Театралон фæзуаты ауагъдæуыд акци закъон æмæ рæстдзинад бахъахъхъæныны сæраппонд. Мадзалы организатортæ уыдысты парти «Иугонд Ирыстон» æмæ республикæйы Десантнонты цæдис.

Митинг байгом кодта политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы лидер, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан. Уый банысан кодта, æвзонг лæппу Дзабиты Инал трагиконæй кæй фæмард, уый фæстиуæгæн республикæйы цы уæззау уавæр сæвзæрд, уый. Парламенты спикеры ныхæстæм гæсгæ, «парти «Иугонд Ирыстон» кæддæриддæр уыд йæ адæмимæ æмæ дарддæр дæр уыдзæн семæ,  скъуыддзаг сын кодта æмæ кæндзæн сæ проблемæтæ, кæм хъæуы, уым сын æххуыс кæны».

Банысан ма кодта, зæгъгæ, «мах иуварс никуы алæууыдыстæм нæ æмбæстæгтæй, нæ принциптæй. Фæмард нæ паддзахады æмбæстаг. Алкæй дæр фæнды, цæмæй ауагъдæуа объективон фæдысгæрст æмæ аххосджынтæ æфхæрд баййафой».

«Куыд политикон блок, афтæ мах, фыццаграды фæнды, цæмæй Ирыстоны æлдариуæг кæна рæстдзинад, æххæст цæуой закъæттæ, аххосджынтæ та кæддæриддæр тæрхоны раз дæттой дзуапп», – загъта Тадтаты Алан.

«Абон мах хъуамæ ноджыдæр бахатæм паддзахады сæргълæууæгмæ, цæмæй аххосджынтæ æфхæрд баййафой, цы бынæтты кусынц, уымæ нæ кæсгæйæ. Нæ сывæллæттæ, не ‘хсæнад Ирыстоны сæхи хъуамæ хатой æдасæй, куыд закъоны, афтæ республикæйы хицауиуæгады, барадхъахъхъæнæг структурæты æрдыгæй дæр, адæймаджы бартæ хæлд ма хъуамæ цæуой», – загъта партийы лидер, æмæ æрсидт, йæхи амбициты, политикон æмæ сæрмагонд интересты тыххæй сæвзæргæ уавæрæй чи пайда кæны, уыдонмæ, цæмæй ма архайой ирон адæмы ныддихтæ кæныныл.

Дарддæр раныхас кодта Президент  Бибылты Анатоли. Уый  мæсæллæйы ныхæстæ загъта зианджын бинонтæн. Куыд банысан кодта, афтæмæй æрцыд трагеди, кæцыйы фæстиуæгæн фæрыст нæ республикæйы алы æмбæстаджы зæрдæ дæр. Фидарæй ныфс бавæрдта, ацы æнæадæймагон фыдракæнды хайад чи райста, уыдон закъонмæ гæсгæ карзæй æфхæрд кæй баййафдзысты, цы бынæтты кусынц, уымæ нæ кæсгæйæ.

«Иу трагеди уый у æмæ æвзонг лæппу кæй фæмард, иннæ  та – уыцы трагедийæ политикæ кæй сарæзтой, уый у, цæмæй «бæллиццаг» къæлæтджыныл сбадой,  уый тыххæй», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.   

Бибылты Анатоли фехъусын кодта, æппæт дæр кæй  сараздзæн, цæмæй уыцы резонансон хъуыддаг скъуыддзаг æрцæуа объективонæй æмæ закъоны фæлгæтты. «Ацы трагедийы тыххæй бæрндзинад мæхицæй дæр нæ исын, ацы хъуыддаг кæронмæ бакæндзынæн».

«Æз куыд Хуссар Ирыстоны Конституцийы, адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинады гарант, афтæ нæ бауадздзынæн дестабилизаци, æппæт дæр сараздзынæн, цæмæй нæ адæм цæрой сабырæй æмæ æмудæй. Æз, куыд Президент, афтæ мæхицæй бæрндзинад никуы систон æмæ уын дзырд дæттын, ныр дæр нæ сисдзынæн», – загъта Президент æмæ бахахх кодта, зæгъгæ, мах чысылнымæц адæм стæм æмæ кæрæдзийы фарсмæ куынæ балæууæм, уæд нын ницы аразын бантысдзæн. Уый æрсидт оппозицон политиктæм, цæмæй Президентæн ультиматумтæ ма æвæрой, фæлæ счъилдысæй кусой нæ республикæйы размæцыды тыххæй. Адæймаг рæдийын дæр зоны, фæлæ Президентæн ультиматумтæ аразыны бæсты алчи дæр йæ рæдыды тыххæй закъоны раз дзуапп хъуамæ радта.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, йæ иу адæймаг нæ, фæлæ адæм кæй равзæрстой, æмæ йæ президентон æмгъуыды кæронмæ кæй лæггад кæндзæн йæ адæмæн.

«Æз цæрын ам, сымахимæ иумæ, схъомыл дæн хуымæтæг бинонты’хсæн æмæ кæддæриддæр уыдзынæн мæ адæмимæ иумæ. Райгуырдтæн Хуссар Ирыстоны зæххыл æмæ амæлдзынæн мæ райгуырæн зæххыл. Мæ адæмы цин æмæ хъыг кæддæриддæр сты æмæ уыдзысты мæ цин æмæ мæ хъыгтæ. Кæм фæнды ма уыдаин – никуы фæхудинаг кодтон мæ ирон адæмы», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй Парламенты Сæрдарæн бахæс кодта, цæмæй йæ хæслæвæрдты фæлгæтты сараза парламентон къамис резонансон фыдракæнды æргом æмæ объективон фæдысгæрсты тыххæй.

