Андиаты Сосланы райгуырдыл æххæст кæны 65 азы

Советон Цæдисы спорты мастер, йæ рæстæджы тыхгæнæг тых кæмæн нæ ардта, уыцы зындгонд ирон богал Андиаты Сосланы райгуырдыл райсом æххæст кæны 65 азы. Уый райгуырд 1952 азы 21 апрелы Дзæуджыхъæуы. Йæ фыд Петр Ахмæты фырт, йæ уæз 135 кг. кæмæн уыд æмæ йæ бæрзæнд та 2 метр æмæ 18 см, уарзта хъæбысхæсты спорт. Сосланмæ уыдысты æппæт миниуджытæ дæр, цæмæй суыдаид дунеон къласы хъæбысæйхæцæг: бæрзонд, рæхснæг, тыхджын æмæ сæйраджыдæр та хъуыдыджын. 17 -аздзыдæй Сослан рамбылдта бæстæйы чемпионат, æмæ уый фæстæ та ссис æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпион. Сосланæн йæ бæрзæнд у 1м æмæ 98 см. æмæ йæ уæз та уыд 112 кг.

2000 азы Цæгат Ирыстоны спортыл чи фыста, уыцы журналистты инициативæйæ ауагъд æрцыд цæрджыты æрфарст, цæмæй сбæлвырд уыдаид XX-æм æнусы Ирыстоны хуыздæр спортсмен. Æмæ æнхъæлмæ кæсæн куыд уыд, афтæмæй хуыздæр спортсменыл нымад æрцыд Андиаты Сослан, кæд æмæ уыцы рæстæгмæ Ирыстонæн уыдис Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты æртæ уæлахиздзауы æмæ дунейы бирæ хæттыты чемпионтæ, уæддæр. Æмæ уыцы зындгонд спортсментæ дæр спортуарзджыты равзæрст банымадтой растыл.

Æмæ æцæгæйдæр, Олимпион хъæзтыты (Монреаль-76 æмæ Мæскуы-80 азы) дыууæ уæлахизы, дунейы чемпионатты 4 сыгъзæрин майданы, Советон Цæдисы чемпионатты 7 уæлахизæй дарддæр ма Сосланы активы уыдысты Европæйы чемпионатты, Дунейы кубокты, Советон Цæдис æмæ Уæрæсейы адæмты спартакиадæты къорд уæлахизы. Уыимæ ма Сослан уыд Ирыстоны Олимпиа-дæйы бæрзæндты фыццаг басæттæг. Æмæ æрмæст уыдон нæ. Уый уæгъдибар хъæбысхæсты уæззау уæзты тохмæ бахаста ног эстетикæ. Бæрзонд, рæхснæг, кæцы йæ æддаг бакастай нæ уыд уæззау уæзы хъæбысæйхæцæджы хуызæн, хистæр кары спортсменты ‘хсæн 1973 азы Тегераны уагъдцæуæг дунейы чемпионаты Сослан егъау тæлмæнтæ ныууагъта спортуарзджыты зæр-дæты.

Уый гауызыл æрмæст хæцгæ нæ кодта, фæлæ ма спортуарзджытæн æхцондзинад хаста йæ диссаджы архайдæй. Андиаты Сослан йæ ныхмæлæуджытыл куыд æнцонтæй æмæ аивæй уæлахиз кодта, уымæй дисы æппæрста уæгъдибар хъæбысхæсты специалисттæ æмæ спортуарзджыты бирæнымæц аудиторийы. Уæззау уæзы йæ размæ ахæм техникæимæ ничи уыд. Фанатикон æгъдауæй хъæбысхæст чи уарзы, уыцы ирайнæгтæ-иу ын лæугæйæ хъæр кодтой йæ ном æмæ-иу ын тыхджын къухæмдзæгъд кодтой.

