Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын хъалонты органты кусæджы боны цытæн!

Сымах стут Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджет баххæст кæныны сæйраг гуырæнтæй сæ иу. Хъалонтæ тымбыл кæныны динамикæ бæрзонд кæны æрвылаз дæр, кæцыйы фæрцы паддзахадæн фæзыны фылдæр фадæттæ æмбæстæгты  раз социалон хæстæ сæххæст кæнын, реализаци кæнын уæлдай ахсджиаг проекттæ, кæцытæм хауынц бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонтæн фиддонтæ, пенситæ фæбæрзонддæр кæнын æмæ хостæ амал кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны инвестицион химæлвастдзинад комкоммæ баст у сымахæй алкæуыл дæр. Æмæ æз стыр аргъ кæнын уæ компетентондзинад, бархалыны ныхмæ тох кæнын  æмæ уæ хæстæм бæрнджын ахастæн.

Бузныг уын Фыдыбæстæйæн уæ профессионалон службæйы тыххæй! Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр кадджынæй æмæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзыстут уæ разылæууæг хæстæ.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, дарддæры æнтыстытæ, сабырад æмæ хорздзинад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Хъалонты органты цытджын кусджытæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Хъалонты службæ у республикæйы экономикæйы рæзт æмæ социалон стабилондзинад сифтонг кæныны ахсджиаг сконд. Хъалонты органты кусджыты фæстиуджытæй, сæ компетентондзинадæй æмæ профессионализм баст у бюджетмæ хъалонтæ фидарæй цæуын, кæй зæгъын æй хъæуы, у бæстæйы бюджет баххæст кæнын, социалон-экономикон программæ реализаци кæныны рæзт. Æппæт уыдæттæ иумæйагæй ифтонг кæнынц республикæйы финансон хæдбардзинад æмæ æдасдзинад.

Ныфс мæ ис, уæ куыст, хъуыддагмæ раст ахаст æмæ æнувыддзинад дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзысты уæ разы лæууæг бæрнджын хæстæ скъуыддзаг кæнынæн, кæцы ифтонг кæны республикæйы динамикон рæзт.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æппæт хъуыддæгты дæр æнтыстытæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Арфæ – фæндагон хæдзарады кусджытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæндагон хæдзарады цытджын кусджытæ! Фадыджы зынаргъ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Фæндагон хæдзарады кусæджы боны цытæн!

Фæндагон инфраструктурæйæн ис ахсджиаг нысаниуæг республикæйы экономикæйы рæзты æмæ социалон хæстæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Уынгон-фæндагон хызæджы объекттæ сты горæты ахсджиаг тугдадзинтæ, кæцытыл бирæбæрцæй баст у цæрджыты цардифтонгад, рæзт æмæ æдасдзинад. Нæ горæты нæуæг æмæ реконструкци æрцæуæг уынгты фæрцы адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр сты æмæ ивынц хуыздæрырдæм.

Подрядон организацитæ куыстытæ гъæдджынæй сæххæст кæнын, нырыккон технологитæй спайда кæнын æмæ фæстиуæг райсынмæ тырнындзинад лæггад кæнынц республикæйы дарддæры социалон-экономикон рæзтæн.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, стабилон куыст æмæ ног проекттæ æнтыстджынæй реализаци кæнын!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.