Президент Бибылты Анатоли хайад райста хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг иумиаг демаркацион къамисы рабадты. Хуссарирыстойнаг фарсырдыгæй рабадты куысты хайад райстой фæсконфликтон уавæр бæстонкæнынады фарстыты фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат (хуссарирыстойнаг хайы къамисы сæрдар), йæ хæдивæг Коцты Егор æмæ Æдасдзинады паддзахадон комитеты арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæг Тыбылты Сергей.

Уæрæсейаг фарсырдыгæй – къамисы уæрæсейаг хайы къухдариуæггæнæг Вадим Постнов, фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, «Росреестр»-ы геодези æмæ картографийы æмæ кадастрон куыстыты æмæ зæххарæзты управлениты минæвæрттæ.

Паддзахады сæргълæууæг стыр аргъ скодта къамисы куыстæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый у вазыгджын куыст. «Фæнды мæ бузныг зæгъын æнтыстджын куысты тыххæй, кæцы махæн у ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг. Фактон æгъдауæй мах стæм йæ фæуыны стадийыл, фæлæ ацы процессты нымайæн нæй, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн ахастыты арæныл. Мах Хуссар Ирыстоны нæ уынæм æнæ Уæрæсе æмæ Ирыстоны нæ уынæм Цæгат æмæ Хуссарыл дихгондæй. Ирыстон алы хатт дæр уыдзæн иугонд», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ  рады, Вадим Постнов банысан кодта, зæгъгæ, къамисы куыст алы хатт дæр ацæуы кæрæдзи æмбаргæйæ. «Стыр бузныг, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы иумиаг къамисты куыстæн стыр аргъ кæй скодтай, уый тыххæй. Мах æххæст кæнæм уыцы куыст, кæцы хынцыд æрцыд æхсæнпаддзахадон бадзырды, цыран сты специалон хæстæ дыууæ фарсæн дæр. Хуссар Ирыстонмæ куы æрцæуæм, уæд ныл алыхатт дæр фембæлут уазæгуарзонæй æмæ нæ фембæлдтытæй баззайæм стыр райгондæй», – загъта уый æмæ арфæ ракодта хуссарирыстойнаг фарсæн, афтæ хорз сæ кæй райстой, уый тыххæй.

Уый фæстæ къамисы куыст дарддæр кодта æнæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.