Мах хуызæн никæй фесæфта ацы æнæхайыры коронавирус — нæма нæм æрхæццæ, афтæмæй, рæмпæг феста æмæ йе ‘рымысæджы рæуджыты скуысси уа!..

Арс цымы бын бадгæйæ куыд баззад, афтæ бадгæйæ баззадыстæм, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ… Цы? Нæ йæм æнхъæлмæ кæсæм?.. Куыднæ йæм æнхъæлмæ кæсæм — уæдæ нæ магазинты тæрхджытыл цы продукттæ лæзæрд, уæй кæнынæн чи нал бæззыд, уыдон цы фесты?.. Кæсæм æм æнхъæлмæ, куыднæ йæм кæсæм!.. Цард афтæ у — фыдбылызмæ дæр æнхъæлмæ кæсын хъæуы. Адæймаг мæлæтмæ дæр æнхъæлмæ кæсы, йæ фæсхъус кæд февзæрдзæн, уымæ.

Фæлæ… Ай диссаг нæу!.. Мæлæтмæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм, уымæн æмæ ныл æндæр бон нæй. Æрцæуинаг æнæмæнг цы уа, уымæ нын цынæ æнхъæлмæкæсæн и?.. Фæлæ, арсау цымы бын бадгæйæ, кæмæ æнхъæлмæ кæсæм, уый та цы у, цы мæрдтаг у, цæмæн æм æнхъæлмæ кæсæм, цы уынгæджы бон ныл ныккодта?..

Китайы, дам, фæзынд… Ныр та: Китай, дам, дзы фервæзт, фæлæ, дам, æнæхъæн дунейыл апырх, цæгъдæн, дам, кæны адæмы…

Оу, мæнæ царциаты диссæгтæ!..

Омæ афтæ нæ дзурут, тынг æнцонæй, дам, хæцы æмæ, дам, бирæгæйттæй иумæ лæууæн нæй, адæм, дам, хъуамæ массон æгъдауæй ма æмбырдтæ кæной, кæннод, дам, йе ‘рымысæджы тау-уидаг быныскъуыд суыдзысты… Ахæм диссаджы вирус æй хонынц, гъе — ирон адæм æмæ Ирыстоны знæгты хъуырыл ауыгъд æрцæуа!..

Æмæ, дам, дзы Китай фервæзт… Йæ хъæдты дæр бирæ бæстæты столицæтæй фылдæр адæм кæмæн ис, уыцы «массон» Китай… Фæлæ, дам, æндæр бæстæты, Къуцхаты уæйыгау, цæгъды, быныскъуыд кæны адæмы… Цард кæм ис, уым мæлæт дæр ис — мах æй не ‘рымысыдыстæм… Мæлдзысты адæм алы ран дæр, уæдæ цы кæндзысты… Нæ республикæйы цас адæм цæры, бирæ бæстæты алы минут дæр уый бæрц адæм (Хуыцау бахизæд) куы мæла, уæд æй хатгæ дæр нæ фæкæндзысты, исчи сæм амард, уый… Афтæмæй та махмæ дæр, бирæ хатт, адæймаджы зæрдæ фæцæй-скъуыйы телевизоры тæфæрфæстæм кæсгæйæ… Мæлынц адæм уæдæ цы кæнынц. Мардысты ныры онг дæр уæдæ цы кодтой, фæлæ сæ кой ничи кодта, ничи сæ æв-дыста. Уымæй дæр, «пандемийы тæккæ эпицентртæй» нæ æрвылбон тасы бын чи кæ-ны, уыцы информатортæ сæхæдæг заманайы хæрзхуыз сты, зыны сыл, тас сын кæй ницæмæй у.

Карантин, дам… Кусынц, æрмæстдæр хæлцадон продукттæ кæм уæй кæнынц, ахæм магазинтæ, фæндæгтыл уадзынц æр-мæстдæр продукттæ, хостæ чи ласы, ахæм транспортон фæрæзты. Æмæ цы хъауджы-дæр у? Мæгуыр лæгыл вирус фæнды шифер уæйгæнæгæй андæдзæд, фæнды печенитæ уæйгæнæгæй — цы уæлдай йын у?.. Ноджы æвдисынц, цалдæр раны сæдæгай, мингай адæймæгтæ мæлдзгуытау куыд змæлынц, куыд кусынц — æфсæддон госпитальтæ, дам, аразынц… Æмæ уыдонмæ карантин нæ хауы, уыдон хæдзæрттæй нæ рацæуынц æмæ хæдзæрттæм нæ бацæуынц?.. Кæнæ… Ви-русы тыххæй æфсæддон госпиталтæ аразын цæмæн хъæуы — корона-вирус Наполеоны æфсадæй у?..

