Раджыйы рæстæджы бирæ бинонты æхсæн рæзгæ сывæллонæн, афынæйы рæстæг, мады хъæбысы дзидзи дæйыны цъусдугæй фæстæмæ, бирæ рæвдауджытæ, ирхæфсджытæ уыди. Боныдæргъы кæй хъæбысы нæ абадтаид, кæимæ нæ ахъазы-даид, аныхæстæ кодтаид, ахæм уатон рынчын дæр нæ разындаид.

Гыццыл бинонты сывæллон та куысты рæстæгæй улæфты онг уыди мад, фыды æвджид æмæ цастæ æххæссыдысты. Уыгæрдæнмæ куы цыдаиккой, уæддæр сæ авдæн семæ хастой. Иунæг сывæллонæн нæ аузæг æмбал уыдаид, нæ ахъазæг, æмæ цы кæуынæй уыдтаид, цы æнхъæлмæ кæсынæй. Ахæм сывæллæтты тыххæй бирæ таурæгътæ баззад. Куыствæллад иунæг мад йæ сывæллоны æнæвдæлоны ныхстуадæй куы саджы фæдæг дæйгæ баййафы уыгæрдæны хъæдбыны, куы калмы къæдзил — кæрдинаг хуымы кæрон. Æмæ ахæм чысыл бинонтæ фыдæлты заман стæмтæ уыди, бирæтæй чи цард, уыдон та — дзæвгар. Гыццыл бинонтæм ничи бæллыд, тæхудиаг уыдысты бирæ бинонтæ.

Адæймагмæ сывæллонæй зæронды кармæ номæй дзурын куыннæ æмбæлди фыдæлты заман, фæлæ туг æмæ æгъдауæй хæстæг бинонтæн кæрæдзимæ номæй дзурын алкæд нæ фидыдта. Мад æмæ фыд сæ цотмæ амыдтой фæсномыгæй: нæ хистæр лæппу æмæ чызг, астæуккаг лæппу æмæ чызг, кæстæр лæппу æмæ чызг, нæ дынджыр лæг, нæ дынджыр чызг.

Дзырдтой сæм буцы, табуйы нæмттæй дæр: Гыгы, Дуду, Чысыл, Цъæхчызг. Цот дæр сæ ныййарджытæм æмæ уыдоны мадæлтæ, фыдæлтæм дзырдтой фарны нæмттæй: дада æмæ баба, дзыцца æмæ гыцци, нана æмæ деда. Сывæллæтты ахæм æфсармы уагыл хъомыл кæныны фæтк ма æрæххæссыд ацы æнусы фыццаг æмбисмæ, стæй хæлын байдыдта ног царды митимæ. Абоны ирон бинонтæй ма фыдæлты намысыл цы иугæйттæ хæцы, уыдон дæр ног царды фыдуавæрты цæсты нал ахадынц, уымæн æмæ æдзæлгъæды уагыл цы ирон бинонтæ ныххæцыд, уыдон «рацарæзты» азты дзæвгар фылдæр фесты. Ахæм æдзæлгъæд, æнæуаг бинонты кæстæртæм куы бакæсай, уæд сæ адæймаджы зæрдæ куывды, чындзæхсæвы заманты дæр бамæгуыр вæййы. Цы — æнæуагæй, æнæфсæрмæй кæрæдзимæ сæ армаццагæй æвналын æмæ дзурын, цы — сæ цоты фыдæхсæд æмæ æнæфсис митæ. Уæд цавæр сæфты заман скодта? Ау, адджын хæринаг æмæ зынаргъ дарæс, уæгъдибары змæлд æмæ бæллиццаджы монцтæй уæлдай адæймаджы царды райгондæй, сæрыстырæй ницыуал и?! Кæцы мад æмæ фыд нæ уарзынц сæ цоты, кæмæн нæ вæййынц мад, фыды рæвдыдтæ æхсызгон?! Фæлæ кæстæр хистæрты раз, хистæр кæстæрты раз æфсармы, намысы уагыл сæхи дарын куынæуал зоной, уæд ма уым цæй бинонтæ и?!

Сывæллоны барæвдауынмæ, хъомыл кæнынмæ чи нæ арæхсы, æвзæр митыл, æнæуаг ныхæстыл æй чи ахуыр кæны бинонтæй, сыхæй, хæстæджытæй, уыдонæй хизинаг у. Фæлæ сабийы хæрзæгъдауыл йæ удæй арт чи цæгъды, авдæны зарджытæ йын чи кæны, аргъæуттæм хъусгæйæ цы хистæры хъæбысы æрфынæй вæййы, уыдонæй йæ тыхиппæрд цæмæн кæныс, кæд æппæты æнамонддæр æмæ хæйрæгæй æлгъыстдæр нæ дæ, уæд? Хæдзары фæтк бинонты уагæй хъæубæсты æгъдаумæ тырны, хъæубæсты æгъдау фæзминагæй бафты комбæсты иумæйаг фарныл.

