Бинонтæ… Ацы дзырды ис уарзт æмæ химбарынад, ныфс æмæ æнцойад, фæллой æмæ кад. О, фæлæ цы нысан кæны дзырд «бинонтæ»? Ацы фарстыл кусгæйæ, мæ къухмæ æрбахауд Гæбæраты Никъалайы «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат»-ы дыккаг хай. Ам 121-æм фарсыл фыст ис: бинонтæ – иумæ цæрæг æввахс хицæтты къорд (мад, фыд, æфсымæртæ, сывæллæттæ æмæ а.д.). Ома, иу хæдзары цæрджытæ, кæцытæ кæрæдзийыл баст сты цин æмæ масты тæгтæй.

Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ уынын, хатын æмæ зонын,  мæ ныййарджытæ куыд бæстонæй архайынц нæ бинонты цард биноныг кæныныл. Кæддæр фæкомкоммæ дæн мæ райгуырды тыххæй æвдисæндармæ. Ацы хъуыддаджы гæххæтт у бæрæггæнæг æвдисæн, Æрыдоны сахары кæй райгуырдтæн 1997 азы, уымæн. Мæ хистæр æфсымæр райгуырди Хуссар Ирыстоны Знауры поселочы 1989 азы. Астæуккаг æфсымæр – Дзæуджыхъæуы сахары 1991 азы. Уый куыд? Цæмæн афтæ рауад?

Бирæ рафæрс-бафæрсы фæстæ мæхицæн скодтон хатдзæг, стæй ирдæй зыны, 1989 азæй 1997 азы онг змæст рæстæг мын мæ ныййарджыты куыд фæраппар-баппар кодта Ирыстоны къуымты. Ирон æмбисонд зæгъы, зæгъгæ, дам, тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы, фæлæ бинонтæ кæрæдзийыл фидар куы хæцой, æмзонд куы уой, уæд сæ бæркад бирæ у. Стæй адæймаг уый у, зындзинæдтæн чи быхсы, царды зилдухæнты йæ намыс чи нæ фесафы, йæ бинонты æнгомдзинад, цæсты гагуыйау  чи хъахъхъæны æмæ ма афтæмæй йæ райгуырæн зæххы хæдбардзинадыл чи тох кæны.

Кæд мын ирон æфсарм мæ рохтыл хæцы, уæддæр мын æнæ ныффысгæ нæй, ахæм адæмыл кæй нымайын мæ ныййарджыты. Нæ гыццылæй фæстæмæ нæ ахуыр кæнынц ирон лæджы хуыздæр миниуджытыл. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй мах нæ фыд æмæ нæ мадæн стæм æртæ фырты. Æртæйæ дæр нæм ис уæлдæр ахуырад. Нæй, æвæццæгæн, ахæм нæлгоймаджы куыст æмæ йæм ма сарæхсæм кæнæ йæм базивæг кæнæм. Æппæт уыцы хорз миниуджытæй æнæкæрон бузныг стæм нæ фыдæй. Æнахъом ма уыдыстæм уæд, нæ фыд-иу нæ æрбадын кодта йæ разы æмæ-иу райдыдта æппæлын нæхи карæн нæ сыхы сывæллæттæй. Дзургæ-дзурын-иу нын нæ цæсгæмттæм лæмбынæг каст, кæд-иу нæ искæй цæстæнгасыл фæзынд, кæмæйдæр æппæлын ын хъыг у, уæд-иу райдыдта, уый æвзæр миниуæг кæй у, искæй циндзинадыл хъуамæ дæхи цинау райай, зындзинадыл та – дæхи мастау. Уыдæттæ мах бамбæрстам, куы слæгтæ стæм, уæд. Æмæ уæлдай бæрзонд сты нæ бинонтæ нæ цæсты, уæлдай тынгдæр архайæм кæрæдзийæн, стæй æддагæттæн дæр сæ къух фæрогдæр кæныныл. Мæ хистæр æфсымæртæ дыууæйæ дæр æфсады баслужбæ кодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ мады зæрдæ-иу сæм æхсайдта. Уыдон уый зыдтой, æмæ-иу куы æрдзырдтой, уæд-иу æппæлыдысты, «сойы ныххаудтам», зæгъгæ. Куы æрыздæхтысты æмæ-иу се ‘фсæддон хабæрттæ дзурын куы райдыдтой: куыд-иу суазал сты, куыд-иу мысыдысты нæ мады конд чъиритæ. Нæ мад-иу сæм фæхъуыста, стæй-иу сæрыстырæй загъта, царды зындзинæдтæн быхсын кæй хъæуы. Уæдæ, дам, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фондз азы чи фæхæцыд, уыдонæн уазал нæ уыд, кæнæ æххормаг нæ кодтой?

Æз мæхи амондджыныл нымайын, кæй бафæрсон, кæмæй базонон, кæуыл сахуыр уон, ахæм бинонтæй хайджын кæй фæдæн.

Уæдæ мæ, мæ мыггагыл дзургæйæ, зæгъын фæнды, алы ирон мыггаг дæр йæ райдиан кæй хæссы иу бæрæг иумæйаг фыдæлæй. Гæбæратæн сæ рагфыдæл уыд Алгъуыз. Уыцы хъуыдыйыл хæст уыдис Гæбæраты-Æгъуызаты Иуане – фыццаг ирон рухстауæг, кæцы йæ рæстæджы зæрдæбынæй тыхст ирон адæмыл æмæ сæ хуыдта рухс фидæнмæ. Иуанейæ канд Гæбæратæ не сты сæрыстыр, фæлæ æппæт Ирыстон дæр.

Нæ мыггаджы хуыздæрты хуыздæртæй уыд Гæбæраты Никъала. Уый ирон скъоладзауæн нæ бавгъау кодта йæ зонды суадон, у скъолаты ахуыргæнæн чиныг «Ирон æвзаг»-ы автор.

Дæллаг галау фæкуыста нæ мыггагæн, стæй нæ райгуырæн къæсæн Никъалайы кæстæр æфсымæр Феликс дæр. Уый у РХИ-йы сгуыхт нывгæнæг. Мургай фембырд кодта нæ мыггаджы ратæдзæнтæ æмæ 2015 азы мыхуыры рауагъта 443 фарсы кæм ис, ахæм чиныг «Гæбæратæ». Мыггагæн скодта герб, рауагъта, риуылдаргæ нысан мыггаджы кæстæртæн. Ацы фæрнджын хабæрт-тæм цæстыты раз сысты Беджызаты Чермены радзырд «Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз». Радзырды цæмæй иунæг иу мыггаг ма февæд уыдаид, уый тыххæй бæзджын сæрыстыр мыггаг Барсæгатæ сæ чындзы радтой Æлбегатæн. Уый дзурæг у ууыл, æмæ Ирыстонæн алы мыггаг дæр зынаргъ, æнæбаивгæ кæй у.

Уæдæ нæ алчи дæр йæ мыггагмæ ахæм цæстæнгас куы дара, уæд нæ Фыдыбæстæ дæр уыдзæн фидар æмæ æнæбасæтгæ.

Стыр Хуыцау æмæ Ирыстоны бæрзонд фарны æххуысæй æз та аккаг кæстæр цы уон нæ разагъды хистæртæн æмæ иумæ цъæх арвы бын фидар къах-дзæфтæ цы кæнæм нæ рухс фидæнмæ!

Гæбæраты Сослан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.