Ныртæккæ хорз фадæттæ ис, йæхи кондад райтынг кæй фæнды, уæлдайдæр та хъæууон хæдзарады фадыджы, уыдонæн. Ахæмты фарсмæ нæ  республикӕйы разамынад дæр, йæ бон цас у, уымæй балæууы, баххуыс сын кæны æхцайы фæрæзтæй, цæмæй сæ къахыл слæууой æмæ сæ хæдзарад райтынг кæной. Ацы хъуыддаджы та сæйраг у, кредитты хуызы паддзахадæй цы æхцайы фæрæзтæ ахæссынц, уыдонæй раст спайда кӕнын. «Ахæм хъуыддагыл  ныххæцын баст у бæрæг зындзинæдтимæ, хатт тас дæр вæййы, цы фæрæзтæ бахардз кæнай, уыдон дæр дзæгъæлы куы фæуой», – зӕгъы  Цхинвалы районы цæрæг, æвзонг арендатор Уалыты Ирбег.

Ирбег цы хъуыддаг сфæнд кодта райдайын, уымæн æм æхцайы фæрæзтæ нæ уыд. Фӕлӕ бацæттæ кодта бизнес-программæ æмæ йæ балæвæрдта дыууæ азы размæ, æвзонг амалиуæггæнджытæ æмæ фермæтæн æххуысы тыххæй Экономикон райрæзты министрад цы сæрмагонд къамис сарæзта, уырдæм. Уыдон ын рахицæн кодтой 250 мин сомы, фӕлӕ уал уæдмæ æвзонг лæппу йæхи сæрмагонд зæххы фадыгыл, цы æхцайы фæрæзтæ йæм уыд, уыдонӕй самал кодта ӕмӕ сарæзта каркастæ. Фæлæ йын дарддæр æхца нал сфаг. Кредиты хуызы цы æхцатæ райста, уыдонæй та йӕ ӕркодта ӕмбӕлон уагмæ, йæ фæрстæ йын бамбæрзта целлофанæй, бауагъта йæм донхæргæнæн дон. Йæ сæр та йын сагъуыста лексанæй. Фыццаг аз дзы байтыдта помидоры садзæнтæ ӕмӕ  тыллæг ауӕй кодта. Дыккаг аз йæ хъуыддаг фæрæвдздæр ис, Ирбегæн æмæ та ныссагъта цæхæра æмæ алыгъуызон цъæхыгтæ. Тынг зæрдиагæй йын сæ æлхæдтой нæ горæты уæливыхтæ цы къæбицты кæнынц, уыдон хицæуттæ. Ирбег куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъӕрмуаты цы халсæрттæ зад, уыдон уыдысты экологон æгъдауæй сыгъдæг. Дыккаг азы тыллæгæй дæр райгондӕй баззад Уалыйы фырт, фæлæ уæддæр йæ фæрæзтæ уый бæрц нæма сты, цæмæй йæ хъӕрмуаты фæрстæ дæр лексанæй баива. Йæ целлофантæ арæх ныскъуыдтæ вæййынц, фæивы сæ рæстæгæй-рæстæгмæ. Æвзонг амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй хъармуат капиталон арæзт куынæ уа, уæд тæссаг у, цы куыстытæ кæны, уыдон дзӕгъӕлы куы фӕуой, уымæй. Уымӕн ӕмӕ тыхдымгæтæ æмæ ихуартдтытæ куы вæййы, уæд хъӕрмуаты фæрстæ цы целлофантæй æмбæрзт сты, уыдон ныскъуыдтæ кæны.

Амалиуæггæнæг ма куыд зæгъы, афтæмæй зæххы куыст чи кæны, уый хъуамæ алцæмæ дæр лæууа цырд. Иу бон дæр куынæ бахизы йæ хъӕрмуатмæ, уæддæр ыл бæрæгæй фæзыны, иу куыст, дам иннæйы æййафы.

Ацы аз та Ирбег йæ хъæрмуаты байтыдта джитритæ, ӕмӕ памидортӕ. Афтæ кæй кæны, уый та дæтты хорз фæстиуæг. «Æз хъæуты хъомыл кодтон. Мæ ныййарджытæ хуымæтæг зæхкусæг адæм сты. Мæхи цæстæй уыдтон, мæ мад-иу æрвылаз дæр уыцы иу бынаты куыд тыдта помидортæ æмæ джитритæ. Раст зæгъгæйæ, йын æвзæр нæ задысты, фæлæ уæд æрдз дæр æндæрхуызон уыд. Интернеты хызæджы хъæууонхæдзарадон продукттæ æрзайыны сайттæ куыд амонынц, афтæмæй алы аз дæр ивын хъæуы халсæртты бынæттæ, уæд, дам, хуыздæр тыллæг дæтдзысты», – зæгъы Ирбег.

Æвзонг амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй цы тыллæг æркодта, уыдон ауæй кæны улæфт бонты бынæттон базары. Хатт æм æлхæнæг æрбацæуы бынатмæ дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.