РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон Æвзарæн къамисы ног сконды фыццæгæм рабадты куысты.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта ЦÆК-ы уæнгтæн, сæ куыст кæй райдыдтой, уый фæдыл æмæ йæ бафæндыд, цæмæй æппæт сæ архайд бындуриуæг кæна закъоныл.

«Хуссар Ирыстоны кæддæриддæр æвзæрстытæ уагъд фæцæуынц сæрмагонд критеритæм гæсгæ. Æмæ мæн ныфс ис, Централон æвзарæн къамис йæ куыст кæй æххæст кæндзæн архайæг закъондæттынадыл æнцой кæнгæйæ æмæ æрбалæугæ æвзæрстыты рæстæджы кæй ахъаз кæндзæн фæтк хъахъхъæнынæн», – загъта уый.

Уымæй дарддæр ма Бибылты Анатоли зæрдыл æрлæууын кодта, кæй-иу уыдис ЦÆК-мæ бабырсыны цаутæ, афтæ ма-иу Централон æвзарæн къамисы уæнгтыл психологион æгъдауæй æндавыны цаутæ дæр. Уыимæ Президент банысан кодта, ахæм уавæрты ЦÆК-ы алы уæнджы принципиалондзинадæн кæй хъуа-мæ уа бæрæггæнæн характер, цæмæйуыдонмæ ахасты ахæм архайдтытæн бынат ма уа.

Уый ныфс бавæрдта ныфсдзинад, кæй нæ вазыгджындæр кæндзæн уавæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты рæстæджы, кæцытæ кæнынц æввахсæй æввахсдæр.

«Нæ æхсæнадæн æвзæрстытæм ис серьезон ахаст. Уымæ гæсгæ мæн ныфс ис, алцыдæр кæй ацæудзæн æнæ экс-цесстæй», – загъта Бибылты Анатоли æмæ ЦÆК-ы уæнгтæн йæ цæст бауарзта æнтысгæ куыст.

Йæ раныхасы кæрон паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта Плиты Беллæйæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы сæрдары бынаты йæ бирæазон куысты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстыты рæстæджы йæ фидар позицийы руаджы республикæйæн бантыст вазыгджын фæстиуджытæ ма руадзын.

БИБЫЛТЫ АНАТОЛИ: «НÆ ÆХСÆНАДÆН ÆВЗÆРСТЫТÆМ ИС СЕРЬЕЗОН АХАСТ»

Президент йæ Барамындæй Плиты Беллæйы схорзæхджын кодта Кады орденæй.

—————————————————

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Плиты Беллæйы Кады орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзарæн системæйы рæзты сæрмагонд сгуыхтдзинæдтæ æмæ бирæ азты дæргъы цæсгомджын фæллойы тыххæй Кады орденæй хорзæхджын æрцæуæд Плиты Беллæ Владимиры чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы сæрдар.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2021 азы 12 август

                                                                          ———————————————————

Плиты Беллæ бузныг загъта Бибылты Анатолийæн æмæ банысан кодта, ацы стыр хорзæх æрмæст йæхимæ кæй нæ хауы, фæлæ – Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы æппæт кусджытæм дæр, кæцытæ 20 азы дæргъы куыстой республикæйы хæрзиуæгæн.

Йæ рады Централон æвзарæн къамисы ног сæрдар Гæджиты Эмилия ныфс бавæрдта дарддæры æнтысгæ куыстæй.

«Мах иууылдæр фæнды Президентæн æмæ республикæйы æмбæстæгтæн ныфс радтын, нæ хæстæ Хуссар Ирыстоны архайæг закъондæттынады фæлгæтты дырысæй кæй æххæст кæндзыстæм», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.