Дзабиты мыггаджы номæй митинджы раныхас кодта ХИПУ-йы лектор, профессор Дзабиты Зарбег.

Уый фыдракæндыл банымадта, Дзабиты Иналы амæлæты аххосджын чи у,  барадхъахъхъæнæг органты уыцы кусджыты архайд.

«Мах абоны онг дæр нæ зонæм, Дзабиты Инал цы аххсджын уыд, уый. Цæй тыххæй фæмард ахæм хъизæмайраджы мардæй. Мах никæй аххосджын кæнæм, фæлæ домæм, цæмæй æнамонд Иналы мæлæтæй политикæ ма арæзтæуа. Кæд искæй хорздзинад саразын фæнды, уæд Иналæн æртæ чысыл сидзæры баззад æмæ уыдонæн баххуыс æмæ балæггад кæнæд».

Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй цæуынц дам-думтæ, цыма Иналы бинонтæ лæбурынц кæмæдæрты, балæбурынц кæйдæрты хæдзæрттæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт уыдæттæ здæхт сты  æхсæнад сызмæнтынмæ æмæ исты разнаггаг кæнынмæ.

«Мах дзырдтам Президент Бибылты Анатолиимæ æмæ банысан кодтам, цæмæй ахæм трагикон цаутæ мауал æрцæуа, уый тыххæй Дзабиты Иналы амæлæты аххосджынтæ хъуамæ карзæй æфхæрд баййафой. Уый тыххæй та хъæуы объективон фæдысгæрст, йæ фæстиуджытæ та йын мыхуыр кæнын хъæуы дзыллон-информацийы фæрæзты», – банысан кодта Дзабиты Зарбег.

Æхсæнадон организаци «Мысынад æмæ ныфс»-ы номæй раныхас кодта Куыдзеты Лидæ. Уый дæр банысан кодта, Дзабиты Иналы амæлæты фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны уæззау уавæр кæй сæвзæрд.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы тæссаг уавæрæн, гæнæн ис, уа æппæрццаг фæстиуджытæ.

«Нæ организацийы минæвæрттæ зæрдæрисгæйæ мæсæллæй кæнынц тагикон æгъдауæй фæмардуæвæг Дзабиты Иналы бинонтæн. Мах стæм, ацы æнæраст хъуыддаджы тыххæй йæ æнæразыдзинад чи æвдисы, уыдонимæ иумæ. Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæй уыцы фыдракæнд чи сарæзта, уыдон худинаг кæнынц сæ бинонты дæр æмæ республикæйы дæр. Уый фæстиуæгæн уыдон хъуамæ закъонмæ гæсгæ æфхæрд баййафой карзæй», – загъта Куыдзеты Лидæ.

Уый æрсидт æхсæнадмæ, цæмæй æрбангом уой æмæ кæрæдзи бамбарой. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы уæззау уавæрæй рахизæн ис, Президенты фарсмæ æрбалæугæйæ æмæ закъонмæ гæсгæ рæстдзинад сбæрæг кæнгæйæ. Афтæ куынæ саразæм, уæд фесафдзыстæм, бирæ уды зиæнтты аргъæй цы паддзахад бахъахъхъæдтам, уый.

Куыдзеты Лидæ ма æрсидт сылгоймæгтæм дæр, цæмæй нæлгоймæгты разæй ма хизой. «Ирон сылгоймагыл нæ фидауы митингты хъæр-хъыллист  кæнын. Проблемон фарстатæ та скъуыддзаг хъуамæ кæной нæ цытджын нæлгоймæгтæ. Уымæн æмæ нæлгоймаджы дзырд ахадæндæр у, скъуыддзаг та хъуамæ  цæуой сабыр ныхасæй, тымбыл фынджы фарсмæ.

Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор куыд радзырдта, афтæмæй нæ адæмы нæ хъæуы дих кæнын «нæхиуæттæ» æмæ «æцæгæлæттыл».

«Мах чысылнымæц адæм стæм æмæ нын дихтæ кæнын не ‘мбæлы. Æнæхъæн къуырийы дæргъы иууылдæр дзурынц Дзабиты Иналы амæлæты тыххæй. Дзабиты Иналы амарынмæ кæй къух фæтасыд, уый нæ бацауæрддзæн махæй алкæуыл дæр,  Ирыстоныл дæр. Йæ амæлæт нæ иумиаг рыст у.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фæстаг рæстæджы иуæй-иутæ дзурынц Президенты ныхмæ, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, ферох кодтой, Бибылты Анатоли цы хорздзинæдтæ сарæзта, уыдоны.

Университеты ректор Тедеты Вадим дæр мæсæллæйы ныхæстæ загъта Дзабиты Иналы бинонтæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы трагикон хъуыддаг, кæцы бахъардта алкæйы зæрдæмæ дæр, ма хъуамæ ныддихтæ кæна хуссарирыстойнаг адæмы, фæлæ сæ хъуамæ æрбаиу кæна.

«Мæн уырны,  фыдгæнджытæ æфхæрд кæй баййафдзысты. Зонын ма уый дæр æмæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæн сæ бирæ фылдæр хай намысджынтæ кæй сты. Уый тыххæй æппæт дæр саразын хъæуы, цæмæй  æфхæрд баййафой, æрмæстдæр, аххосджынтæ, æнæ аххосджынты ныхмæ та дзурын нæ хъæуы», – банысан кодта Тедеты Вадим.

Митинджы раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутат Челæхсаты Хъазбег, кæцы фæндон бахаста Президент æмæ оппозицион партиты лидерты фембæлд сорганизаци кæныны тыххæй фыццаг æрсидты депутатты хайадистæй.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.