Ивгъуыд ӕнусы зынгӕ ахуыргонд, cтыp иранист, ирон ӕвзаг зонадон ӕrъдауӕй ахуыр кӕныны бындурӕвӕрӕг, ирон адӕм ӕмӕ нӕ бӕстӕйы сӕрыстырдзинад Абайты Иваны фырт Васойы райгуырдыл 123 азы ӕххӕст кӕны.

Абайты Васойы цард ӕмӕ ахадгӕ зонадон куыст рӕзгӕ фӕлтӕрӕн иттӕг хорз цӕвиттойнаг сты, зонадæн куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл. Уымӕн йӕ царды фӕндӕгтӕм акӕсгӕйӕ, фидарӕй зӕгъӕн ис, зонады йын кӕй бантыст сrуыхтдзинад. Йе ‘нтыстыты, йӕ лӕгдзинӕдты ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕнyвыд лӕггады тыxxӕй Абайты Васойӕн йӕ ном ӕнӕмӕлгӕ сси йӕ удӕгасӕй.

Йӕ ном зындгонд у канд нӕ бӕстӕйы нӕ, фӕлӕ фӕсарӕнты дӕр, зындгонд у гуманитарон дисциплинӕты yӕpӕx дзыллӕтӕн. Фӕлӕ йӕ ном уӕлдай зынаргъдӕр у ирон адӕмӕн, уымӕн ӕмӕ йе ‘ппӕт сфӕлдыстадон тыхтӕ дӕр радта йӕ адӕмы культурӕ сахуыр кӕнын ӕмӕ дарддӕр рӕзын кӕнынӕн.

Абайты Васо йӕ царды фӕстаг азты йе ‘мкъай, музыкӕиртасӕг, Мӕскуыйы культурӕйы институты доцент Цxуырбаты Ксеняимӕ-иу арӕх ӕpцыдысты Хуссар Ирыстонмӕ, фембӕлдысты-иу облӕсты разамонджытимӕ, зонадон ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенциимӕ, зонадон-иртасӕн ӕмӕ паддзахадон педагогон институтты коллективтимӕ, студенттӕ ӕмӕ скъоладзаутимӕ, фӕллойгӕнджытимӕ. Йӕ фембӕлдтытӕ алы хатт дӕр уыдысты, зӕрдыл чи баззайа, ахӕмтӕ. Ӕз мӕхи амондджыныл нымайын, афтӕ ӕввахс ӕм кӕй уыдтӕн, уымӕй. Ӕмӕ ацы хъуыддаджы ӕз иунӕг нӕ дӕн. Зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын хъӕуы Джусойты Нафийы ныхӕстӕ: «Васойы ном феxъycгӕйӕ, алы ӕмбаргӕ ироны дӕр фӕнды ноджы уӕлдӕр слӕууын, цӕмӕй ацы ном дзура ӕнӕкъӕмдзӕстыгӕй, комкоммӕдӕр ахӕм монц у иууыл аккагдӕр зонад, ӕмӕ царды уый y, Васойӕн ӕппӕт адӕм кӕй аргъ кӕнынц, уый ӕвдисӕг».

Абайы-фырты зонадон цымыдисы арӕнтӕ уыдысты yӕрӕх: иранистикӕ, индоевроипеистикӕ, Кавказы тыxxӕй зонӕнтӕ, ӕвзагзонынады теоретикон къабӕзтӕ, этимологи, фольклористикӕ, литературӕзонынад, этнографи, ирӕтты этногенез ӕмӕ рагон историйы фарстытӕ.

Йӕ ном уӕлдай тынгдӕр сырӕзт иранистикӕйы фӕдыл йӕ бындурон куыстыты фӕрцы. Ацы фарсты Абайы-фырт аккагӕй дарддӕр кӕны ирон ӕвзагзонӕг корифейтӕ-академиктӕ Андрей Шегрен ӕмӕ Всеволод Миллеры традицитӕ, зӕгъӕн ис, бирӕ хъуыддӕгты фӕуӕлдӕр уыдонӕй. Кӕд ӕмӕ ирон ӕвзаг ах-уыр кӕныны хъуыддаджы XIX ӕнусӕн схонӕн ис Миллеры ӕнус, уӕд XX ӕнус та хъуамӕ хуыйна Абайы-фырты ӕнус.

