НОМАРÆН ТУРНИР МИНИ-ФУТБОЛÆЙ

Дзауы поселочы райдыдта Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг Бежанты Зелимы номарæн турнир мини-футболæй. Ерыстæ уагъд цæуынц дыккаг аз фæд-фæдыл. Призтыл тох кæнынц 10 командæйы Дзау, Цхинвал æмæ Знауырæй. «Ерысты организатортимæ аныхас кодтам, цæмæй сæ хайад райсой, сæрмагондæй, æрмæстдæр астæуккаг скъолаты командæтæ. Куыд футболы специалист, афтæ мæ бон у зæгъын, æмæ кæй хъазынц хорз. Ис дзы бирæ курдиатджын сывæллæттæ», – банысан кодта ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Кокойты Юри.  

Бежанты Зелим тренерæй куыста Дзауы поселочы. Республикæйæн иууыл уæззаудæр рæстæджыты, тренировкæтæ уадзынæн сын уавæртæ куыннæ уыд æмæ сæ куыстмыздтæ та бынтон чысыл куы уыдысты, уæддæр уый никуы ныууагъта йæ куыст. Схъомыл кодта бирæ фæлтæр футболистты. Уый фæрцы районы фæсивæдæн уавæр уыд сæ уарзон спорты хуызæй архайын.

Ерыстæ фæуыдзысты сабаты. Уыцы бон уагъд æрцæудзысты финалон хъазт æмæ æртыккаг бынат бацахсыны фæдыл фембæлд.

СТЪОЛЫ ТЕННИС

Чебоксары уагъд цыд Уæрæсейы чемпионат стъолы теннисæй, йе ‘нæниздзинад къуындæг уавæртимæ кæмæн у, уыцы спортсменты ‘хсæн. Хуссар Ирыстоны стъолы теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан куыд хъусын кæны, афтæмæй ерысты хайад исынц хуссарирыстой-наг спортсментæ Куыдзеты Игорь æмæ Козаты Олег. 

«Кæд æмæ Куыдзеты Игорь фæлтæрдджын спортсмен у æмæ йæ классы хауы Уæрæсейы иууыл хуыздæр 15 теннисистты номхыгъдмæ, уæд Олег та фыццаг хатт райста хайад Уæрæсейы чемпионаты. Уый уыд ерысты иууыл æвзонгдæр хайадисæг. Цæуы йыл æрмæстдæр 14 азы. Фæлæ уæддæр, уымæ нæ кæсæгæйæ, йæхи хорз æвдисы дунейы æмæ Европæйы чемпионатты призертимæ хъæзтыты. Олег стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта эксперттæ æмæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренертæм», – банысан кодта Джиоты Мириан. 

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы уагъд цæуы тренер Семеновы номарæн турнир футболæй. Ерысты фыццаг хъазты фæуæлахиз хуссарирыстойнаг командæ «Барсалан». Йæ ныхмæлæууæг уыд «Юность». Хъазт фæцис 4:2 хыгъдæй цхинвайлæгты пайдайæн. «Барсалан»-ы сконды æртæ хатты расгуыхт Хуыбиаты Сослан æмæ иу пуртийы автор та у Тъехты Альберт. Уый тыххæй хъусын кæны тренер Хъазиты Алан.

«Райгонд дæн командæйы хъазтæй. Нæ футболисттæ турниры иннæ хайадисджытæй иу аз кæстæр сты. Фæлæ сæхи куыд æвдисынц, уымæ гæсгæ мæ ныфс ис, хорз бæрæггæнæнтæ кæй равдисдзыстæм ацы ерысты», – банысан кодта Хъазиты Алан. Радон хъазт «Барсалан» акæндзæн хуыцаубоны, 4-æм октябры, Дзæуджыхъæуы «Спартак»-имæ. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.