Уæрæсейы Федерацийы президенты æвзæрстытæм ма бæрцæй баззад цалдæр боны. Хъæлæс дæттыны сæ бон хайад райсын æрмæст нæ бæстæйы цæрджытæн нæ уыдзæн, фæлæ ма Уæрæсейы уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ хъæлæс дæттыны бон уыдзысты фæсарæнты. Цæмæй уыдон дæр сæ хъæлæс дæттыны барæй спайда кæной, уый тыххæй дунейы 143 бæстæйы 18 марты байгом уыдзысты æвзарæн фадгуытæ. Æвзарæн фадгуытæ байгом уыдзысты Хуссар Ирыстоны дæр, кæцыйы территорийыл цъус нæ цæрынц Уæрæсейы æмбæстæгтæ. Æвзæрстытæм ам куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй «15-æм регионæн» радзырдта республикæйы Президент Бибылты Анатоли.

– Анатоли Ильяйы фырт, 18 марты уыдзысты Уæрæсейы Федерацийы президенты æвзæрстытæ. Хуссар Ирыстоны байгом уыдзысты æвзарæн фадгуытæ уыцы æмбæстæгтæн, кæцыты фæнды хъæлæс дæттыны хайад райсын. Радзур-ма нын, куыд цæттæ цæуы æрбалæугæ æвзæрстытæм?

– Уæрæсейы  æмбæстагдзинад кæмæ ис, Хуссар Ирыстоны уыцы цæрджытæн, афтæ ма 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы æмæ Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управленийы чи службæ кæнынц, уыцы уæрæсейæгтæн гом æрцæудзысты 13 æвзарæн фадыджы. уыдонæй иуæндæсы хъæлæс дæтдзысты цæрджытæ, дыууæйы та  уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ. Æвзарджытæн сæ бон у хъæлæс радтой кæцыфæнды æвзарæн фадыджы дæр, æнцонвадатдæр сын кæм у, уым, кæм цæрынц, уымæ нæ кæсгæйæ.

Хуссар Ирыстоны хъæлæс дæт-тын организаци кæныныл кусы Уæрæсейы минæварад, кæцыйæн æппæтварсон æххуыс кæнынц Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис,  районты администрацитæ æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ. Ныртæккæ сæ тæмæны сты æмгъуыдæй раздæр æвзæрстытæ республикæйы дæрддагдæр хъæуты. Минæварады зонæнтæм гæсгæ æвзарджытæ хъæлæс дæттынц активонæй. Мах æнхъæлмæ кæсæм, 18 марты дæр æвзарæн фадгуытæм бирæ æвзарджытæ кæй æрба-цæудзæн æмæ Хуссар Ирыстон дæр Уæрæсейы цæрджытимæ кæй равзардзæн Уæрæсейы Федерацийы Президенты.

– Иумæйагæй сисгæйæ, цас ис Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл?

– Цæрджыты фæстаг сфысты зонæнтæм гæсгæ республикæйы цæрынц 53 мин адæймаджы. Уыдонæн сæ 98 проценты сты Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Президенты æвзæрстытæ сты не ‘взæрстытæ дæр. Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны цæрджытæ зонынц, Уæрæсейы æппæт политикон, экономикон æмæ социалон процесстæ кæй æндавынц нæ республикæйы цардыл дæр. Афтæ, æмæ 18 марты æвзарæн фадгуытæм æрцæуыны тыххæй æнæ æвзæрстыты агъоммæ компани дæр Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, куыд алы хатт, афтæ уыдзысты активон сæ æмбæстагон хæс сæххæст кæныны хъуыддаджы.

–  Дзыллон информацийы фæрæзты Арчил Тъатъунашвилийы амæлæты фæдыл спекуляцитæ банымайæн ис æвзæрстыты рæстæджы уавæр дестабилизаци кæныны фæрæзыл?

– Гуырдзыстон бирæ азты дæргъы паддзахадон терроризм æмæ хæстон агрессийы политикæйы  фæстæ куынæ разы кæны тыхæй не спайда кæныны тыххæй документыл къух æрфыссыныл, ахæм уавæрты Хуссар Ирыстон  цæттæ у алыгъуызон провокацитæм дæр. Уый нæ, фæлæ ма рæстæгæй-рæстæгмæ вæййынц провокацитæ саразынмæ бафæл-вæрдтытæ дæр. Барадхъахъхъæнæг органтæ ахæм бафæлвæрдтыты æруромынц.

