Фæстаг рæстæджы республикæйы территорийыл фæзындысты фосы ахæм низтæ, куыд ставдкъах фосы нодулярон дерматит æмæ хуыты африкæйаг емынæ. Низты дарддæры апарахат ма æруадзын æмæ сæ скуынæг кæныныл дзырд цыдис, республикæйы районты æмæ ветеринарон службæйы сæргълæуджытимæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик цы æмбырд ауагъта, уым.

Æмбырды ма хайад райстой республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ æмæ «Югосельхознадзор»-ы сæргълæууæг Мæргъиты Алан.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй регулярон æгъдауæй мониторинг уагъд цæуы эпизотион уавæры фæдыл æмæ ист цæуынц æмбæлон мадзæлттæ.

«Мæй æмæ æрдæджы бæрц мах æрвылбон дæр информаци исæм республикæйы районтæй фосы низтимæ ситуацийы фæдыл æмæ ист цæуынц æмбæлон мадзæлттæ. Цæвиттон, нодулярон дерматиты низы ныхмæ вакцинæтæ æлхæд æрцыд 2 милуан сомы аргъ æмæ вакцинаци цæуынц ставдкъах фос, транспорт рахицæн æрцыд, цæмæй ветеринарон бригадæтæ цæуой хъæутæм æмæ æмбарынгæнæн куыст цæуа бынаты цæрджытимæ. Афтæ ма мадзæлттæ ист цæуы хуыты африкæйаг емынæ ма апарахат кæныны ныхмæ, кæцыйы тыххæй информаци райстæуыд æртæ боны размæ», – загъта Пухаты Эрик.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй нодулярон дерматиты низ раздæр республикæйы территорийыл никуы фæзынд æмæ хаст нæ уыд цæрæгойты ахæм низты номхыгъдмæ, кæцыты ныхмæ планон режимы уагъд цыдис вакцинаци. Æмбырды райст æрцыд уынаффæ, цæмæй хаст æрцæуа реестрмæ æмæ дарддæр развæлгъау мадзæлттæ ист цæуа йæ фæзыныны ныхмæ.

Цæмæй инфекцион низтæ дарддæр ма парахат кæной, уый тыххæй районтæй рахизæнты арæзт æрцыдысты дезинфекцион барьертæ.

Æмбырды ма бакуыстæуыд цæрæгойты инфекцион низты ныхмæ тохы æндæр мадзæлттæ дæр. Æмбæлон службæтæ дарддæр дæр хъуамæ координаци кæной сæ иумæйаг архайдтытæ.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.