Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады радон рабадт, цыран æркастæуыд Паддзахадон бюджетмæ ивындзинæдтæ бахæссын æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат «Дзулфыцæн комбинат»-æн кредит радтыны фæдыл паддзахадон гарантитæ адарддæр кæныны фарстатæм.

Финансты министр Хæбæлаты Азæ куыд банысан кодта, афтæмæй «2021 азы Паддзахадон бюджеты тыххæй» закъоны проектыл бакусын у 2021 азы 19 марты æмæ 2021 азы 19 апрелы Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн  социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты уынаффæ равдисыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй, Паддзахадон бюджеты хардзон хай сраст кæнын 2016 азы 5 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмызд Уæрæсейы фæрæзтæй фæбæрзонддæр кæныны фæтк æмæ уавæрты тыххæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн бадзырдтæ среализаци кæныны нысанæн, æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидæггагон хъуыддæгты хайады кусджыты материалон-техникон ифтонгад æмæ социалон гарантитæ фæд-фæдылонæй фæбæрзонддæр кæнынæн æмæ Мидæггагон хъуыддæгты Иумæйаг информацион-координацион центры архайды тыххæй.

2021 азы 19 марты Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты уынаффæмæ гæсгæ 2021 азæн Паддзахадон бюджеты æфтиагджын хай фылдæр кæны 963 453, 80 мин сомы «Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн, инвестицион характеры мадзæлттæй дарддæр, Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуыс»-ы статьямæ гæсгæ.

Фылдæр кæнынц Паддзахадон бюджеты æфтиæгтæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ бангы бафтыдты хайы ахыгъдæй æфтиæгты» статьямæ гæсгæ 3 659, 83 мин сомы фактон бафтыдтытæ хынцгæйæ 2021 азы 1-æм кварталы нысангонд статьяйы фæдыл.

«Хъæууон хæдзарады, фермерондзинады рæзты нысанæн абон мах æлхæнæм  хъæууонхæдзарадон бирæ техникæ, уый у тынг ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг æрмæст фермерон хæдзарадтæн нæ, фæлæ хисæрмагонд секторæн дæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Рабадты рæстæджы ма фидар æрцыд «Национ бангы паддзахадон гарантиты æмгъуыд адарддæр кæныны тыххæй» Хицауады Уынаффæйы проект дзулфыцæн комбинатæн кредит радтыны тыххæй.

Æмбарынгæнæн фыстæджы нысан æрцыд, «дзулфыцæн комбинаты уæззау финансон уавæры кæй ис æмæ йын фадæттæ кæй нæй раздæры кредиттæ æххæстæй фæстæмæ раздахынæн, уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæгыл нымад æрцæуæд  2023 азы 30 ноябрмæ паддзахадон гарантийы архайды æмгъуыд адарддæр кæнын.

Ацы фарсты фæдыл паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, снысангонд  æмгъуыдæй фæстæдæр паддзахадон гарантийы архайд мауал хъуамæ адарддæр уа.

«Фадæттæ хъуамæ агурæм, цæмæй 2023 азмæ кредиттæ фыст æрцæуой,  ацы бонæй паддзахадон гарантитæн адарддæргæнæн мауал хъуамæ уа», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент ма бахæс кодта Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы фæдыл комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Коцты Петрæн, цæмæй бакуса куыстуаты кредит бафидыны тыххæй фæндæттыл æмæ йæ майы кæронмæ бавдиса  Хицауады Аппаратмæ.

Паддзахады сæргълæууæджы хæслæвæрд сæххæст кæныныл контроль æвæрд æрцыд Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннадийыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.