Цы нæ фæнды — махæн цы нæ бон у, чи нæ фæрсы… Ныр нæ цъусгай райдыдта уырнын, кæмдæр стыр уынаффæдоны кæй рабадынц, мах кæй нæ уынæм æмæ кæй никуы фендзыстæм — адæймагады хъысмæт æцæгæй кæй къухы ис, ахæм чидæртæ æмæ уыдон кæй скъуыддзаг кæнынц зæххы къорийы хъысмæт… Сæхицæн куыд пайдадæр у, афтæ. Бафæнды сæ — хæст бандзарынц, куы нал сæ фæхъæуы, уæд æй ахуыссын кæнынц.

Нæу афтæ? Афтæ уыдзæн, уæдæ цы уыдзæн… Æнæхъæн паддзахадтæм куы ныббырсынц, уæд цæмæннæ бафæдзæх-сынц адæмы, ныр сæ хæдзæрттæй æддæмæ хизын куыд нал уадзынц, афтæ? Америкæ Иракмæ ныббырста æмæ йыл туджы зæйтæ рауагъта, фæлæ иракæгты афтæ ничи бафæ-дзæхста, уæ сывæллæтты америкæйаг бомбæтæй бахизут. Сирийы, Ливийы зæх-хæмвæз скодтой, фæлæ сæ ничи бафæ-дзæхста æнамонддзинадæй, иу мæтгæнæг сыл нæ разынд, ныр… Китайы чидæр æрыхснырста æмæ æнæхъæн зæххы къори фæдисы хæрæй нынкъуыст, нызмæлыд: арика, хъаймæт æрцыди æмæ хъæдзæртты бабырут, æддæмæ йæ къах дæр куыд ничи равæра, афтæ…

Æмæ зæххы къорийы цардмæ лæмбынæг ныккæсгæйæ бар-æнæбары ахъуыды кæндзынæ: æвæдза, адæмы цард, адæймагады хъысмæт Редьярд Киплингæй хуыздæр ничи ма равдыста, æрмæст Джунглиты цæрæг сырдты хуызы — алчи дæр сæ цæры, куыд ын хуыздæр у, афтæ, алкæй дæр хъæуы хæрын, æмæ хæры, кæуыл тых кæны, уый; тыхджындæры амæттаг свæййы, æдыхдæр чи у, уый. Афтæ уыд, афтæ у æмæ афтæ уыдзæн…

Ныр у æмæ… Мах та куыд æмæ цы хуызы фесæфта ацы æнæхайыры коронавирус, нырма йæм, арс цымы бын бадгæйæ куыд æнхъæлмæ каст, афтæ куы æнхъæлмæ кæсæм, уæд?

Фесæфта нæ, фесæфта… Гуырдзы нын августы хæсты нæ кой, нæ хъæстæ дæр хъуамæ фесæфтаиккой, фæлæ нæ уыцы хæст афтæ тынг нæ ныхъусын кодта нæхимæ, ныр куыд фестæм зæрдæдзурæнты, ныр куыд ныррыгъдыстæм æмæ нымпылдыстæм… Августы хæсты нæ йæ фæстаг кæрдзыны къæбæрмæ февналын никæй цæст уарзта: цынæ вæййы, уæд та йæ сыхаг уымæй тынгдæр фæтыхст, уæд та искæй сывæллæттæн æххормаг у…

Ныр та?.. Адæм иууылдæр кæрæдзи кæм зонынц, кæрæдзийæн хион кæм баххæссынц, уыцы армыдзаг горæты хуымæтæджы медицинон спирты авджы аргъмæ дæр фондз-дæс хатты кæм æфтауынц, æртæ сомы аргъ маскæ фæндзай-æвдай соммæ кæм сыскъæрдтой, сыгъдæг гебрицидæй æрзайгæ дæнгæл лимон туджы аргъмæ кæм уæй кæнынц, уымæн æндæр цы схонæн ис?..

