Иу цалдæр азы размæ Хъæрæсе-Черкескы ирон хъæу Лабæйы скъолайы фæсфæд къуымы (подсобкæйы) хуссарирыстойнаг уазджыты цæст схæцыд,  тæккæ рудзынджы цур къулыл конд чи уыд, йæ ахорæнтæ хурмæ кæмæн сивтой æмæ растъыхстысты, ахæм нывыл. Уый уыд Къостайы конд ныв «Дурсæтджытæ». Чи йæ федта, уыдоны зæрдæ фехсайдта, ныв оригинал ма уа, зæгъгæ… Скъолайы директоры куы бафарстой, ацы ныв ардæм кæцæй æрхауд, зæгъгæ, уæд рабарæг, уазджыты зæрдæхсайд æнæхъуаджы кæй нæ уыд, уый. Уый æцæгæйдæр уыд оригинал, Къоста ма Лабæйы куы цард, уæд æй балæвар кодта скъолайæн æмæ кæд уыцы скъола цалдæр бынат æмæ агъуысты раивта, уæддæр Къостайы лæвар цыд фæлтæ-рæй-фæлтæрмæ.

Уыцы хъуыддаг уазджыты сагъæсты куыднæ хъуамæ ныппæрстаид… Диссаг нæу, ирон адæмы хурты хур Къостайы оригинал кæмдæр фæсфæд ран  лæзæры, хур æй судзы, йæ хуыз ивы, йæ нысаниуæг сафы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, скъолайы кусджытæм дæр куыднæ хауы азым, фæлæ сæйраг азымджын нæ культурæйы министрадтæ уыдысты, уæлдайдæр – Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрад, уымæн æмæ Лабæйы хъæу дæр Уæрæсейы сконды ис æмæ ахæм фарстаты Цæгат Ирыстонæн уæлдай бартæ ис. Фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ исчи уæлдай бæрндзинад хæссы  кæнæ  къаддæр дзуаппдæттæг хъуамæ уа иу кæнæ иннæ фарсты фæдыл… Нæ, афтæ нæу, махæн Къоста дæр, Ирыстонау, иумæйаг у æмæ сæ дыууæйы раз дæр хъуамæ æмхуызон бæрндзинад хæссæм.

Æмæ та ногæй диссаджы хабар! Ногæй та нæ историмæ уæлæнгай цæстæнгасæй кæсыны цæвиттон… Ныр дыууæ азы бæрц мæнæ ацы къам цоппай кæны интернет-тыгъдады, кæрæдзимæ йæ раппар-баппар кæнынц стыр уæлтæмæны æнкъарæнтимæ, мæнæ, дам, Къостайæн разынд, ныры онг кæй нæ зыдтам, ахæм къам.

Кæд ма диссагыл дис кæнын æмбæлы, уæд уыцы къамимæ раздæр хъуамæ базонгæ уыдаиккам. Къостайы рæстæджы къамисджытæ æмæ къамисæнтæ хæрх нæ уыдысты, ныр алы адæймагмæ дæр ис дзыппыдаргæ телефон къамисæнимæ, фæлæ уæд ахæм цæуылдæртыл фыны дæр ничи ахъуыды кодтаид. Уымæ гæсгæ Къостайæн ахæм къам ма хъуамæ баззадаид, уал азы дæргъы адæм кæй ма хъуамæ зыдтаиккой. Кæд ацы къамы, бæхыл цы нæлгоймаг бады, уый, æцæгæйдæр, Къоста у, уæд уый стыр худинаджы хъуыддаг у ирон зонадон интеллигенцийæн. Уый нысан кæны, æмæ нæ историон хæзнатæм нæ национ культурон бынтæм уæлæнгай цæстæй кæсæм…

Фæлæ фарстмæ æндæргъуызон цæстæнгасæй куы бакæсæм, уæд – ноджы фыддæр… Чи йæ сбæрæг кодта, æмæ Къоста у, чи райста йæхимæ ахæм бæрндзинад? Æмæ кæд бæлвырд-бæрæг факт нæу, уæд кæмæн ис ахæм бар, æмæ Къостайы дзырддаг кæна, æнæбæлвырддзинад реалондзинадыл нымайа?… Дзырд дæр ыл нæй, иу фæкастæй тынг у Къостайы æнгæс, фæлæ къаммæ лæмбынæгдæр куы æркæсæм, уæд æгæр бирæ æнæмбæрстгонд цæуылдæртыл фембæлдзыстæм. О, бæхыл фæсарц чи бады, уыцы нæлгоймаг цæсгомы æвæрдæй дæр æмæ дарæсы кондæй дæр Къостайы хуызæн у, фæлæ  цыма Къоста асæй ахæм стыртæ нæ уыд… Стæй дæр, ирон æфсарм æмæ намысы тырысахæссæг Къоста сылгоймаджы йæ «хъæбысы» сбадын кодтаид, уый зынбауырнинаг хабар у. Раст у, къаммæ гæсгæ сылгоймаг саргъыл бады, нæлгоймаг та – фæсарц, фæлæ уæддæр ирон лæг, уæлдайдæр та – Къоста, афтæ нæ бакодтаид. Раджы рæстæджыты сылгоймаг бæхыл нæлгоймаджы фæсарц кæй бадтис, уый реалон, æцæгдзинад у, фæлæ – нæлгоймаджы «хъæбысы»… Гæнæн ис æмæ ахæм бар сæхицæн радтаиккой хо æмæ æфсымæр, фæлæ къамы бæхы саргъыл чи бады, уый Уæлгъа кæй нæу, уый бæрæг у.

Æниу – хæйрæджы арв ныццæвæд! Чизоны, æцæгæйдæр, Къоста у… æмæ кæд афтæ у, уæддæр та æвзæры фарст: нæ ахуыргæндтæ, нæ зонадон иртасджытæ зæхкусджытæй раджы куы фæфылдæр сты, æнæхъæн зонадон институттæ нæм куы ис, уæд дыууæ азы бæрц компетентон æгъдауæй иртæст цæмæннæ æрцыд ацы быцæуаг фарст?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.