Спортуарзджыты зæрдæтæ æлхæдта йæ тактикондзинад, æрдзон зæрдæскъæфдзинад, йæ уагахасты культурæйæ. Сослан алыхатт дæр кад кодта йæ ныхмæлæууæгæн, æмæ нымадта æрмæстдæр раст, уагæвæрды фæлгæтты тох. Уый тыххæй йæ уарзтой спортуарзджытæ æмæ йын кад кодтой йæ ныхмæлæуджытæ. 1970-1980 азты йæ ныхмæлæуджытæй иууыл тыхджындæр Салман Хасимиков дзырдта, зæгъгæ, цæмæй Сосланы исчи рамбылдтаид, уый уыд диссаг, фæлæ йын йæ ныхмæлæуджытæ куы æмбылды кодтой, уый дæр худинагыл нæ нымадтой. «Æз ныры онг дæр сæрыстыр дæн йемæ хæлар кæй дæн, уымæй».

1970 азы Советон Цæдисы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Юрий Шахмурадов йæ мысинæгты дзуры, зæгъгæ, Сосланæн йæхи уæз кæд æрмæстдæр 112 кг уыд, уæддæр уый æвиппайды йæ сæрты фехста йæ уæз 220 кг кæмæн уыд, уыцы америкæйаг богал Крис Тейлоры 15 мин спортуарзæджы цæстыты раз. Ацы хъуыддаг æрцыд дунейы Кубокы америкæйаг горæт Толидойы. Рахызтысты гауызмæ… Сосланæн фæтарстыстæм. Тейлоры раз лæууыд, куыд стыр къæдзæхы раз, афтæ. Фæлæ иу цъус рæстæджы фæстæ «Хох» сындæггай æрхаудта гауызмæ.

Бирæ зындгонд спортсментæ æмæ спортивон архайджытæ Андиайы фырты хуыдтой уæгъдибар хъæбысхæсты рæсугъддзинад.

Спорты ацы хуызы равзæрст Сосланæн йæ райдайæны равзæрстой йæ хистæр æфсымæртæ Геннади æмæ Сергей. Æмæ сæ фыд Петр Ахмæты фыртæн дæр, кæцы йе ‘взонджы рæстæджы уыд тыхджын атлет, æхсызгон уыд йæ фыртты хъæбысхæсты гауызыл уынын. Сослан амондджын уыд тренерæй дæр. Уый ссис зындгонд тренер Дзгойты Асланбеджы хъомылгæнинаг. Дзгойы фыртмæ тренировкæ кодта йæ хистæр æфсымæр Геннади дæр. Рæстæг куыд фенын кодта, афтæмæй Сослан æрмæст йæ тренеры уарзон хъомылгæнинаг не ссис, фæлæ ма Асланбег Захары фырты идеятæ царды ныбиноныггæнæг дæр. Уымæн æй хуыдтой хъæбысхæсты эталон æппæт дунейы зындгонд специалисттæ. Уый ссис цæвиттойнаг мингай лæппутæн. Абон дæр ма сæ сывæллæттæ хъæбысхæстæй кæцы фыдтæн архайынц, уыдонæй бирæтæ цæвиттонæн фæхæссынц Андиаты Сосланы.

Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Таймæзты Артур загъта, зæгъгæ, гыццыл лæппу куы уыд, уæд бæллыд Андиаты Сосланы хуызæн суæвынмæ. Куыд амондджын уыдтæн, турниры кæй фæуæлахиз дæн, уый тыххæй мын Сослан йæхæдæг приз кæй радта, уый тыххæй». Уый абоны онг дæр Андиайы фырты нымайы табу кæмæн кæны, ахæм адæймагыл. Спорты уыйас уæлахизтæ йæ къухты бафтгæйæ, уæгъдибар хъæбысхæсты ирон скъолайы кад дунейы æппæт континентæм хæссгæйæ, Сослан æнæпаузæтæй рахызт ног архайдмæ. Экономикон зонæдты кандидаты ном бахъахъхъæнгæйæ, уымæн уæддæр бирæ рæстæджы дæргъы йæ бон не ссис æнæ спортæй цæрын æмæ бæстæйæн иууыл зындæр рæстæджыты слæууыд Цæгат Ирыстоны спорты паддзахадон комитеты сæргъ.