Республикæйы уавæр сдестабилизаци кæнынмæ бафæлвæрд-тытæн æнтыст нæ вæййы. Ныфс мæ ис, æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты хъæлæс дæттын ацæудзæнис сабыр уавæры æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейы æмбæстæгтæ сæ хъуыды зæгъдзысты æнæ исты ныхдуртæй.

Дзыллон информацийы фæрæзты цы спекуляци цæуы æмæ Гуырдзыстоны æмбæстаджы амæлæты алыварс цы цъиувæдис систой, уыдоныл дзургæйæ, ам сæ хъуыдымæ гæсгæ ис дыууæ аххосаджы. Фыцца-джыдæр, абон Гуырдзыстоны цæуы карз политикон тох сæ президентон æвзæрстыты агъоммæ, кæцыйы рæстæджы алыгъуызон политикон тыхтæ тырнынц популистон раныхæсты, акциты руаджы очкотæ бакусынмæ, æмæ мах та зонæм, нæ сыхæгтæн  ахæм очкотæ æнцондæр бакусæн  сты национализмы темæйы, реваншистон раныхæстыл, æхсæннацион æнæуынондзинад цырын кæныны руаджы.

Ахæм истерийы дыккаг гуырæн сты Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг куратортæ, кæцытæ барадхъахъхъæнæг организацитæй пайда кæ-нынц, цæмæй радон хатт Хуссар Ирыстоны равдисой куыд оккупацигонд регион, цыран системон æгъдауæй хæлд цæуынц адæймаджы бартæ. Уыдоны реалон, бындурон бартæ халын нæ цымыдис кæнынц, æндæра сæ ныхас хъуамæ загътаиккой, гуырдзиаг полици нын не ‘мбæстæгты, уыдоны нымæцы æнæххæст кары адæймæгты дæр куы ахста æмæ æбæрæгæй куы сæфтысты, уый фæстæ. Уыдоны тыххæй ис дырыс бæлвырдгæнæнтæ. Фæлæ мах никуы федтам æмæ бирæнымæц ирæтты марыны, геноциды æвзæрыл банымайыны фæдыл кампанитæ ауадзын. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбарæм, информацион атакæ æххæст кæй цæуы, фыццаджыдæр, Уæрæсейы ныхмæ, кæцыйы ныгуылæйнаг политологтæ фæлварынц агрессор æмæ оккупантæй равдисыныл.

– Куыд нымайыс, иумæйагнымад лидер гæнæн ис æмæ уа, æвзæрстытæ сабыр уавæры кæй ацæудзысты, уый гарант?

– Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы президентмæ кандидаттæй хуыздæрыл кæй нымайынц, уый бæрæг у. Республикæйы цæрджытæ хъуыды кæнынц 2008 азы, хъуыды кæнынц Уæрæсейы æххуыс, хъуыды кæнынц, Владимир Путин Китайæ куыд æртахт Дзæуджыхъæумæ, цæмæй йæхи цæстæй фена, куыд ифтонг сты  Хуссар Ирыстонæй лигъдæттæ. Уый нын нæ адæмы рис райста, куыд йæхи рис, афтæ æмæ уымæй 10 азы фæстæ дæр цымыдис кæны, Хуссар Ирыстон кæй скъуыддзаг кæны, æппæт уыцы проблемæтæм, кæны нын алыварсон æххуыс. Нæ республикæйы царды æмвæзадыл чи хъуамæ бандавой, цалдæр ахæм уæрæсейаг-хуссар-ирыстойнаг сразыдзинады ныртæккæ архайынц æмæ сты йæ хъусдарды бын.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæхимæ ахæм ахаст уынынц. Адæмы æрфарстыты фæстиуджытæ дæр дзурæг сты, æмбæстæгты зынгæ фылдæр хай сæ хъæлæстæ кæй ратдзысты Владимир Путинæн.

О, æнæдызæрдыг лидер кæй ис, уый президентон æвзæрстыты кæны æдыхстдæр æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы дæр. Æппæт æвзарæн процессы нæй æндыгъддзинад. Уæрæсейæгты уый нæ хъæуы æмæ мæ ныфс ис, равзæрст арæзт кæй æрцæудзæнис æргом, фæдфæдылон мидæггагон æмæ æддагон политикæйы, бæстæйы фæдфæдылон рæзты пайдайæн.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.