Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы Федерацийы иууыл зынгæдæр тæхджытæй сæ иу – Иван Федоровæн уыд, сфæлхатгæнæн кæмæн нæй, ахæм æнахуыр хъысмæт.  Дунейы нæ уæвынад кæны дыккаг ахæм адæймаг, кæцы Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй æнæ рацæугæйæ, райста уæлдæр паддзахадон хорзæхтæ нырма Адольф Гитлеры сæрмагонд уынаффæйæ æмæ уый фæстæ та Сталины барамындмæ гæсгæ. Зын бауырнæн  у ацы адæймагмæ æрхаугæ  æнахуыр æмæ уыимæ амондджын хъысмæты тыххæй.1940 азты райдианы Федоров нымад цыд советон æфсæддон авиацийы хуыздæр тæхджытæй сæ иуыл. Уый у Советон Цæдисы хъайтар. Афтæ  ма у Испаны хъайтар дæр.  Куыста слесырæй Луганскы паровозаразæн заводы æмæ уыцы иурæстæджы ахуыр кодта адæмон ахуырады Донецкы институты цур изæрыгон рабфакы. Каст æй фæцис 1930 азы. Уый фæстæ архайдта ОСОАВИАХИМ-ы Луганскы скъолайы æмæ тахт хиаразгæ æнæмоторон хæдтæхджытыл (планер) æмæ цæрæнбонтæм «фæрынчын» арвæй. 1932 азы Луганскы пединституты 1-аг курс каст фæуыны фæстæ йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Планертыл атахтытæ йын баххуыс сты æмæ 1932 азы каст фæцис æфсæддон пилотты Луганскы 11-æм авиацион скъола æмæ райдыдта службæ кæнын Æфсæддон уæлдæфон тыхты рæнхъон хæйтты кæстæр тæхæгæй. Уыцы аз уый ссис Житомиры 69-æм авиабригадæйы 35-æм куынæггæнæг авиаэскадрилийы цæджы командир. 1936 азы та уыд 69-æм авиабригадæйы 17-æм куынæггæнæг авиаполкы къорды командир. 1937 азы Сырх фæзуаты уæлдæфон парады хайадисæг тæхджыты фæхуыдтой Кремлмæ. Уым 12 адæймаджы скондæй къорд бахатыд Испанмæ сæ хæцынмæ арвитыны тыххæй. Цалдæр боны фæстæ сæ хæдтæхæгыл арвыстой Испанмæ.

2000 азы национ авиацион журнал «Крылья Родины»-йы Федоровыл цы уац мыхуыр æрцыд, уым фыст уыд: «Испаны Иван Федоров сарæзта 286 хæстон атахты, 36 тохы равдыста уæлдæфон тох уадзыны  æнахуыр æмæ стæм дæнцæгтæ. Æрæппæрста ныхмæлæууæджы 11 хæдтæхæджы æмæ къорды та – 13 хæдтæхæджы. Испаны арвыл равдисгæ хъайтардзинады тыххæй Федоров хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы дыууæ орденæй, испайнаг хорзæх «Лавры Мадрида»-йы орденæй.

 Испаны хæсты рæстæджы æнахуыр сгуыхтдзинæдтæ кæй равдыста, уымæ гæсгæ диссаг нæ уыд уый дæр, æмæ иумиаг ахуырты рæстæджы советон командæкæнынад Германмæ ацæуыны тыххæй  кусæгон-зæххкусæгон сырх æфсады (РККА) æфсæддон-уæлдæфон тыхты пилотты делегацийы сконд куы арæзта, уæд Федоров фыццæгтæй сæ иу номхыгъдмæ хаст кæй æрцыд. Ацы службæйон командировкæйы æрцыд ахæм цау, кæцы фæстæдæр бацыд фыдыбæстæйон авиацийы историмæ.