Уыцы уæззау рæстæджыты æвзонг къухдариуæггæнæгæн йæ бон ссис Ирыстоны спортивон скъолатæ бахъахъхъæнын æмæ уымæй сифтонг кодта ирон хъæбысæйхæцджыты, штангистты, гимнастты, футболистты фидæны стыр æнтыстытæ. Йæ къухдариуæгады рæстæджы фæзындысты спорты ног хуызтæ, куыд тхэквандо, кик-боксинг, ушу, сумо… Уый стыр лæггæдтæ бакота æмæ йе стыр хайбавæрд бахаста Хуссар Ирыстоны спортивон царды рæзты хъуыддагмæ дæр. Мæнæ цы дзурынц уый тыххæй йæ хуссарирыстойнаг хæлæрттæ.

Джиоты Руфин, Спорты фарстаты фæдыл РХИ-йы Президенты æххуысгæнæг: «Сосланимæ рагæй зонгæ дæн, рагæй фæстæмæ цæрæм хæларæй. Æвæццæгæн, дыууæ Ирыстоны дæр стæмтæ разындзысты ахæмтæ, кæцытæ нæ фехъуыстой Андиаты Сосланы сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уый Хуссар Ирыстонæн йæ уæззау рæстæджы бакодта æгæрон лæггæдтæ спорты размæцыды хъуыддаджы. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ уый куыстмызд кæй фыста хуссарирыстойнаг тренертæн, цæмæй скъолатæ сæ куыст дарддæр кодтаиккой. Хъуыды кæнын уый дæр æмæ иу хатт хуссарирыстойнаг тренертæн æрмæст иурæстæгон æххуыс бакодта 20 мин сомы. Уæды барæнтæм гæсгæ уый уыд егъау суммæ, егъау æххуыс. Æрласта-иу спортивон инвентарь дæр. Тынг хæларæй цард уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны спорткомитеты сæргълæууæг Хъуылымбегты Барисимæ (абон дзæнæттаг). Зæгъæн ис афтæ, æмæ йæ хæрзиуæгон архайды руаджы Хуссар Ирыстоны спорткомитет де-факто кæй ссис Цæгат Ирыстоны спорткомитеты филиал. Хуссар Ирыстоны вазыгджындæр политикон æмæ экономикон уавæрмæ нæкæсгæйæ, спортивон аренæйы бæрзæндтæм схызтысты ахæм стъалытæ, куыд Богъиты Вадим, Лалыты æфсымæртæ, футболисттæ Тедеты Бахва, Джиоты Инал, боксертæ Зæгъойты Игорь æмæ Æлборты Игорь. Иннæ ахæм Сослан у тынг хæларзæрдæ æмæ адæмуарзаг. Зæрдæхæлардзинад ын æрдзæй радтгæ у. Иу дзырдæй, егъау сты Андиайы фырты лæггæдтæ Хуссар Ирыстоны адæмы раз».

