15 азы дӕргъы Хуссар Ирыстоны мидӕггагон ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон цард куыд фӕивта, Уӕрӕсе ӕмӕ нын нӕ республикӕйы паддзахадон хӕдбардзинад цы бӕстӕтӕ банымадтой, уыдонимӕ ӕмгуыстад куыд рӕзы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фидӕн цахӕмӕй уындӕуы – ахӕм ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстатыл уынаффӕ цыд, Спутник. Хуссар Ирыстон 25 августы Беларусимӕ цы видеобастдзинад сорганизаци кодта, уым.

Хуссар Ирыстонӕй ам хайад истой Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕххӕстбарджын минӕвар Марат Кулахметов ӕмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар.

Мӕскуыйӕ та эфиры уыдис Хӕдбар Ӕмхӕларад паддзахадты хъуыддӕгты, евразиаг интеграци ӕмӕ ӕмфыдыбӕстӕйонтимӕ бастдзинӕдты фӕдыл Паддзахадон Думӕйы комитеты сӕрдары хӕдивӕг Артем Туров. Видеобастдзинады рӕстӕджы Артем Туров уыдис кусӕгон балцы Беларусы æмæ уырдыгӕй баиу бастдзинадмӕ.

Уӕрӕсе Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕдбардзинад куы банымадта, уыцы историон нысаниуӕгджын цауы тыххӕй уӕрӕсейаг минӕвар радзырдта, зӕгъгӕ, дыууӕ бӕстӕйы дарддӕр дӕр ӕмгуыстад кӕндзысты, сæ цӕдисон ахастытӕ та рӕздзысты. Банысан кодта, 15 азы адӕймагӕн кӕд цыбыр рӕстӕг у, уӕддӕр Хуссар Ирыстоны уыцы рӕстӕджы стыр къахдзӕф арӕзт ӕрцыд республикӕйы райрӕзты хъуыддаджы.

Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, 15 азы размӕ йӕхӕдӕг ӕвдисӕн кӕмӕн уыд, уыцы цаутӕ, цахӕм уавӕры уыд республикӕ ӕмӕ ныртӕккӕ куыд фæивта. Уымӕн, зӕгъгӕ, ницæимæ абарӕн ис, бынтон ӕндӕргъуызон у, ӕгӕрыстӕмӕй, адӕм дӕр фӕивтой. Бынтон ӕндӕрхуызонӕй кӕсынц дунемӕ, уымӕн ӕмӕ уынынц, республикӕ аккаг ӕмӕ ныфсджын къахдзӕфтӕй кӕй рӕзы. Афтӕ дарддӕр куы уа, уӕд бӕстӕйӕн уыдзӕн хорз фидӕн.

Нӕ республикӕ 15 азы хӕдбар бӕстӕйӕ кӕй цӕры, уый тыххӕй Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар радзырдта, зӕгъгӕ, цалынмӕ нӕ паддзахадон хӕдбардзинад нымад не ‘рцыд, уӕдмӕ ӕппынӕдзух тӕссагдзинад ӕнкъардтам нӕ «хуссайраг сыхӕгтӕй». Уыцы уӕззау рӕстӕджытӕ нын ӕрхастой бирӕ уды зиӕнттӕ, пырхӕнтӕ. 2008 азы 26 августы Уӕрӕсейы Федерацийы къухдариуӕгады ныфсхаст уынаффӕйы фӕстиуӕгӕн нӕ бӕстӕ ссис хӕдбар паддзахад. Ныртӕккӕ нӕ зӕххыл ис сабырад, стабилонӕй рӕзы Уӕрӕсейы ӕххуысы руаджы. Проблемӕтӕ дӕр ис, фӕлӕ къахдзӕфӕй-къахдзӕфмӕ цӕуӕм размӕ. Фӕлӕ сӕйраг ӕнтыст, зӕгъгӕ, махӕн у са-бырад, рӕзынц нӕ сабитӕ, рӕзы инфраструктурӕ, адӕм сӕ риуы ӕмбӕрц сулӕфыдысты.

Артем Туров, фыццаджыдӕр, арфӕ ракодта Хуссар Ирыстоны адӕмӕн бӕрӕгбоны фӕдыл ӕмӕ радзырдта ацы ахсджиаг уынаффӕ куыд цӕттӕ цыд йӕ рӕстӕджы.

2008 азы Хуссар Ирыстоны ӕрцӕугӕ цаутӕ ӕмӕ ныртӕккӕ Украинӕйы цы цӕуы, уыдонӕн сарӕзта абарст.

«Ныртӕккӕ уынӕм, неонацисттӕ Украинӕйы зӕххыл паддзахадон фӕфӕлдӕхт саразыны фӕстӕ кӕй архайдтой уырыссаг ӕвзаг, истори, мысынад скуынӕг кӕныныл. Ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр, Хуссар Ирыстонимӕ абаргӕйӕ, абон Украинӕйы зӕххыл Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ хъахъхъӕнынц рӕстдзинад. Уӕд дӕр ӕмӕ абон дӕр хъахъхъӕдтой ӕмӕ хъахъ-хъӕнынц геноцидӕй сӕдӕгай  мин адӕймӕгты.

