Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта цытджын линейкæтæ Ленингоры районы скъолаты. Паддзахады сæргълæууæгимæ ма уыдысты Ахуырад æмæ зонады министры хæстæ æххæстгæнæг Гасситы Натали æмæ Ленингоры районы Администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Витали.

Педагогон коллектив, ахуырдзаутæ æмæ сæ ныййарджытæн ног ахуырадон азы цытæн раарфæ кæнгæйæ, Бибылты Анатоли æр-сидт сывæллæттæм, цæмæй хорз ахуыр кæной, уымæн æмæ паддзахады, адæмы сомбон баст у, ахуыр, бирæ чи кæсы, ахæм адæмыл.

«Зынаргъ сывæллæттæ! Цытджын ныййарджытæ! Цытджын ахуыргæнджытæ!

Ацы аз уыд зын. Уыд ахæм рæстæг, мах куы бахъуыд дистанцион ахуырмæ рахизын. Абон æппæт Хуссар Ирыстоны скъолатæ сæ дуæрттæ байгом кодтой, цæмæй нæ сывæл-лæттæ дарддæр дæр исой зонындзинæдтæ æмæ ахуыр кæной. Сымахæн ис æппæт фадæттæ дæр, цæмæй исат зонындзинæдтæ, кæцытæ уын рабæздзысты царды. Уыр-ны мæ, сымах нæдæр уæ ныййарджыты, нæдæр уæ ахуыргæнджыты фыдæнхъæл кæй нæ фæкæндзыстут, хорз кæй ахуыр кæндзыстут æмæ хорз фæстиуджытæ кæй æвдисдзыстут.

 Бузныг зæгъын ахуыргæнджытæн æмæ ныййарджытæн сывæллæттæ хъомыл кæныны фæдыл æмархайды тыххæй. Ныфс мæ ис, сымах æппæт дæр кæй араздзыстут, цæмæй нæ сывæллæттæ схъомыл уой ахуыргонд æмæ æнæнизæй. Уый ис нæ тыхты æмæ нæ къухты», – загъта уый.

Уымæй уæлдай ма, Президент ныфс бавæрдта, республикæйы къухдариуæгад ал-цыдæр кæй араздзæн, цæмæй педагогон кус-джыты ахуырадон фадæттæ уæрæх цæуой, кæцытæ мотиваци кæнынц ахуырдзауты зонындзинæдтæ райсынмæ.

Арфæйы ныхæстимæ ахуырдзауты æмæ æппæт æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта Гасситы Натали дæр:

«Æз нæ фыццагкъласонтæм кæсын æмæ мæ ныфс ис, сымах кæй суыдзыстут ахуыры, хидарыны æмæ спортивон æнтыстыты цæ-виттойнæгтæ. Мæ цæст уарзы нæ ахуыргæнджытæн быхсындзинад æмæ тыхтæ, æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ. Уадз, æмæ  алкæцы сывæллонимæ ныхас кæнын дæр хæссæд циндзинад, уæ сывæллæттæн куыд цинхæссæг уыдзæн, афтæ. Сывæллæттæ, мæ цæст уын уарзы æнтыстытæ æмæ æнæниздзинад!

Æмæ йæ зонут, скъолайы уæ кæй уарзынц, аргъ уын кæй кæнынц æмæ сæ ныфс кæй ис, сымах кæй суыдзыстут ахæм стъалытæ, кæ-цытæ сараздзысты скъолайы истори. Рæствæндаг!», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.