Интервью телеканал «Россия – 24»-æн
«Россия-24»: Стыр бузныг дын, Леонид Харитоны фырт, рæстæг кæй ссардтай æмæ нæм кæй æрбацыдтæ. Фондз азы дæргъы ды, æз куыд зонын, афтæмæй Владимир Путинимæ фембæлдтæ æстæм хатт. Æвæццæгæн, ды дæ уыцы паддзахады лидер, кæцы æндæртæй арæхдæр æмбæлы Владимир Путинимæ. Цахæм фарстытыл уынаффæ кодтай Владмир Владимиры фыртимæ фембæлды рæстæджы?
Тыбылты Леонид: Фыццаджыдæр мæ зæгъын фæнды уый, æмæ æцæгæйдæр, мæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Владимиры фырт Путины ‘хсæн диалогы интенсивондзинад у бæрзонд. Уæрæсейы Федерациимæ Хуссар Ирыстоны бæттынц бирæ цыдæртæ. Нæ ахастытæ абон рахызтысты иттæг серьезон æмвæзадмæ æмæ ацы фембæлдтытæ дæр сты, нæ ахастыты мах ног, гъæдджын æмвæзадмæ кæй рахызтыстæм, уымæн æвдисæн. Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федерациимæ ахастытæм ис йæхи сæрмагонд ахаст. Æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн ацы фембæлдтытæ æмæ ацы ахастытæ сты иттæг ахсджиаг. Уæрæсейы Федерацийы Президентимæ нæ фембæлд ацыд хъарм уавæры, мах æруынаффæ кодтам бирæ фарстытыл: мах дзырдтам, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн абоны бонмæ цы сразыдзинæдтæ ис – уыдон та сты 90 фылдæр – уыдоны кæй хъæуы царды æххæст кæнын. Уыцы сразыдзинæдтæй сæйрагдæр у нæ бæстæты ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырд. Ацы Бадзырдыл къухтæ æрфыстæуыд 2015 азы 18 марты æмæ уый руаджы сырæзт бæстæйы хъахъхъæнынады иууон контур, æдасдзинады иууон тыгъдад.
Кæй зæгъын æй хъæуы, Бадзырды руаджы мах скъуыддзаг кæнæм социалон нысаниуæджы бирæ фарстытæ. Уымæ гæсгæ зæгъæн ис, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастыты фарстытыл уынаффæ кæнгæйæ, мах уынаффæ кодтам хъахъхъæнынадæй хицæн хæдзарадон, уыдоны нымæцы бæстæйы газификацийы онг фарстытыл. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, хъусдард аздæхтам, республикæ æвзæрстыты агъоммæ рæстæджы кæй цæры, уымæ дæр. Мах банысан кодтам, сæйраг кæй у, цæмæй æвзæрстытæм бацæуæм республикæйы архайæг æппæт закъæттæ, Конституци хъахъхъæнгæйæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, никæмæн ис бар, уыцы закъæттæ фехалын.
Мах дзырдтам, нæ ахастытæ дарддæр куыд рæзын кæнæм, цахæм ног программæтыл бакусæм, уыдæттыл. Иууыл сæйрагдæр, æз мæ хъусдард цæмæ аздæхтон, уый уыд, Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн кæй æххуыс кодта, кæй æххуыс кæны, æмæ нæ фембæлд куыд фенын кодта, афтæмæй уыцы æххуыс дарддæр кæндзæн, цæмæй фидардæр кæна Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад æмæ цæмæй адæм сæхи банкъарой ныфсджындæрæй сæ фæрныгады рæзты, царды æмвæзад бæрзонддæр кæныны хъуыддаджы. Афтæ, æмæ фарстыты спектр уыдис тынг уæрæх. Æмæ Уæрæсейы уæлдæр разамынады раз æз цы фарстытæ æрæвæрдтон, уыдонæй алкæцыйы фæдыл дæр райстон разыйы ныхас.
«Россия-24»: Ды загътай, зæгъгæ, уынаффæ цыдис хъахъхъæнынады фарстытыл дæр. 14 марты Владимир Путин хорзыл банымадта Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ республикæйы Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйтты бакæныны тыххæй Хуссар Ирыстонимæ Сразыдзинад. Куыд рауайдзæн уый организацион цæстæнгасæй? Ныридæгæн кæрæдзийы бамбæрстат?
Тыбылты Леонид: Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы хъахъхъæнынадон ведомствоты æмархайды фарст æвдыст æрцыд Уæлæмхас сразыдзинады, кæцы практикон æгъдауæй цæттæ у къухтæ йыл æрфыссынмæ. Мах æнхъæлмæ кæсæм Мæскуыйæ сигналмæ, цæмæй ардæм æрцæуа Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгад æмæ къухтæ æрфыссой ацы уæлæмхас сразыдзинадыл, кæцымæ гæсгæ дарддæр архайдзысты нæ хъахъхъæнынады ведомствотæ. Фыццаджыдæр, мах дзурæм, хицæн дæлхæйттæ кæй бацæудзысты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ, уый тыххæй. Ам ис иу ньюанс: Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ скондмæ æрмæст афтæ бацæуын нæ. Ам дзырд цæуы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дæлхæйттæй хицæн æфсæддон службæгæнджытæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ ист кæй цæудзысты, уыцы фæткойтæм гæсгæ, кæцытæ уæвынц Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады.
