Гуырдзы нын дыууынæм азы цы геноцид расидтысты, ууыл ацы аз сæдæ азы кæй æххæст кæны, уый фæдыл мадзæлттæ бацæттæ кæнын æмæ сæ æмбæлон æмвæзадыл ауадзыны нысанæн цыппар азы размæ арæзт æрцыд сæрмагонд паддзахадон къамис. Къамисы сæрдар у нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

 Алы рабадты рæстæджы дæр-иу къамисы уæнгтæ рæгъмæ цы ахсджиаг æмæ проблемон фарстатæ рахастой, уыдоны хсæн сæйраг фарст уыд информацион хъуагдзинад. Ома, геноцид нын кæй расидтысты, уый нæхæдæг хорз зонæм –  йæ хъæдгæмттæ нырма дæр куынæ байгас сты Ирыстонæн, фæлæ æддагон дунейæн хъæуы базонын кæнын, сæдæ азы размæ нæ фыдызæххыл тугмондаг гуырдзы цы æбуалгъы хъуыддæгтæ арæзтой, уыдæтты. Фаг зонæнтæ, фаг факттæ нæм кæй нæй, уый та уæды рæстæджы аххос фæкæнын æнцондæр у, фæлæ, æцæгдæр, уыцы рæстæджы кæмæ хауд истори фыссын, уыдон сты азымаг.

Знон банысангонд къамисы радон рабадтæн сæрдариуæг кодта нæ республикæйы президент Бибылты Анатоли.

Уыдæтты фæдыл уыд йæ ныхас Бибылты Анатолийæн. Президент загъта, зæгъгæ мах хъуамæ ма æнхъæлмæ кæсæм æмæ ныфс ма æвæрæм уымæй, гуырдзы æмæ уыдоны фарсхæцæг ныгуылæйнаг бæстæтæ кæй банымайдзысты, гуырдзы нын цы геноцид расидтысты, уый. Махæн нæ хæс у, цæмæй дунеон æмæхсæнадæн бауырнын кæнæм, гуырдзы нын геноцид кæй сарæзтой, уый. Кæд уый, зæгъгæ, нæ къухы бафта, уæд нæ бон цæсгомджынæй зæгъын уыдзæн, нæ куыст кæй бакодтам æмбæлон уагыл. Президенты хъуыдымæ гæсгæ, махæн геноцид кæй сарæзтой, уый чи зоны æмæ æмбары, уыдон дæр йæ кой не скæндзысты, пайда сын куынæ уа йæ кой скæнын, уæд, фæлæ сæхимидæг куы зоной нæ рæстдзинад, уæд уый дæр мах пайдайæн уыдзæн.

Бибылты Анатоли геноциды темæйыл дзургæйæ банысан кодта, цæмæй дзыллон-информацион фæрæзты, алы æмвæзадтыл мадзæлтты дæр ацы фарстæн ма дæттæм политикон характер, ма йæ бæттæм революцион хабæрттимæ. Советон дуджы цы концепци ныффидар, ома уый уыд большевиктæ æмæ меньшевикты хсæн хæст, уый раст нæу. Афтæ куы уыдаид, уæд уыцы гуырдзиаг меньшевиктæ цæуылнæ цагътой, большевикон зондахастыл хæст гуырдзиæгты?

«Уый классон тох нæ уыд, уый комкоммæ дæр уыд геноцид ирæтты ныхмæ æмæ йæ хъуамæ хонæм, куыд уыд, афтæ. Кæд гуырдзы цыфæнды мадзæлттæй дæр архайдзысты уыцырдæм æй здахыныл, цæмæй дунеон æмæхсæнадæн бауырнын кæной, аххосджын æрмæстдæр большевиктæ кæй уыдысты, уæддæр махæн хъуамæ уа нæхи æнæфæцудгæ позици, æмæ йæ размæ кæнæм цыфæнды æмвæзадтыл дæр», – фæндвидарæй загъта Президент Бибылты Анатоли.