Науæд иннæтæ, чи сын сæ æлхæны, уыдон… Цы кодтам, цы ныл æрцыд, цы нæ сæрра кодта, хорз адæм? Фæрсын, фæндзай-æвдай сомы аргъ маскæтыл чи хæлæф кæны, уыдоны: цы сæ кæнут, цы хæрæджы дымæгæн уæ бахъуыдысты? Кæд æцæгæй ис ахæм вирус æмæ ахæм цъаммар низ у, уæд уын маскæтæ цы баххуыс кæндзысты?.. Афтæ нæ дзурут, дохтыртæ дæр дзы мæ-лынц? Æмæ уæдæ чи амард, уыцы дохтыртыл маскæтæ нæ уыд, уыдон цæмæн амардысты?..

Науæд… Карантин, дам, у æмæ торне кæрдзын æрбахæссынмæ дæр цæуынц, туджы аргъæй кæй æлхæнынц, ахæм маскæты. Фæлæ диссаг: торне чи кæны, уый æхца исы хыссæйæдзаг къухтæй, кæд æй алчи дæр зоны, æхцайæ чъизидæр ницы ис, уæддæр. Бон-изæрмæ хыссæйæдзаг къухтæй æхцаимæ дæр архайынц æмæ хыссæимæ дæр. Æмæ сын ничи ницы дзуры — нæ дæр, карантин æххæст кæнын чи домы, уыдонæй, нæ дæр, маскæтæ туджы аргъæй чи æлхæны æмæ сæ хуысгæуаты дæр чи дары, уыдонæй…

Еусар æмæ еудодойы йедтæмæ адæймаг ницыуал хъусы. Фæйнæрдыгæй кæуынц, тъизынц æмæ фæдисы дзæнгæрджытæ цæгъдынц: лимон туджы аргъ, имбир — ноджы зынаргъдæр, æмæ афтæ дарддæр… Кæддæр иу дохтыр Бырытъатаг рынчын лæгæн амоны, нуры хæр, нуры хорз у, зæгъ-гæ. Рынчын æм йæ цæстытæ уыцы тæригъæддаг зылд скодта æмæ йын афтæ зæгъы: «Де ‘гæрылæй, кæд нуры адæймаджы мæрдтæй здахы, уæд дзы Сталинæн цæуылнæ арвыстат, уыцы дзæбæх лæджы мæлын цæмæн бауагътат?». Цавæр имбир æмæ лимон у, цы уынгæджы бон уыл ныккодта, цæмæн уæ бахъуыдысты?.. Науæд уын кæй аххос у, зынаргъ кæй сты, уый? Кæд уæ фæнды, цæмæй асламдæр уой, уæд иу бон уæхи бауромут, ма сын дзы балхæнут æмæ уын сæ дыккаг бон æрдæг аргъыл тыххæй хъардзысты. Иу бон! Дыууæ боны дæр фестæд — ницы уын уыдзæн. Хъороты Агор имбир æмæ лимон цы сты, уый зонгæ дæр нæ колта, фæлæ 156 азы фæцарди…

Хуыцау нæ бахизæд, фæлæ ахæм исты æнамонддзинад куы ‘рцæуа, уæд нын иумæйаг æнамонддзинад нæ уыдзæн? Уæдæ ирон лæг йæ фарсмæ цæрæг ирон лæгы æнамонддзинадæй æхца куыд хъуамæ куса?.. Уый ма цæй цард у, уый мах хуызæн адæмæн бæстысæфт у! Кæд исты, уæддæр ма удæгасæй чи баззайа, уыдоны цæстытæм цы цæсгомæй кæсдзысты æмæ сæ дзуæрт-тыл сæхи цы зæрдæйæ фæдзæхсдзысты, фыдбылызы къæсæрыл йæ туг йе стæг адæмы рацъон бирæгъы стъыгъд чи кæны, уыцы адæм?

Дунесфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцау, Ирыстон æмæ ирон адæм дæ фæдзæхст!

Гæбæраты Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.