Ахæм рæзты фæндагыл кæй лæууыди ирон фарн адæймагæй — адæммæ, хæдзарæй — комбæстæм, уымæн дзырдтой сæрыстырæй, рæстаджы хъæлæсæй: ирон æгъдау æмæ фæтк, ирон лæг, ирон адæймаг, ирон сылгоймаг, ирон хæдзар, ирон цæсгом, ирон намыс, ирон хистæр, ирон кæстæр, ирон фынг, ирон хæринæгтæ, ирон фынгæвæрд… Уыцы хуызы лæвæрдтой кæрæдзимæ фидыды, æууæнчы къухтæ æмæ дзырдтой: «Уый дын мæ ирон къух, ау, ирæттæ нал стæм?! Ирон худтæ нал хæссæм?!»

Сæрыстыры хæрзтæ æмæ миниуджытæ фыдæлтæн дзурæг уыдысты сæ сыгъдæг, фидар удыгъæдыл. Уыцы уагыл цæргæйæ адæймаджы сæйрагдæр фидыцыл нымадтой намыс — хидарыны фæтк æфсармы уагыл, адæймаджы цæсгом. Æмæ куыннæ нымадтаиккой намыс адæймаджы сæйраг миниуæгыл, кæд уымæй цыдысты, æвзæрдысты удхъомысы иннæ бæллиццаг, фæзминаг хæрзтæ. Æнæнамыс адæймаг нæ фæрнджын фыдæлтæм æвзæр куыдзæй æгаддæр уыди…

Бинонтæ фыдæлты уагыл иумæты цардысты фыццаг сыгъдæг æнкъарæнты, бæллицты хъомыс æмæ равгæй, стæй та тугхæстæджы уагæй, зæнæджы — цоты цинæй. Бинонтæ — ус æмæ лæг æнæ цотæй уыдысты æгъдауæй, иумæйаг царды уавæртæй хæстæг. Мад æмæ фыд та цотимæ æййæфтой дыууæрдæм хæстæджытæ — тугæй, æгъдауæй. Ус æмæ лæг, мад æмæ фыд — бинонты равзæрæн, райдайæн. Мад — цоты ныййарæг, бинонты æфсин. Фыд — цоты схæссæг, хæдзары бинонты хистæр æмæ дарæг. Мад æмæ фыд — ныййарджытæ, хъомылгæнджытæ, бинонты уынаффæйы хистæртæ. Иу мад æмæ фыдæй райгуыргæ чызджытæ æмæ лæппутæ тугхæстæгæй уыдысты хотæ æмæ æфсымæртæ.

Мад æмæ фыд сæ цотимæ иу хæдзары, иу цары бын куы цæрой, уæд сты иу бинонтæ. Фæйнæ хæдзары куы цæрой, уæд та хицæн бинонтæ. Уымæ гæсгæ бинонтæн канд тугхæстæджы миниуджытæ фаг не сты, хъæуы сын иумæйаг нысæнттæ сæ цардыуагæн бынат, бæрц æмæ рæстæг хынцгæйæ. Æмæ уыцы иумæйаг нысæнттæ, уавæртæ бындуронæй нымадтой фыдæлтæ. Фыдæлты заманты дæр иу мад æмæ фыдæй райгуыргæ æфсымæртæ цæрæнбонты иу бинонтыл нымад нæ цыдысты, алы æфсæнттæй уæрстой æмæ цардысты хицæнтæй. Уыйадыл уыди чысыл, рæстæмбис æмæ бирæ бинонтæ. Чысыл бинонтæ — мад, фыд æмæ цот иуæй фондзы онг. Рæстæмбис бинонтæ хæццæ кодтой авдæй уæлæмæ. Стыр бинонтæ цардысты бирæгæйттæй, æртæ æмæ цыппар фæлтæры цоты онг. Рæстæмбис бинонтæн дæр уыди ныййарæг мад æмæ фыды уæле стыр мадæлтæ æмæ фыдæлтæ. Фæлæ стыр бинонты цард у уæлдай цымыдисаг хистæртæй кæстæртæм цалдæр фæлтæрæй. Йæ цоты цыппæрæм, фæндзæм фæлтæры заманмæ уынаффæ, куыстхъомæй чи фæцарди, ахæм мадæлтæ æмæ фыдæлтæ алы кæмтты дæр уыди. Бирæ бинонты цардыуаг ма æрæххæссыд не ’нусы æртынæм азтæм, стæй мæцъбæндæнау сæ хал фескъуыд.