Æстайæм азты кæрон нын цы геноцид расидтысты, уый тыххæй нæ фæстагæттæ, ома нæ сомбоны истори иртасджытæ историон фактты хъуагдзинад не ййафдзысты – нæ абоны фæлтæр уый тыххæй зæрдæхудт нæ уыдзысты историйы раз. Алцы дæр, алы факты тыххæй информаци дæр фидаргонд æмæ бæстон æрцыд документалон æгъдауæй. Фæлæ уæды фæлтæр стыр историон рæдыд æруагътой, уыцы геноциды тыххæй нын фаг историон факттæ кæй нæ ныууагътой, уый тыххæй. Чизоны сæ фæндгæ тынг кодта, фæлæ сын ног, советон цардарæзтад нæ лæвæрдта уый бар, ног цæдисон паддзахады нæ фæндыд гуырдзиаг адæмы хъыг райсын, нæ сæ фæндыд змæнтын, ивгъуыды хъæдгæмттæм агайын. Ирон адæм та æгæр коммæгæс кæй разындысты, уый аххос уыд æви, цы стыр фыдтæ сыл æрцыд, уыдоны рыстæй сæ нæ равдæлд сæ сомбоныл ахъуыды кæнынмæ, уый абон зын равзарæн у. Фæлæ абон æгæр цыбыркъух кæй стæм историон æрмæджытæй, бæлвырдгæнæг факттæй, уый дæр æмбæхсинаг нæу.

Æппæт ацы проблемон фарстаты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой къамисы уæнгтæ дæр: Коцты Къоста, Дзиццойты Юри, Джиоты Мурат, Тедеты Вадим, Дьяконты Амиран, Гаглойты Роберт, Пухаты Къоста, Гасситы Натали, Хъотайты Мария æмæ æндæртæ.

Историон æрмæджытæ æмæ факттæй цыбыркъух кæй стæм, уый тыххæй цæвиттонæн фаг у уый дæр, æмæ куыддæр Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ ирон адæмы геноцид банымайыны фарстмæ æркæсыны кой скодта, афтæ гуырдзы фæдисы хъæр ныккодтой. Цæй геноциды кой, дам, кæнынц, чи, дам, сын сарæзта геноцид?.. Уæдæ, дам, сæ уæлмæрдтæ кæм сты, кæд, дам, сæ мингæйттæй ныццагътам, уæд?..

Æмæ уымæй раст сты. Кæм сты нæ уæлмæрдтæ, æцæгæйдæр? Цæуылнæ исчи ахъуыды кодта, уый бæрц мæрдтæн сæ иу кæцыдæр хай уæддæр æрæмбырд кæнын æмæ сæ иу, иумиаг уæлмæрды бавæрын. Зæгъгæ, мах бынаты гуырдзы сæхæдæг уыдысты, уæд сæ уартæ нæ фыдæлтæ Тигр æмæ Ефраты былгæрæттæй æрцæугæйæ сæ зæххыл куы рцæрын кодтой, уыцы рæстæджы мæрдты стджытæ дæр скъахтаиккой, æмæ сæ иумиаг уæлмæрд сарæз-таиккой…

Къамисы радон рабадты дзырд цыдис, ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæс-ты фæдыл мадзæлттæ уадзын кæй хъæуы Ирыстонæн æддейæ дæр. Ныртæккæ ацы фарстыл активонæй кусы Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр. 

Президент бахæс кодта дзыллон-информацион фæрæзты минæвæрттæн, цæмæй ацы темæйы фæдыл кæной æнæрлæугæ куыст. Уымæн æмæ та гуырдзы ацы хъуыддаджы дæр хъавынц информацион хæсты нæ разæй фæуынмæ. Алы мæнг хабæрттæ мысгæйæ, архайынц фактты зыгъуыммæгондæй равдисыныл, цæмæй сæ мæнг рæстдзинадыл баууæндын кæной æндæр адæмты дæр. Махæн та нæ хæс у, цæмæй информацион хæсты алы хатт дæр уæлахиздзау уа, раст чи у, уый, рæстдзинад кæй ‘рдыгæй ис, уыцы фарс. Æмæ уый хъуамæ бафта нæ къухы. Кæддæр, нæуæдзæм азты геноциды хабæртты фæдыл Гуырдзыстоны уæды разамонæг, хин æмæ кæлæны политик Эдуард Шеварднадзе загъта: «Хъуамæ басæттæм, мах информацион хæсты ирæттæн кæй фембылды стæм, ууыл». Афтæ хъуамæ уа ныр дæр, дыууынæм азы геноциды тыххæй хъуамæ ма фембылды уæм не знæгтимæ информацион тохы тыгъдады.

Ахæм позицийыл хæцгæйæ, фæцис къамисы радон рабадт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.