Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын цæрджытæ! Зынаргъ æмзæххонтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын  сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боны цытæн.

Уый уыд ахсджиаг æмæ историон æгъдауæй æнæмæнгхъæуæг цау, кæцы фæахъаз гуырдзиаг фашистон фыдракæндтæй нæ адæмы бахъахъхъæнынæн, махæн та – кусын, рæзын æмæ цæрыны фадат радтынæн.

Нæ хæдбардзинадмæ мах бирæ азтæ цыдыстæм, карз фæлварæнтæ æмæ зындзинæдты сæрты. Мах рацыдыстæм уæззау æмæ трагикон фæндагыл, стыр зиæнттæ баййафгæйæ. Фæлæ æппæт фæлварæнтæ рацæугæйæ, хъæддыхдзинад, æхсардзинад, хъайтардзинад æмæ, Райгуырæн зæхмæ уарзондзинад равдисгæйæ, мах æнувыдæй баззадыстæм нæ равзаргæ фæндагыл æмæ бахъахъхъæдтам нæ райгуырæн зæххы хæдбардзинад æмæ сæрибардзинад, национ  æвзаг, культурæ, традицитæ æмæ истори ахуыр кæнын æмæ рæзын кæныны фадат.

Абон, мах, куыд суверенон демократон паддзахад, фидар æмæ рæзын кæнæм хицауады æмæ æмбæстагон æхсæнады институттæ, аразæм фидар барадон æмæ социалон бындур бæстæйы рæзт æмæ дидинæфтыдæн, сабырад фидар кæнын æмæ стабилондзинадæн æмæ аразæм æппæт дæр, цæмæй не ‘мбæстæгтæ ифтонг æрцæуой царды аккаг æмвæзадæй.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад, амонд, сабырад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.