Германы советон тæхджытæн равдыстой ногдæр немыцаг эксперименталон куынæг-гæнæг хæдтæхæг «Хейнкель-100»-йы. Фæлæ райсом раджы советон делегаци аэродроммæ куы æрбацыд, уæд немыцаг пилот афæстиат техникон службæйы. Æмæ цæмæй рæстæг дзæгъæлы ма фесæфтаиккой, уый тыххæй Иван Федоров схызт куынæггæнæг хæдтæхæджы кабинæмæ, скусын æй кодта æмæ стахт. Уыимæ уый немыцæгтæн æвдыста уырыссаг пилоты дæсныдзинад, æнæзонгæ йын чи уыд, уыцы хæдтæхæгыл уæлдæр пилотажы цалдæр фигурæ саразгæйæ. Зæххы чи уыд, уыдон иууылдæр дисгæнæгæйæ кастысты уырыссаг пилоты дæсныдзинадмæ. Иван Федоровы атахтмæ сæ хъус дардтой йæхæдæг Адольф Гитлер æмæ Германы Æфсæддон уæлдæфон тыхтыл командæгæнæг Герман Геринг. Фашистон Æртыккаг Рейхы лидертæм афтæ диссаг фæкаст Федоровы арæхстдзинад æмæ йæ фæхуыдтой сихор кæнынмæ. Сихоры фæстæ фюрер цытджын æгъдауæй Иван Федоровæн радта тулдзы сыфты фæлгæты рыцары дзуаримæ къопп – нацистон Германы уæлдæр хорзæх.

Дыккаг бон аэродромы радон фембæлды рæстæджы, немыцæгтæ бацымыдис кодтой, фюрер ын цы рыцары дзуар радта, уый тæхæг цæмæннæ бакодта йæ риуыл, уымæ. Федоров стыр цæстытæ саразгæйæ, равдыста йæ цырыхъы бын, цыран хорзæх конд уыд  цæфхады бæсты.

АРВЫ ПАДДЗАХ

  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Иван Федоров, фыццæгтæй сæ иу ацыд фронтмæ æмæ цыбыр рæстæгмæ йæхи равдыста немыцаг авиацийы  хъæбатыр куы-нæггæнæгæй. 1941 азæй 1945 азмæ Федоров æрæппæрста ныхмæлæууæджы 134 хæдтæхæджы, сарæзта æхсæз уæлдæфон тараны æмæ æртæ хатты бавдыст æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном райсынмæ. Уымæ нæ кæсгæйæ, Иван Евграфы фырт бæрзонд хорзæх райста æрмæстдæр 1948 азы И.Сталины бардзырдмæ гæсгæ. Иууыл цымыдисондæр та уый у, æмæ зынгæ тæхæджы  хæстон архайдтыты рæстæджы равдисгæ хъайтардзинады тыххæй кæй не схорзæхджын кодтой, фæлæ реактивон хæдтæхæджы фæлварæнты тыххæй, кæцыты рæстæджы пилот фыццаг хатт ахызт зæлы тагъдады сæрты. Уыимæ банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ йæ карьерæйы рæстæджы æфсæддон тæхæг Иван Федоров кæй скъæрдта алыгъуызон хæдтæхджыты 297 хуызы. Хъæбатыр тæхæг иу æмæ дыууæ хатты нæ лæууыд мæлæты къæсæрыл, фæлæ йæ хъысмæт хъахъхъæдта.

Иу хатт, ног хæдтæхæг Ла-174 фæлварæнты фæстæ æрбадыны рæстæджы, банкъардта, машинæ мæнæ-мæнæ кæй æрфæлдæхдзæн, уый. Æндæр тæхæг ахæм уавæры бафæлвæрдтаид уæлдæфон нау сраст кæнынмæ æмæ афтæмæй æнæмæнгæй дæр æрхаудаид. Иван Федоров сарæзта æнæстандартон архайд. Уымæн практиконæй бантыст хæдтæхæджы зæххы тæккæ сæрмæ 360 градусы æрзилын æмæ æнтыстджынæй хивæнд машинæйы æрбадын кæнын. Уыцы рæстæджы аэродромы инцидентæн æвдисæнтæ  чи систы, уыдон сæхимæ нал цыдысты тæссаг цау фенгæйæ. Æгæрыстæмæй, отставкæйы ацæуыны фæстæ дæр зынгæ тæхæг уыд тынг хорз физикон формæйы. 80 аздзыдæй уымæн йæ бон уыд йæ къухтыл цæуын. Зынгæ тæхæг цардæй ахицæн 2011 азы 97-аздзыдæй.

Æрмæг бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.