Ацы æгъдауы архайдтой бинонтимæ сыхбæстæ æмæ хъæубæстæ дæр сæ уазæджыхаимæ. Сывæллонæн, уæлдайдæр та лæппуйæн, йæ номæвæрæн бонмæ æхсыстой бæгæны, кодтой нæлгусарт. Хæстæг цæргæйæ лæппуйы номæвæрдмæ цыдысты мадырвадæлтæ æмæ фыды хæстæджытæ, зонгæтæ. Уыцы бонмæ сывæллонæн исты ног дарæс бахуыдтаиккой йæ бинонтæ. Хуынд куывдтонты афоныл сæмбæлынæй уæлдай нæдæр лæвары сæр хъуыди, нæдæр хуыны. Номæвæрды куывды фынгтæ æвæрдтой дывæрсыгæй фæйнæ хатæны: иу фынг — нæлгоймæгты хистæртæн, иннæ — сылгоймæгты, фæсивæд та арæзтой хъазт. Нæлгоймæгты бадты хистæр иумæйаг куывды Хуыцау æмæ йе сконд зæдты нæмттæ ссардта, хæдзары бинонты сæ уарзон адæмимæ уыдоныл бафæдзæхста, ноггуырды бафæдзæхста сæрмагондæй Мады Майрæмыл, бакодта йæ Сæрызæд æмæ Бынаты Хицауы уазæг. Кувæггаг авæрдта кæстæртæм, стæй бæрцæй дыууæ сидты фæкодтаиккой Хуыцау æмæ Уастырджийы номыл, æмæ райдыдтаид номæ-вæрды сæйрагдæр æгъдау. Бадты адæмæй лæппуйыл ном сæвæрын кæй фæндыдаид, номæвæрæджы бартæ æмæ хæстæн аккаг аргъ кæнгæйæ, уыдонæн бæрцхæлттæ-къæбæлтæ арæзтой сæрмагонд бæрæггæнæнтимæ. Æппæрстой сæ худы, сцагътаиккой сæ, стæй халисæг фыццаг цы хал систаид, уыцы ном æвæрдтой лæппуйыл, æмæ æртыккаг сидт куывды бадты уыдаид уæд лæппу æмæ номæвæрæджы тыххæй. Уæды æгъдаумæ гæсгæ уый нымад цыди номæвæрыны сæйраг уагыл. Дыккаг хуызы хæлттæ та истой рагагъоммæйы æвзæрст нæмттимæ. Уыдон æвзæрстой сылгоймæгтæ мады, фыдымады æмæ фыдыхоты фæндонæй-хъусдардæй. Ахæм нæмттæ цал равзæрстаиккой нымæцæй, уый бæрæг уыди номæвæрджытæн, æмæ та уым дæр фыццаг кæй хал схаудтаид, уый — номæвæрæг.

Фылдæр хатт чызгыл ном æвæрдтой фылдæр хæттыты сылгоймæгтæ, æнæ уæлдай митæй. Фæлæ лæппуйыл ном сæвæрын уыди вазыгджын æмæ тынг бæрнон хъуыддаг, уымæн æмæ дзæвгар æгъдæуттæ сайдта йæ фæдыл.

Уæздан адæймагæн алкæддæр æмæ алкæмдæр йæ алы фезмæлд, йæ алы къахдзæф, алы ныхас æмæ фæкаст дæр бæлвырд фæткыл, нывыл æмæ æфсармы фæлгæты вæййынц. Уæздан адæймаг æдзæрæг быдыры кæнæ тархъæды сырдты астæу куы уа, уæддæр ын фыдæлтæй цы уаг æмæ æфсарм баззадысты, уыдон домæнтæ æххæст кæны йæ Хуыцауы хай æмæ йæ фыдæлты фарны раз, йæ уд æмæ йæ цæсгомы сыгъдæгдзинадæй.

Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой: «Уаг æмæ æфсарм кæм сты, æгъдау дæр уым ис, æгъдау кæм ис, кад дæр уым ис». Кæнæ: «Ирон лæджы уагахаст — æфсарм æмæ фæткыл баст».

УАЛЫТЫ Татьянæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.