26-æм августы хæдбардзинад банымайыны бæрæгбоны хæдразмæ Цхинвалы цæрджыты бафарстам: Ацы бæрæгбонæн дæ царды цы нысаниуæг ис? Цалдæр дзуаппы дзы мыхуыр кæнæм.

Мамиты Григори, Хуссар Ирыстоны Культурæйы министры хæдивæг:

– Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаджы зæрдæйы дæр æхсызгон мысинагæй баззад 2008 азы 26 август. Уæд Уæрæсейы Федераци фæндвидарæй бахъахъхъæдта нæ бæстæ æмæ нын банымадта нæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад.

Уыцы бон æппæт Хуссар Ирыстоны адæм æнхъæлмæ кастысты Уæрæсейы уæ-ды президент Дмитри Медведевы хъусынгæнинагмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд бирæ уыдис цины цæссыгтæ. Адæм сæхи банкъардтой сæрибарæй, стыр ныфс сын радтой Уæрæсейы президенты ныхæстæ. Ирон адæм æхсты хъæр кæй никуыуал фехъусдзысты, уый, мæ хъуыдымæ гæсгæ, тынг ахсджиаг у. Мах, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, стыр аргъ кæнæм, нæ Республикæйы хæдбардзинад нын ахæм хъомысджын паддзахад кæй банымадта, уымæн.

Хуыбылты Маринæ, нæ горæты цæрæг:

– Фыццаджыдæр банкъардтон циндзинад. Ирон адæм бирæ азты дæргъы цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уый сæ къухты бафтыд. Ныфс мæ ис, æмæ Хуссар Ирыстон дарддæр дæр æфсымæрон Уæрæсеимæ кæй æмгуыстад кæндзæнис. Ирыстоны ахæм бинонтæ нæй, уыцы уæззау азты дæргъы, гуырдзыйы ‘рдыгæй геноциды азар кӕй нӕ басыгъта. Фæлæ абон нæ сывæллæттæ цæрынц сæрибар республикæйы æмæ уый æхсызгон хъуыддаг куыннæ у.

Икъоты Резо, æхсæнадон архайæг:

– Уыцы бонæн егъау нысаниуæг ис нæ адæмы царды, Ирыстоны историйы. Уыцы бонмæ мах бирæ азты дæргъы цыдыстæм, æмæ стыр рыстимæ нæ къухты бафтыд. 2008 азы августы æртæбонон хæст дæр дзурæг уыд, нæ хæдбардзинадыл кæй тох кодтам, ууыл. Ирон адæм бузныг сты æмæ уыдзысты Уæрæсейæ, се стыр æххуысы тыххæй. 15 азы рацыд, фæлæ мах нырма дæр ахуыр кæнæм сабыр арвы бын цæрын. Æмæ Уæрæсейы ныфсæй æнтыстджынæй рацæудзыстæм ацы вазыгджын фæндагыл дæр. Ирыстон Уæресейы кæддæриддæр нымадта йе стыр Райгуырæн бæстæйыл. Растдæр уымæ гæсгæ, абон Сæрмагонд æфсæддон операцийы уырыссæгтæ æмæ ирæттæ уæхски-уæхск тох кæнынц украинæйаг фашизмы ныхмæ.

Харебаты Галинæ, Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы методикæйы хайады кусæг:

– Хуссар Ирыстоны кæцыфæнды æмбæстаджы дӕр куы бафæрсай, нӕ хæдбардзинады банымад нын цы ‘рхаста, уæд дын дзуапп ратдзæн – ныфсджын кæй у йæ кæстæрты сомбонæй. Ныр 15 азы цæрæм сабыр æмæ рæзты фæндагыл лæуд бæстæйы, æхсæвыгæтты не ‘мбæстæгтæ фынæй кæнынц æдасæй, æхстыты хъæр кæй нал райхъуысдзæн, уымæй нæ тæрсгæйæ. Изæрыгæтты нæ фæсивæд тезгъо кæнынц æдæрсгæйæ. Уыдон сты рæсугъд, сабыр сомбоныл дзурæг хабæрттæ. Уыцы уæззау фæндæгтыл рацæугæйæ, махæй алкæмæн дæр æхсызгон у, абон хæдбар, нымад паддзахады кæй цæрæм, уый. Стыр бузныг дæн Уæрæсейæ, нæ хæдбардзинад нын кæй банымадта æмæ нæ йæхимæ кæй æрбаввахс кодта, уый тых-хæй.

Къæбысты Алан, нæ горæты цæрæг:

–  Ацы бæрæгбонæн Хуссар Ирыстоны царды стыр нысаниуæг ис, растдæр зæгъгæйæ та – историон нысаниуæг. Мæнмæ гæсгæ, уый ахæм стыр бæрæгбон у, цыран фæрсæй-фæрсмæ уæвынад кæнынц цины æмæ æрхæндæгдзинады æнкъарæнтæ. Цины æнкъарæнтæ æмбæрстгонд сты. 26 августы ирон адæмæн се ‘нусон бæллиц сæ къухы бафтыд. Абон та Хуссар Ирыстоны цæрджыты сæйраг бæллиц у, цæмæй Уæрæсеимæ баиу уæм. Уымæн æмæ нæ «сыхæгты» кæцыфæнды раздзог дæр, гæнæн ис, æмæ фæива йæ хъуыды æмæ фæстæмæ æрцæудзыстæм, цы уæззау фæндагыл цыдыстæм, уымæ. Уыцы хъуыддаг махæн зындгонд у æмæ нæ фæнд у Уæрæсейы Федерациимæ иу фæндагыл æмдзу кæнын.

Гæззаты Руслан, нæ горæты цæрæг:

– Абон махæн ис хæдбар, сæрибар паддзахад æмæ уымæй стæм сæрыстыр. Рæстæг цæуы, бирæ цыдæртæ ферох вæййынц, фæлæ мах ма хъуамæ ферох кæнæм, нымад, хæдбар паддзахад нæ къухты цы аргъæй бафтыд, ма хъуамæ ферох кæнæм, йæ цард хæдбардзинады сæрвæлтау чи радта, нæ уыцы цардбæллон, æдзард хъæбатырты рухс нæмттæ. Мах нæхи номæй дæр æмæ уыдоны номæй дæр хъуамæ архайæм нæ хæдбардзинад сфидар кæныныл, нæ паддзахады размæцыдыл, ног, бæрзонддæр æмвæзадмæ йæ схизын кæныныл.

Дзудцаты Элинæ, сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнæг:

Уырнгæ дæр мæ нæ кодта, мæ зæрдæмæ ма æввахс рæстæджы исты хорздзинад бахъардтаид, уый, фæлæ 26 августы куы фехъуыстон Уæрæсейы уæды Президент Дмитри Медведевы барамынды ныхæстæ, уæд мæ, раст зæгъгæйæ, æххæст уырнгæ дæр нæ бакодта. Телевизоры æндæр каналты дæр абæрæг кодтон æмæ иууылдæр уыцы барамындыл дзурæг куы уыдысты, уæд мæ бауырныдта. Мæнмæ гæсгæ, ацы бæрæгбон стыр бæрæгбон у хуссайраг ирæттæн, æниу æрмæст хуссайраг ирæттæн нæ, фæлæ æнæхъæн Иры дзыллæйæн дæр.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.