15-æм октябры ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, гениалон поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, нывгæнæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл сæххæст ис 161 азы. Ирыстоны, ирон адæмæй фыццаг хатт цырты аккаг чи ссис, уыдонæй иу у Хетæгкаты Къоста. Æнусон у Къостайы ном, æнусон æмæ æнæмæлгæ у йæ диссаджы сфæлдыстад дæр, кæцыйыл фæлтæрæй-фæлтæрмæ ахуыр æмæ хъомыл кæнынц Ирыстоны хъæбултæ. Къоста æгæрон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ ирон адæмы, уымæ гæсгæ йын Иры дзыллæ табу кæнынц.

Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн нæ горæты йæ цырты раз уагъд æрцыд дидинджытæ сæвæрыны церемони. Бæрæгбонон церемонийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, афтæ ма сфæлдыстадон æмæ зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Мадзал уагъд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады хъæппæрисæй. Къостайы цырты размæ фыццаг дидинджытæ бахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Дидинджытæ æвæрыны церемони адарддæр кодтой æппæт æрæмбырдуæвджытæ, Къостайæн табугæнджытæ.

Нæй йын рохгæнæн, нæй йын мæлæт

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы аз фыццаг хатт  Къостайы бон уæрæхмасштабонæй арæзт кæй не ‘рцыдис, нæ республикæйы коронавирусæй рынчынтæ кæй фæзындис æмæ рæстæгмæ массон мадзæлттæ аразыны бар кæй нæй, уый аххосагæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зассеты  Жаннæ  нын куыд радзырдта, афтæмæй Къостайы бон æндæр азтимæ абаргæйæ, уæрæхæй арæзт нæ цæуы.

«Абон мах ардæм æрæмбырд стæм, цæмæй Къостайæн йæ ном ссарæм. Махæн уый бар нæ уыд, цæмæй йын ма балæггад кодтаиккам йæ цырты раз. Уымæн æмæ Къоста махæн у нæ хурты хур. Уый махæн ныууагъта, аргъ кæмæн нæй, ахæм стыр сфæлдыстадон бынтæ, уымæ гæсгæ макуы хъуамæ рох кæнæм Къостайы стыр ном. Уымæн йе сфæлдыстад æмæ йæ ныхас сты æнусон, нæй сын рохгæнæн, нæй сын мæлæт. Йæ зарæг  махæн у царды хур, уый нын рухс кæны нæ зонд æмæ зæрдæтæ. Къоста нын амоны рæстæй цæрын, рæстдзинад æмæ сæрибарыл тох кæнын. Къоста уыд йæ адæмы бартыл, йæ адæмы сæрыл уæндон хъæлæсæй, æргом чи сдзырдта, ахæм лæг æмæ йын хъæуы кад кæнын. Абон мæн бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды æппæт уыдонæн, кæцытæ хайад райстой Къостайы боны цытæн мадзæлтты», – загъта Культурæйы министр.

Зассеты Жаннæ ма куыд загъта, афтæмæй республикæйы æппæт скъолаты дæр ацы бонты Къостайы номыл уагъд цæуынц литературон уроктæ, цыран скъоладзау фæсивæд уæлæмхас ахуыр кæнынц Къостайы цард æмæ сфæлдыстад. Республикæйы æппæт библиотекæтыл та ацы бонты байуардзысты, Цæгат Ирыстон-Аланийы рауагъдад «Ир»-ы Къостайæн ногæй цы чингуытæ рауагътой, уыдон.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.