Абайты Васойы ахӕм куыстытӕ, куыд «Ирон ӕвзаг ӕмӕ фольклор», «Нарты эпос», «Ирӕтты нарты эпос”, «Скифаг-европӕйaг хабӕрттӕ Ныгуылӕн ӕмӕ Скӕсӕны», «Ирон ӕвзаджы грамматикон очерк», «Уырыссаг-ирон дзырдуат» ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ бацыдысты нӕ бӕстӕйы наукӕйы хӕзнадонмӕ, стыр ӕвӕрӕн бахастой дунеон иранистикӕ рӕзын кӕнынмӕ. Ӕдӕппӕт та ныффыста 300 зонадон куыстӕй фылдӕр, уыдон мыхуыргонд ӕрцыдысты канд нӕ бæстӕйы (Мӕскуы, Ленинград, Дзӕуджыхъӕу, Цхинвал) нӕ, фӕлӕ бирӕ фӕсарӕйнаг зонадон центрты: Лондоны, Парижы, Берлины, Римы, Софияйы, Брюсселы, Будапешты, Копенгагены, Висбадены, АИШ-ы – англисаг, францаг, немыцаг, италиaг, венгриаг, болгайраг ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл. Профессор Исаты Мӕхӕмӕт рӕстагӕй куыд загъта, афтӕмӕй «ацы куыстытӕн ис ахӕм гуырахст, ӕмӕ ӕндӕр зонадон уагдоны уыдон сфӕлдисыны тыxxӕй бахъуыдаид цалдӕр адӕймаджы цард».

Ахуыргонды бирӕнымӕц бындурон иртасынадты ‘xсӕн сӕрмагонд бынат ис «Ирон ӕвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-ӕн. Уый у ирон адӕмы фондз томӕй арӕзт энциклопеди. Ацы чиныджы фыццаг ӕртӕ томы тыххӕй Абайы-фыртӕн 1983 азы лӕвӕрд ӕрцыд ССР Цӕдисы Паддзахадон преми.

Вaco канд зынгӕ лингвист нӕ уыд, фӕлӕ ма уыд стыр фольклорист, Нарты эпосы иууыл хуыздӕр иртасӕг. «Æвзагзонынад ӕмӕ фольклористикӕ, – фыста Исаты Мӕхӕмӕт, – уыдон сты, Абайты Васойы бындурон зонадон сфӕлдыстад кӕуыл лӕууы, ахӕм дыууӕ цӕджындзы. Aцы дыууӕ наукон фӕндаджы баиу сты ӕмӕ ахуыргонды сӕргъӕвтой нырыккон гуманитарон зонады бӕрзӕндтӕм».

Абайты Васо рӕстагӕй нымад цӕуы ирон адӕмы рагон истори ӕмӕ этнографийы фарстыты фӕдыл зынгӕдӕр ахуыргондыл. Уый йӕ филологон иртаcӕнты ноджыдӕр ма иу хатт сбӕлвырд кодта, зӕгъгӕ, ӕвзаг иууыл зынаргъдӕр историон гуырӕн у, фыссынад ӕрӕджы кӕмӕ фӕзынд, уыцы адӕмӕн – ирӕттӕн. Бирӕ рӕстӕг зонады быцӕу цыд, ирӕттӕн алантӕ-скифтӕ-сӕрмӕттимӕ цы бастдзинад уыд, уый тыxxӕй. Куыд сӕрмагонд лингвистикон проблемӕ, афтӕ, скифаг ӕвзаг сахуыр кӕнгӕйӕ, Васо кӕронмӕ сбӕлвырд кодта, скифаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтӕн иу лексикон бындур кӕй ис, уый. Ахуыргонд ӕрцыд мӕнӕ ахӕм хатдзӕгмӕ: «ӕппӕт ирайнаг ӕвзӕгтӕй скифаг ӕвзаг ӕввахсдӕр лӕууы ирон ӕвзагмӕ. Уыцы ӕввахсдзинад афтӕ ирдӕй зыны, ӕмӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ зӕгъӕм: скифаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтӕ сты иу ӕвзаджы райрӕзты дыууӕ къӕпхӕны».

Афтӕмӕй Абайы-фырт зонады сфидар кодта скифтӕ-сӕрмӕттӕ, алантӕ-ирӕтты этникон ӕмӕ историон-культурон иудзинады тыххӕй уагӕвӕрд. Якоб Грим дзырдта: «Не ‘взаr у нӕ истори дӕр». Уыцы хъуыдыимӕ разы уӕвгӕ-йӕ, Абайты Васо йӕ чиныг «Ирон ӕвзаг ӕмӕ фольклор»-ы фыссы: «Историон гуырӕн суӕвыны тыххӕй ӕвзаг йӕхӕдӕг хъуамӕ суа историйы дӕсныйад. Ӕвзаджы историйӕ — историйы ӕвзагмӕ — ахӕм у историк — лингвисты фӕндаг, ахӕм у йӕ иртасӕн куысты бӕлвырд логикӕ».

