Æрæджы нæ республикæйы уагъд æрцыд, Президенты цур Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны комитеты сæргълæууæг Козаты Гульнарайы  хъæппæрисæй конкурс  «В детях счастье». Хайад дзы райстой нæ республикæйы цæрæг бирæсывæллонджын – цыппар æмæ уымæй фылдæр кæм ис, ахæм бинонтæ.

Республикæйы хуыздæр ныййарджытыл нымад æрцыдысты Цхуырбаты Дженик æмæ Олеся. Ацы бинонтæн ис фондз чызг æмæ цыппар лæппуйы.

 Бирæсывæллонджын бинонты царды уагы тыххæй нын радзырдта сæ мад Олеся: «Мæ цардæмбалимæ бацардтæн 22 азы размæ. 16 азы мыл сæххæст, чындзы куы фæцыдтæн, уæд. Ныртæккæ та мыл цæуы 38 азы. Нæ сывæллæттæ сты: Аделина, Альмæ, Альдæ, Авель, Аслан, Хазби, Сослан, Мия æмæ бинонты кæстæр та у Мария.

Бинонты кæстæр Марияйыл нырма цæуы æрмæстдæр фондз мæйы, хистæр чызг Аделинæ та чындзы ацыд æрæджы, Цæгат Ирмæ. Ныййарджытæ сæрыстыр сты сæ хистæр чызгæй. Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ фæцис съкола, ахуыр та кæны ХИПУ-йы æмæ исы Президентон степенди. Сывæллæттæй дыккаг Альмæ дæр фæзмы йæ хистæр хойы, уый дæр университеты иттæг хорз нысæнттыл ахуыр кæны. Бинонтæй цалдæр сывæллоны сæхи фæлварынц музыкæйы, хореографийы. Лæппутæ та – спорты. Хистæртæ æххуыс кæнынц мадæн кæстæртæм кæсыны хъуыддаджы æмæ афтæмæй амондджын бинонтæ æрвитынц сæ царды бонтæ.

«Куы йæ базыдтон, мæ лæппу ус раскъæфта, уæд фыццаг ныккатай кодтон, уымæн æмæ мæгуыр рæстæг уыд. Уæд Дзауы поселочы цар-дыстæм, нæ хæдзар ныппырх æмæ уал рæс-тæгмæ хæдзары фарсмæ мæнгагъуысты цардыстæм. Стæй чындз дæр æгæр æвзонг уыд, 16 азы йыл нæхимæ сæххæст. Тынг хорз кæстæр разынд Олеся. Æгъдауджын, сабыр, дзырдфæразон, куыстуарзаг. Тынг æй бауарзтон, абоны онг дæр мад æмæ чызджы цард кæнæм» – дзуры Олесяйы æфсин Санахъоты Лианæ.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй царды амон-дыл нымайы стыр æмæ  хæлар бинонтæ. Се ‘ппæт дæр сты коммæгæс, сæ уагахаст у цæвит-тойнаг куыд уынджы, афтæ скъолайы дæр. Сæ ахуыры бæрæггæнæнтæй дæр ныййарджытæ райгонд сты. «Алцы дæр Хуыцауæй ратгæ у, æз фæсмон нæ кæнын, Хуыцау мын фондз чызг æмæ цыппар лæппу кæй схæлар кодта, уымæй амондджын мадæй æнкъарын мæхи. Раст у, тынг æвзонгæй ацыдтæн чындзы, сæрибар æвзонга-дæй ницы банкъардтон. Фæлæ мæнæн мæ хæз-на мæ бинонтæ сты», – дзуры Олеся.

Хæдзары ‘фсин Санахъоты Лианæ та афтæ зæгъы, зæгъгæ, дам, мæ бирæтæ фæфæрсынц, куыд æххæссут, уый æппæт сывæллæттыл, бирæтæ дыууæ сывæллоны фаг дæр зынтæй куы фæкæнынц, зæгъгæ. «Нæ уæ бауырндзæн, фæлæ, мах уарзт сывæллæттæй алкæуыл дæр æххæссы. Бинонты фыд Дженикæй дарддæр ма мын ис дыууæ чызджы. Уыдонæй сæ иуæн ис æртæ сывæллоны, иннæмæн та – цыппар. Арæх нæм æрбацæуынц, уыдон дæр æд зæнæг. Цин æмæ амондæй ноджы тынгдæр байдзаг вæййы нæ хæдзар», – зæгъы Лианæ.

Сывæллæттæ кæрæдзиимæ хæлар сты æви нæ, уый тыххæй та сæ мад афтæ зæгъы. Кæд иууылдæр иумæйагæй сисгæйæ, сабыр сты, уæддæр кæстæр лæппу Сослан къæбæдадæргонд дары йæхи. «Йæ кæстæрыл уымæй тынг-дæр куы баузæлын, уæд æм хъыг фæкæсы, тæргæйттæ фæкæны. Иннæтæм ахæмæй ницы рахатын. Цæмæй йæ ма мæсты кæнон, уый тыххæй уымæ уæлдай хъусдард радтын» – зæгъы Олеся.

Бинонты фыд Дженик кусы МСНК-ы. Сæ мад Олеся та райста медицинон хойы дæсныйад. Сæ нана Лианæ та кусы магазины. Кæйдæртау æппынæдзух хицауадмæ курæг нæ цæуынц. Сæ бон куыд у, афтæ дарынц сæ зæнæджы.

Зæххæнкъуысты рæстæджы сæ хæдзар куы ныппырх, уæд ралыгъдысты горæтмæ æмæ æрбынат кодтой Лианæйы ныййарджыты хæдзары. Фæлæ хæдзар 2008 азы хæсты ныппырх. Фæцæф ис хæдзары хицау Хазби.

«Мæ мæгуыр æмкъай бирæ зындзинæдты бахауд, хæстæй аирвæзт, йæ цæфтæ фæстæдæр низмæ асайдтой æмæ æнæнхъæлæджы амард. Уæд нæ чындз æнхъæлцау уыд æмæ, лæппу куы райгуырд, уæд ыл Хазби ном сæвæрдтам. Нæ хæдзар ногарæзт у, Хицауад нын æй сарæзта, хæсты фæстæ», – радзырдта ‘фсин.

Хуссар Иры стæм ис ахæм бирæсывæл-лонджын бинонтæ. Уадз, ноджы фылдæрæй фылдæр кæнæт! Сымах та, Дженик æмæ Олеся, уæ кæстæрты хурæй æфсæст ут.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.