеты та расыггæнджытæн хастой æгады тæрхæттæ æмæ сæ сырдтой сæ бæстæйæ. Индийы расыг кæнынæй зæрдæхсайгæ адæймæгтæн дардтой фыцгæ згъæр. Грецийы сæнæй ба-заргæнджыты арæх æфхæрдтой. Англисы æнусы æрдæджы дæргъы ра-сыггæнджыты, æфсондз сæ бæрзæйыл, афтæмæй сæ кодтой уынгты æмæ сæ ахæм хуызы адæмы раз æфхæрдтой. Дыккаг хатт куы банызтаиккой, уæд та сын хастой мæлæты тæрхон. Римы нуазыны бар уыдис æрмæстдæр, 30 азы кæуыл æххæст кодта, уыцы нæлгоймæгтæн, уыдонæн дæр расыг кæныны бар нæ уыд.

Æвæццæгæн, абон нозтдзуан чи кæны æмæ йæ бинонты масты хай чи бакæны, стæй канд бинонты нæ, фæлæ æхсæнадон бынæтты, уынгты дæр фæтк чи халы, уыдоны бинонтæ æнæмæнг бабæлликкой, цæмæй нæ закъæттæ дæр фæкарздæр уой. Раст у, дуг куыд ивы, афтæ йемæ хæссы хорздзинæдтæ æмæ æвзæрдзинæдтæ дæр. Чизоны уыдоны аххос дæр нæу. Нæлгоймаг тыхæй тыхджындæр у, мастæн та – æдыхдæр. Фæсхæст нæ адæмæй бирæтæн куыст нал уыд. Сæхи, сæ би-нонты цæмæй фæдарой, ууыл сагъæс сын æнцойад нæ лæвæрдта. Алчи фердæхтджын нæу, алчи не ‘рæхсы ба-заргæнæджы хъуыддагмæ дæр. Ахæм уæззау дуджы бирæтæ, сæ маст фæкъаддæр кæныны тыххæй, удæхцондзинад агурынц нозты. О, фæлæ нæлгоймаг уæддæр цыфæнды зындзинæдтæ дæр хъуамæ йæ уæхсчытыл хæссын фæраза. Дæ маст нозтæй ныннымæг кæныныл ма хъуамæ хъуыды кæнай, фæлæ агурын хъæуы мадзæлттæ уавæрæй рахизынæн, уыдон та дард не сты, бирæ хъуыды сын нæ хъæуы. Алкæмæн нæй зæрдæйы фæндиаг куыст, стыр къæлæтджын. Акæсæм  ма нæ алыварс, алы ‘рдыгæй нæ фыдæлты уæзгуытæ, нæ быдыртæ скъутæр сты æгуыстæй. Куыстæй та адæймаг мæлгæ нæ кæны, фæлæ йын кæддæриддæр номгæнæг уыд. Æмæ бафæлвар. Бакус дæхи æмæ дæ бинонты фаг продукт зымæгваг æркæныныл. Раст у, зын у зæххы куыст кæнын, зын у арæзтæдты кусын дæр, бирæ тых домынц. Фæлæ сæ уæдæ куыд куыстой раздæры адæм, куыд истой уыцы куыстытæй æхцондзинад? Æви нæ астæу нал тасы æмæ абон арæм алыгъуызон æфсæнттæ, зæгъгæ, куыст мын нæй æмæ цы фæуон. Æвæццæгæн, афон у нæ уавæрыл ахъуыды кæнынæн.

Дуджы фæивдимæ бирæ фæцагъды ис нæ адæмæй знаджы къухæй, уыдоны номхыгъды наркомани æмæ нозты азарæй дæр. Уымæй мах ноджыдæр аразæм знаджы къух. Дон ын уадзæм йæ куыройы нукмæ нæхæдæг. Æмбарæм, сæ дыууæ дæр низ сты, хъæуы сын схос кæнын. Сæ уацары бахауджытæн фæзын вæййы сæ уыцы уавæрæй рахизын, сæхи дзы атонын. Уымæ гæсгæ нæ хæс у сæ фарсмæ балæууын. Дзыхы  дзырдæй дæр сыл бандавын. Ам та хъуамæ ныййарджытимæ æмгуыст кæной æхсæнад дæр, æмæ сæйраджы сæйраг та, уæлдай хъусдард хъæуы аздахын паддзахады. Афон у карз нозтгæнджыты  æфхæрын. Раздæр ахæмты ахстой æмæ-иу сæ бакодтой сæрмагонд æрвонггæнæндоны. Абон, карз нозтгæнджыты нымæц куы сырæзт, уæд нæм уый дæр нал ис. Уæрæссейы дзырд цæуы, цæмæй сног кæной медæрвонггæнæндæтты архайд. Нозт кæнын хъæууон фæсивæды æхсæн кæй фæтынгдæр, уый та уæлдай хъыгаг у.

Йæ адæмы хæрзæбоныл чи хъуыды кæны, уымæн уæлдай ма хъуамæ уа сæ хъысмæт. Æрдзон æмæ хæстон фыдбылызтæ чи бавзæрстой, уыдоны рæн-хъытæ ацы æгъатыр фæзындты аххосæй ма хъуамæ къахыр кæной. Уый тыххæй ацы фæзындтыты ныхмæ хъæуы карз тох расидын, æмдыхæй растын. Афтæ куынæ бакæнæм, уæд рæсугъд сомбоныл хъуыдыгæнæн нæй. Уымæй дæр иу адæймаджы нæ, фæлæ нацийы. Уый тыххæй махмæ ис закъондæттынад, ис нæм фаг тыхтæ, цæмæй уавæр рараст уа. Афтæ куынæ бакæнæм, уæд нæ азымы дардзысты нæ фæстагæттæ, къæрцхъус кæй нæ разындыстæм, ницыуынæг, фаг ахадæн мадзæлттæ рæстæгыл кæй нæ истам, уый тыххæй.

Ирыстон хъуамæ цæра æмæ размæ цæуа æнæ наркотиктæй, æнæ тых-бахастытæй, æнæ нозтдзуангæнджытæй

Наркотиктæ æмæ психотропон буарадтæ чи парахат кæны, уыдон та хъуамæ бамбарой сæ фыдракæндон архайд. Уыдон хъуамæ бамбарой, фыдракæнд адæймагæн кæддæр йæхимæ кæй раздæхы, уæлдайдæр та сæ кæстæртæм.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.