Чилæхсаты Хъазбег, æхсæнадон архайæг: «Андиаты Сослан у Ирыстоны фарны лæг. Уый тынг бирæ сарæзта ирон скъолайы спорты рæзтæн. Хуссар Ирыстонæн уæззау рæстæджыты æрмæст тренертæн куыстмызд кæй фыста, уый дæр дзурæг у йæ диссаджы удыхъæды миниуджытыл. Мæнæн мæ бон зæгъын у афтæ, æмæ Ирыстоныл зæрдæйæ чи рыст æмæ риссы, дыууæ Ирыстоны баиу кæныныл  дзыхы  ныхæстæй  нæ,  фæлæ  хъуыддагæй чи архайдта, уыдон сты Хетæгкаты Хъазбег, Тæболты Сергей (дзæнæты бадинаг) æмæ Андиаты Сослан. Нæ зын уавæрты нæ фарсмæ чи уыд, уыдоны ма хъуамæ рох кæнæм. Сослан тынг бирæ уарзы Хуссар Ирыстоны. Æгæрыстæмæй-иу бирæ хатт дунеон ерыстæм дæр ацыд Хуссар Ирыстонæй. Куыд дзырдта, уымæ гæсгæ, зæгъ, Ирыстоны Хуссарæй куы ацæуын, уæд, дам, алыхатт дæр мæ къухты бафты уæлахиз. 1976 азы Монреалы Олимпиадæмæ дæр Хуссар Ирыстонæй ацыд, уæд цалдæр боны улæфыд Крозы лагеры. Андиаты Сосланы инициативæйæ фыццаг хатт спорты историйы, 1995 азы уагъд æрцыд æнусы матч уæгъдибар хъæбысхæстæй Ирыстон æмæ Дунейы æмбырдгонд командæты ‘хсæн. Матч рамбылдта Ирыстоны æмбырдгонд командæ 6:4 хыгъдæй. Афинты Олимпиадæйы рæстæджы дæр чысыл Ирыстон цы майдантæ рамбылдта, уыдон нымæцмæ гæсгæ, фæцис дунейы егъаудæр паддзахадтæй бирæты разæй. Сосланæн Хуссар Ирыстоны ис тынг бирæ хæлæрттæ æмæ-иу сæ арæх бабæрæг кодта æмæ ныр дæр бæрæг кæны. Æрцæуы мæ номыл æрвылаз дæр цы шахматты турнир уагъд фæцæуы, уырдæм дæр. Иу дзырдæй, Ирыстон хъуамæ сæрыстыр уа Сосланы хуызæн адæймæгтæй. Æнæуый дæр у тынг хуымæтæг æмæ хæларзæрдæ адæймаг, тыхст адæймаджы фæрсты нæ ахиздзæн. Хуссар Ирыстоны дæр хæсджын сты, цæмæй йын йæ юбилей уæрæхæй банысан кæной, æнæмæнгæй йын кад кæнын æмбæлы».

Абон Сослан Петры фырт лæууы РЦИ-Аланийы Парламенты иууыл вазыгджындæр комитеттæй сæ иу, Сæудæджерад, транспорт, бастдзинад æмæ амалиуæггæнджыты фæ-дыл комитеты сæргъ. Уый ма лæууыд Дзæуджыхъæуы Владимир Путины химæисæны сæргъ дæр. Уый та нысан кæны æмæ регулярон æгъдауæй кæй æмбæлд æмæ кæй æххæст кодта сæдæгай адæймæгты куырдиæттæ.

Сослан йæхæдæг куыд дзуры, афтæмæй-иу уыцы хуымæтæджы адæмæй искæй проб-лемæ аскъуыддзаг кæнын йæ къухты куы бафтыд, уæд-иу йæхи банкъардта амондджынæй. Ахæм у йæ характер, æххуысхъуаг адæмы фæрсты нæ ахиздзæн. Андиайы фырт популярон у адæмы ‘хсæн.  РЦИ-Аланийы Парламенты раздæры Сæрдар Хабыцты Ларисæ куыд загъта, уымæ гæсгæ, «Сослан никуы тырныдта цы фæнды аргъæй дæр хисæрмагонд пайдатæм. Уымæн намыс æмæ хуымæтæджы адæмы цыт сты иууыл ахсджиагдæр».

Андиаты Сослан у РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы сгуыхт тренер, физикон культурæйы сгуыхт кусæг, Адæмты хæлардзинады дыууæ ордены æмæ «Фæл-лойы Сырх тырысайы» ордены кавалер.

Райсом, 21-æм апрелы ирон адæмы уарзон, легендарон богал Андиаты Сослан Петры фыртыл æххæст кæны 65 азы. Ахæм бон арфæты цухдзинад нæ вæййы, уæлдай дæр та ахæм юбиляр, куыд ирон æмæ Советон спорты сæрыстырдзинад Андиаты Сослан.  Арфæ йын кæнæм, мах, хуссарирыстойнаг адæм. Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ. Уадз, дæ фæрнæйдзаг хæдзары дæ бирæ бинонты хсæн бирæ азты фæнысан кæнын дæ райгуырæн бон!

Уадз, сæххæст уæд йæ адресыл иууыл зæрдиагдæр арфæтæ!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.