Нæ республикæйы цы ахсджиаг инвестицион проекттæ æххæст æрцыд, уыдонæй иууыл ахадгæдæр у хуыйæн фабрикæ БТК-4. Уæзгæ хайбавæрд хæссы Хуссар Ирыстоны сæудæджерады размæцыды хъуыддагмæ. Инвестор æрбакæнын вазыгджын процесс у, фæлæ не ‘мзæххон Уæрæсейы егъау холдинг «БТК-групп» къухдариуæггæнæг, зындгонд амалиуæггæнæг Боллоты Таймураз сразы ис Хуссар Ирыстоны кондад бакæныныл. Проект уыд социалон, уымæн æмæ Боллойы фырт канд курдиатджын организатор нæу, уый у Ирыстоны æцæг патриот. Йæхи цæвиттонй фенын кодта Хуссар Ирыстоны кæй ис кусæн инвесторæн. Советон дуджы нæ горæты цы хуыйæн фабрикæ уыд, уый бындурыл бакодта иттæг хорз, ифтонг нырыккон куыстуат. Фабрикæ байгом 2013 азы. Кусы дзы 500 адæймагæй фылдæр. Ныр цалдæр азы зынгæ фæрæзтæ хæссы нæ паддзаха-дон бюджетмæ, йæ кусджытæ цы мыздтæ исынц, уыдонæй сæ бинонты цард аразынц нывыл.

Ныр та БТК-4 хъавы йæ кондад рауæрæх кæнын. Республикæйы районты – Знауыр, Дзау æмæ Ленингоры бакæндзысты филиалтæ.

Уыцы нысанæн ацы къуыри Санкт-Петербурджы фембæлдысты Боллоты Таймураз æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæвар  Гасситы Знауыр. Куыд зонæм, афтæмæй инвестицион процесс вазыгджын у. Хъуамæ районты къухдариуæггæнджытæн хæсгонд æрцæуа, цæмæй  бацагурой 50-100 кусæгон бынаттæн цехы аккаг бæстыхæйттæ. Уыимæ ма дарддæр бацæттæ кæнын хъæуы фабрикæ цы территорийыл уа, уым ныккæндтæ, цæмæй цы хъуымац æмæ фурнитурæйæ кусой, уыдон фæсауæцтæн хæлд ма цæуой сæ технологион нормæтæ. Хуыйджыты дефицит кæд нæ уа, уæддæр бацæттæ кæнын хъæудзæн квалификациджын кадртæ – административон персонал, экономисттæ, бухгалтертæ, инженертæ æмæ кадрты хайады кусджытæ. БТК-йæн Уæрæсейы Федерацийы территорийыл бирæ кондадтæ ис, кадртæ бацæттæ кæныны фæдыл фабрикæйы ис ахуырадон центр æмæ специалисттæ. Потенциалон кусджыты иу хай Санкт-Петербурджы – ахуырадон курс, иннæты та бынаты ахуыр кæндзысты.

Ныртæккæ БТК-4 архайы йæ ассортимент рауæрæх кæныныл. Ивгъуыд азы та ахызт дыууæ сменæйон режиммæ. Йæ нысан – кондад дисциплинæмæ æркæнын. Æнæхъæн бон хуыйæн машинæйы фарсмæ бадын зын у. Ацы системæ бирæты зæрдæмæ нæ фæцыд. Кæд кусджытæн зын уыд райсомæй изæрмæ кусын, уæддæр сæ мызд бæрзонд кæй уыд, уымæ гæсгæ сæ фæллад мурмæ дæр нæ дардтой. Фæлæ фабрикæйы къухдариуæгады куысты хорз фæстиуæгæн хъæуы æнæниз кусджытæ. Ныртæккæ фабрикæйы чи кусы, уыдонæн рæстæмбис нымадæй сæ куыстмызд у 30 мин сомы. Фабрикæйы куысты уавæртæй нæй рахъастгæнæн, ис дзы хæрæндон æмæ дзы сихор кæнынц лæвар. Уымæй дарддæр ма сæм ис 4 маршрутон автобусы, уыдон сæ райсом куыстмæ æрбаласынц куыд горæтæй, афтæ хъæутæй дæр, фæскуыст та сæ фæхæццæ кæнынц сæ хæдзæрттæм. Фæлæ сæм ис ахæм кусджытæ дæр, кæцытæ сæхи фæндонмæ гæсгæ æрбацæуынц бынтон раджы, фæскуыст дæр æрлæууынц, цæмæй фылдæр бакусой æмæ ахæмтæн сæ мызд схизы 40-50 мин соммæ. Æхсызгон у фабрикæйы сылгоймæгты æмрæнхъ кæй фæллой кæнынц нæлгоймаг хуыйджытæ дæр. Кусынц æдæрсгæйæ, æххæст кæнынц алыгъуызон операцитæ. Нæлгоймаг хуыйджыты ‘хсæн ис цалдæр сахъатджын адæймаджы. Æрмæстдæр ам ссардтой куыст. Кæд райдианы ардæм кусынмæ фылдæр цыдысты хистæр кары адæм, уæд ныр та цæуынц æвзæнгтæ дæр. Разамынд æхсызгонæй райсы ахæм кадртæ, бацамоны сын кусын, стипенди дæр ма сын бафиды. Уымæн æмæ, дам, уыдон сты нæ сомбон. Кусджытæн фыст цæуы премитæ, юбилейон азты, Ног аз æмæ 8-æм марты бæрæгбонты сын сæ зæрдæтæ барухс кæнынц финансон лæвæрдтæй.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.