Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг-Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади ауагъта фæндагон змæлды æдасдзиныд тыххæй къамисы рабадт.

Æмбырды хайад райстой Уæлвæткон уавæрты министрад, Мидхъуыддæгты министрад, столицæ æмæ Дзауы администрациты, Ахуырад æмæ зонады министрад, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон министрады, Бастдзинæдтæ æмæ дзыллон коммуникациты комитеты æмæ фæндагон службæйы къухдариуæггæнджытæ.

«Ивгъуыд азы фæндагон траспортон фыдракæндты цаутæ уыдысты 137, 20,8 % къаддæр 2018 азимæ абаргæйæ, фæлæ иумæйаг статистикæ нырма рæстмæ нæу. Нæ хæс у, цæмæй фæндагон-транспортон цауты нымæц уа  бынтон ныллæг æмвæзадыл. Хъуамæ кусæм фæстиджытыл æмæ тырнæм нысанон фæстиуджытæм», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Рабадты рæстæджы æруынаффæ кодтой скъолаты æмæ æндæр æхсæнадон бæстыхæйтты цур фистæгæй цæуджытæн ахизæнтæ саразыныл, кæцытæ баст сты автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатациимæ.

Рабадты фæстиуджытæм гæсгæ столицæйы администрацийы къухдариуæгадæн бахæс æрцыд, цæмæй фæндаг банысан кæныны фæдыл халæнтæ иуварс æрцæуой, Арæзтады министрад æмæ фæндагон службæйæн та, цæмæй фæндæгты арæзтады фæдыл проекттыл иумæ бакусой столицæйы æмæ республикæйы районты администрацитимæ, афтæ ма Мидхъуыддæгты министрадимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.