2014 азӕй фӕстӕмӕ официалон Киев куынӕг кодта йӕхи ӕмбӕстӕгты дӕр Донецк ӕмӕ Луганскы бӕстӕты. Ӕмӕ ныр, Уӕрӕсейы президенты уынаффӕмӕ гӕсгӕ цы Сӕрмагонд ӕфсӕддон операци уагъд цӕуы, уый здӕхт у, уым цы адӕм цӕры, уыдон бахъахъхъӕнынмӕ», – дзырдта Паддзахадон Думӕйы минӕвар.

Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн цы ахсджиаг документтыл къухтӕ фыст ӕрцыд, уыдон бӕрӕг кӕнынц ӕмархайд ӕмӕ рӕзын кӕнынц дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ахастытӕ, ӕмӕ сын цахӕм нысаниуӕг ис нӕ республикӕйы царды, уый тыххӕй ӕддагполитикон уагдоны сӕргълӕууӕг афтӕ радзырдта, зӕгъгӕ, 2008 азы фӕстӕ дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн фидар ӕрцыд егъау нормативон барадон базӕ. Уыдон бындурон документтæ сты дыууӕ егъау бадзырды – 2008 азы Хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады ӕмӕ 2015 азы Цӕдисад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырдтӕ. Ацы дыууӕ сӕйраг документты фӕлгӕтты ма сӕ баххӕст кӕнынӕн къухтӕ фыст ӕрцыд 130 сразыдзинадыл. Уыдон уӕрӕх цӕуынц, сты цардӕгас ӕмӕ ӕххӕссынц нӕ царды алы фадыгыл дӕр.

Сӕйрагæй рахицӕн кæнын хъӕуы ӕдасдзинады фарст. Социалон-экономикон рӕзты фӕдыл бирӕ сразыдзинӕдтӕ ис фыст. Иууыл нысаниуӕгджын дӕр у 2023-2025 азтӕн райрӕзты программӕ, кӕцыйыл къухтӕ фыст ӕрцыд ивгъуыд аз августы мӕйы. Цадӕггай рӕздзыстӕм ӕмӕ фидар кӕндзыстӕм нӕ ӕвзонг паддзахад.

Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕххӕстбарджын минӕвар Марат Кулахметов ма видеобастдзинады рӕстӕджы радзырдта дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн бадзырдон-барадон базӕйы сӕйраг нысаниуӕджы тыххӕй.  Нӕ ӕмархайд, зӕгъгӕ, бирӕварсон у. Фадат нын ис егъау барадон базӕйы бындурыл размӕ цӕуынӕн. Дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн фӕстаг документӕй бӕрӕг у, Хуссар Ирыстоны адæмы царды ӕмвӕзад ацы аз хъуамӕ баввахс уа Цӕгат Кавказы Федералон зылды ӕмвӕзадмӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ азӕй-азмӕ рӕзынц бирӕ процесстӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр ӕмархайд куы цӕуа, уӕд цалдӕр азмӕ Хуссар Ирыстоны дӕр архайдзысты ӕппӕт социалон ифтонгады пакеттӕ.

Уникалон объекттыл минӕвар банымадта, уӕрӕсейаг финансон ӕххуысы руаджы цы ӕрцыд арӕзт, уыдон: Гинессы рекордтӕм хаст чи у, уыцы газуадзӕн хахх – Дзуарыхъӕу-Цхинвал, Паддзахадон драмон театр, сывӕллӕтты рынчындон, гуы-рӕн хӕдзар, Уанат-Цхинвалы донуадзӕн ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕххӕстбарджын минӕвар ма дзырдта, хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгты дывӕр ӕмбӕстагдзинад ӕвдисӕн документӕй ифтонг кӕныны фӕткыл.

Артем Туров куыд радзырдта, афтæмæй арӕх бӕрӕг кӕны ӕфсӕддон операцийы хайадисджыты. Æмæ арӕх сӕмбӕлы Хуссар Ирыстонӕй рӕстдзинады сӕрыл лæууæг хъӕбатыр хӕстонтимæ. Нӕ традицион ӕргъадтӕ ӕмӕ нӕ истори бахъахъхъӕныныл сты иузӕрдион.

Хуссар Ирыстонӕй ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ бархионтӕ уӕрӕсейӕгтимӕ иумӕ фыссынц ӕрмӕст Уӕрӕсейы истори нӕ, фӕлӕ дунейы истори.

Уый бузныджы ныхӕстӕ загъта Хуссар Ирыстонӕй цы хӕстонтӕ исынц хайад операцийы, уыдонӕн. Нӕ хъуыддаг, зӕгъгӕ, рӕстаг у ӕмӕ ныфс бавӕрдта, ӕввахс рӕстӕджы рӕстдзинад кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕй.

Ӕвзонг республикӕ сфидар ӕмӕ рӕзын кӕныны хъуыддаджы нӕ разы цы хӕстӕ ис, уый фӕдыл Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар банысан кодта, зӕгъгӕ, бӕстӕйы ӕдасдзинады ифтонгад у сӕйраг ӕмӕ уый гаранти кӕны нӕ хӕлар Уӕрӕсейы Федераци. Дарддӕр фылдӕр хъусдард хъуамӕ аздахӕм бӕстӕйы экономикон рӕзтмӕ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.