Ӕвзаджы ӕрмӕгмӕ ахӕм ахасты фӕрцы Абайы-фыртӕн йӕ бон бацис цалдӕр мин азы дӕргъы ирӕтты историйы иумӕйаг миниуджытӕ равдисын. Комкоммӕ ӕвзаджы зонӕнты фӕрцы базыдта ирӕтты ирайнаг ӕвзаджы фыдӕлты рагон райгуырӕн бӕстӕ, се змӕлды фӕндӕгтӕ, гуннтӕ ӕмӕ тӕтӕр-манголы ӕрбабырсты фӕстӕ сӕ историон хъысмӕттӕ, ныртӕккӕйы фӕзуатыл кӕд ӕрцардысты, уый. Ирон ӕвзаджы зонадон кусджыты раз цавӕрфӕнды фарстытӕ фӕзынӕд, уӕддӕр сын бӕлвырд дзуаппытӕ ссардзысты Абайты Васойы куыстыты. Уымӕ гӕсгӕ уымӕн йе сфӕлдыстадон бынтӕ цымыдисаг сты, куыд ӕвзагиртасджытӕ, фольклористтӕ ӕмӕ литературӕиртасджытӕн, афтӕ историктӕ, этнографтӕ ӕмӕ археологтӕн дӕр, уӕлдайдӕр та, ирон адӕмы раздӕры хъысмӕттӕ чи иртасы, уыдонӕн. Абайты Васойы куыстытӕн стыр нысаниуӕг ис ӕвзагиртасыны, Кавказ ахуыр кӕныны ӕмӕ литературӕиртасыны теори ӕмӕ методты къабазы дӕр.

Къамы Абайты Васо æмæ йе ‘мкъай Ксения газет «Советон Ирыстон»-ы кусджытимæ фембæлды фæстæ.  1980-æм азтæ

Абайы-фырты зонадон сгуыхтдзинӕдтӕн стыр кад кӕй ис, уый бӕрӕг у уымӕй дӕр, ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕвзӕрст ӕрцыд Азийы Къаролон ӕxсӕнады ӕцӕг уӕнгӕй Англисы, Хельсинкийы Финнаг-Угорон ӕxсӕнады уӕнг-уац-хӕссӕгӕй, ЦИПУ-йы кадджын профессорӕй. Нӕ бӕстӕйы йын йӕ  лӕггӕдты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыд Фӕллойы Сырх Тырысайы дыyyӕ opдены, Гуырдзыстоны ССР-йы, Цӕгат Ирыстоны АССР-йы ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайӕджы кадджын ном, сси ССР Цӕдисы Паддзахадон премийы лауреат. Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат ӕппӕты фыццаг сси Абайты Васо. Йӕ номыл фӕзынд Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Цхинвалы уынгтӕ, цыртдзӕвӕн ӕмӕ мемориалон музей Цхинвалы. Йӕ райгуырдыл 120 азы сӕххӕсты сӕрап-понд ахуыргонды цыртдзӕвӕн рӕхджы фӕзындзӕн Дзӕуджыхъӕуы.

Зындгонд иранист, профессор Б.В.Миллер (Всеволод Миллеры фырт) куыд фыста, афтӕмӕй «Абайты Васойы ӕппӕт куыстытӕ фыст сты рӕсугъд уырыссаг ӕвзагыл, ацы ӕвзаг уый зоны бирӕ уырыссаг лингвисттӕй хуыздӕр! Ӕмӕ уый диссаг нӕу! Уымӕн ӕмӕ уый у курдиатджын ирон адӕмы фырт. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕу-уын кӕнӕм, уырыссаг ӕвзаг иттӕг хорз чи зыдта, уыцы Xeтӕгкаты Къостайы!»

Ӕмӕ Абайы-фырт йӕхӕдӕг та куыд бирӕ уарзта Къостайы. Йӕ поэтикoн уац-мыстӕй бирӕты зыдта ӕнӕ кӕсгӕйӕ.

Васомӕ цы бӕллиццаг миниуджытӕ уыдис, уыдоны ӕмрӕнхъ зӕгъын хъӕуы, тынг хӕдӕфсарм адӕймаг кӕй уыд, уый тыххӕй дӕр. Ӕнӕуынон ын уыдысты карьеризм, цинтӕ ӕмӕ нӕмттӕм тырнын. Абайты Васомӕ зындгонд лингвист, Советон Цӕдисы Зонадты академийы уӕнг-уацхӕссӕг Ф.П.Филин фыста; «Ды дӕ ахӕм ӕвзагзонӕг, йӕ бон зӕгъын кӕмӕн у: «Ӕз мӕхицӕн сарӕз-тон ӕнӕмӕлгӕ цырт». Раст зӕгъы зынгӕ ахуыргонд. Абайты Васо йӕхицӕн capӕзта ӕнӕмӕлгӕ цырт; кӕронмӕ амад фӕцис, дыууынӕм дуджы аразын кӕй райдыдта, уыцы мӕсыг. Ӕмӕ йӕ ном ирон адӕмы зӕрдӕты баззайдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

                              ЦЫБЫРТЫ Людвиг,

профессор, Уӕрӕсейы Федерацийы

зонадты сгуыхт архайӕг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.