Æрвылбон дæр адæймаджы раз цы бирæ хæстæ лæууы, уыдонæй кæцыдæрты афоныл куынæ саразай, æндæр хаттмæ сæ куы аргъæвай, уæд адæймаг сæ сæхæст кæныныл нал фæтых вæййы, цыдæртæ дзы рох дæр æрбавæййы, æмæ уæд адæймаджы, бинонты  цард размæ нæ, фæлæ фæстæмæ лæууын райдайы.

Нæ горæты цæрджытæ, æвзонг æмкъæйттæ Джиголаты Олег æмæ Годжыцаты Тинæ, сæ дыууæ дæр райгуырдысты æмæ схъомыл сты нæ горæты. Æнтысгæйæ каст фесты Цхинвалы скъолатæ, райстой уæлдæр ахуырад æмæ Олег ныр къорд азты æнæзæрдæхудтæй  æххæст кæны йæ разыллæуæг хæстæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады. Куыстмæ цахæм ахаст дары, йæ хæстæ куыд æххæст кæны æмæ йын министрады разамынд йæ куыстæн цахæм аргъ кæны, уыдæттыл дзурæг сты, йæ фатеры зынæн бынаты цы хорзæхтæ равæрдта, уыдон.

Йæ цардæмбал Тинæ дæр Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет каст фæуыны фæстæ æгуыст бирæ рæстæг нæ баззад. Бацыд, æмæ сывæллæтты рæвдауæндоны кусæджы раз цы хæстæ лæууы, уыдон цæсгомджынæй æххæст кæны Цхинвалы фарастæм рæвдауæндоны. Тинæ куыстмæ цахæм ахаст дары, уый тыххæй арæх йе ‘мкусджытæ, рæвдауæндоны разамынд фæзæгъынц, зæгъгæ, Тинæ райгуырд, цæмæй куса сывæллæтты уагдоны. Кæстæр фæлтæры чи нæ уарзы, фæлæ нæм, сывæллæттæм йæ раппæлинаг ахасты тыххæй,  афтæ кæсы æмæ кæстæр фæлтæрмæ Тинæйæн ис фылдæр уарзондзинад.

Æвзонг бинонтæ тæхудиаг сты кæрæдзимæ сæ ахаст æмæ се ‘мбарындзинадæй дæр. Æртæ кæстæры чи хъомыл кæны, æрвылбон дæр куыстмæ афоныл бацæуынмæ чи тырны, уыдонæн зындзинæдтæ куыд нæ ис, фæлæ æвзонг æмкъæйттæ кæрæдзи афтæ хорз æмбарынц, æмæ алы хатт дæр цæттæ сты кæрæдзийы къух фæрог кæнынмæ, æмæ уæд сæ куыстыты уæлхъус дæр балæууынц афоныл.

Æвзонг æмкъæйттæ æнгом баст сты хъæууон цардимæ дæр. Арæх ма афтæ дæр фæзæгъынц, зæгъгæ, дæхæдæг кæй æрзайын кæнай, уый, дам, адджындæр æмæ тайæндæр у.  Æмæ уымæй дæр раст дзурынц. Уый хынцгæйæ, улæфтбонты, стæй фæскуыст, куы сын фæгæнæн кæны, – уæд сæ агур сæ хъæу Дменисы хæдзаргæрон зæххы фадыджы кусгæйæ. Ис сын дзы фæткъуы, кæрдо, сæнæфсир æмæ æндæр дыргъбæлæстæ. Базилынц сæм хорз æмæ сæ райсынц, зæрдæ кæмæй барухс уа, ахæм  тыллæг. Картоф, хъæдындз, халсæрттæ æмæ ма кæд æндæр ахæмтæ æлхæнгæ дæр акæнынц, бирæ къаддæр, æмæ уый дæр æвзонг бинонты финансты уавæрæн ахъаз у.

Фæстаг азты æвзонг мад æмæ фыдæн æппæт хъуыддæгты дæр стыр æххуыс сты сæ кæстæртæ. Кæд сæ чызг Арнэлæ нырма чысыл у, нæма у исты аразынхъом, уæддæр сæ фырттæ Арсен æмæ Владимир æппæт куыстыты дæр вæййынц сæ ныййарджыты фарсмæ, цыфæнды хъæууонхæдзарадон куыстытæ æххæст кæнынмæ дæр сты рæвдз æмæ æнæзивæг. Афтæ чи фæзæгъы, зæгъгæ, сæ кæстæрты куысты бын фæкодтой, уыдонæн та Олег æмæ Тинæ арæх фæзæгъынц, зæгъгæ, сывæллæттæ цы фæуынынц, сæйраджыдæр, уый бауарзынц æмæ базонынц, хорз хъуыддæгтыл тагъддæр фæцайдагъ вæййынц  ныййарджытæм кæсгæйæ.

Бинонтæй райгонд, буц æмæ сæрыстыр сты горæты æмæ сын хъæуы цы сыхæгтæ ис, уыдон дæр. Семæ ныхас кæнгæйæ банысан кодтой, зæгъгæ, – бинонтæ не сты, æппынæдзух йæхи гуылы бын  чи æндзары, ахæмтæ. Никæцы хъуыддаджы атигъ кæнынц сæхи сыхæгты иумæйаг хъуыддæгтыл. Сæ сабыр, уæздан æмæ хæларадон ахастытæм  разæнгард кæнынц æндæр сыхæгты, æмæ сæ уый тыххæй сты ноджы райгонддæр. Исчи дзы куы фæбыцæу вæййы, уæд æвзонг æмкъæйттæ ахæм рæстæджы дæр сæхи никуы бааууон кæнынц, ссарынц ахæм дзырдтæ, кæцыты фæрцы æндыгъд уавæр иуварс æрцæуы.

Хæрзæрæджы æфсымæрон Уæрæсейы цæрæг адæм банысан кодтой бинонтæ, уарзт æмæ æнувыддзинады бон. Ацы боны тыххæй та æвзонг æмкъæйттæ загътой ахæм хъуыды, зæгъгæ, бинонты ном чи хæссы, уыдоны ‘хсæн уарзт æмæ æнувыддзинад хъуамæ уой цæнгæтæй фидардæр. Бинонты ‘хсæн уыцы хорз миниуджытæ тыхджын куы уой, уæд уый амондджын æмæ тæхудиаджы хъуыддаг у. Уадз æмæ алы бинонтæ дæр уæт амондджын æмæ тæхудиаг.

     ГÆЗЗАТЫ Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.