Уымæ гæсгæ мах бадзырдтам, æмæ уый Сразыдзинады дæр нысан æрцыд, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад дæр дарддæр кæй уæвдзæнис. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæйраг Бадзырдмæ Уæлæмхас сразыдзинады цы æмархайд нысан цæуы, уый у, цæмæй уа æххæст æмархайд. Æнæуый дæр абоны бонмæ уагъд цыдысты иумæйаг ахуыртæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæимæ, кæцы дислокацигонд у Хуссар Ирыстоны территорийыл, ома, мах фæстаг азты практикон æгъдауæй кæнæм æххæст æмархайд. Ам, куы ахъуыды кæнæм, уæд ногæй ницы ис, Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты уавæр хуыздæр кæй кæндзæн, уымæй дарддæр: этапгай фылдæр кæндзæн куыстмызд, хуыздæр кæндзæн материалон-техникон ифтонгад. Æввахсдæр бонты мах æнхъæлмæ кæсæм Уæлæмхас сразыдзинадыл къухтæ æрфыссынмæ, кæцы æвæрццагæй бандавдзæн хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджыты хъысмæтыл.
«Россия-24»: Хуссар Ирыстоны цалдæр къуырийы фæстæ, куыд ма загътай, афтæмæй æрцæудзæн ахсджиаг цау – Президенты æвзæрстытæ. Цахæм у, иумæйагæй сисгæйæ, уавæр ныртæккæ, æвзæрстыты агъоммæ рæстæджы?
Тыбылты Леонид: Æцæгæйдæр, 9 апрелы республикæйы уыдзысты Президенты радон æвзæрстытæ дарддæры фондз азæн. Æвзæрстыты агъоммæ рæстæгыл мах куы фæдзурæм, уæд фенхъæлмæ кæсæм цавæрдæр формулировкæтæм: уæззау, æндыгъд, карз. Абон ис хицæн моменттæ, кæцытæм мах нæ хъусдард аздæхтам Уæрæсейы Федерацийы Президентимæ нæ фембæлды рæстæджы. Æмæ мах ноджыдæр банысан кодтам, республикæйы алы æмбæстаг дæр, архайæг Президент уа, æндæр кандидаттæ æви рæнхъон æмбæстæгтæ, иууылдæр хъуамæ хъахъхъæной закъон.
Закъоны сæрты ахизыны бар никæмæн ис æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый бахъахъхъæнгæйæ, мах активон хайад хъуамæ райсæм æвзæрстыты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис хицæн раныхæстæ уыцы политикон конкуренцийы фоныл, кæцы абон райтынг республикæйы. Хицæн къордтæ дзурынц, ома дам, Централон æвзарæн къамисы ‘рдыгæй ис закъон халыны цаутæ. Централон æвзарæн къамис райста уынаффæ, кæцыйы фæстиуæгæн регистраци не ‘рцыд Президенты бынатмæ кандидаттæй сæ иу республикæйы экс-президент Кокойты Эдуард. Кокойты Эдуарды фарсхæцджытæ домынц Централон æвзарæн къамисы уынаффæ аивын, афтæ ма домынц Сæйраг тæрхондоны уынаффæ аивын дæр, кæцыйы фæстиуæгæн фидаргонд æрцыд Централон æвзарæн къамисы уынаффæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам ног уынаффæтæн гæнæн нæй, уымæн æмæ Сæйраг тæрхондоны уынаффæ у кæройнаг æмæ йыл хъастгæнæн нæй. Мæн фæнды ме ‘мбæстæгтæм се ‘ппæтмæ дæр фæсидын, уымæн æмæ ис закъон, кæцыйы хъæуы æххæст кæнын, нæ Конституцийы дæр æнæмæнгæй хъæуы æххæст кæнын. Кæд ис æмæ равзæры цавæрдæр фарстатæ, уæд уыдоны тыххæй ис политикон фадæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, политикон æгъдауæй аскъуыддзаггæнæн ис цыфæнды фарстæн дæр. Уый фыццаг.
Дыккаг та уый у, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны адæм 2011 азы бавзæрстой республикæйы мидæг карз ныхмæлæууындзинад, кæцыйæн йæ бон уыд æмбæстагон хæст расайын. Фæлæ нæ адæм куырыхон æмæ политикон æгъдауæй зондджын сты. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ та ныр дæр рахиздзыстæм ацы уавæрæй. Æз мæ адæммæ сидын, цæмæй сæ ахаст равдисой æвзæрстытæм, цавæрдæр акцитæ æмæ ныхмæлæууынадты хуызы нæ, фæлæ æвзарæн фадгуытæм æрцæугæйæ. Ноджыдæр ма йæ сфæлхатт кæндзынæн, ацы фарстаты нæ адæм зондджын, фæлтæрд cты. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ адæм сараздзысты афтæ, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой стабилон, сабыр уавæрты.
«Россий 24»: Æз æй афтæ æмбарын, æмæ ды дæр дæ кандидатурæ раразмæ кодтай Президенты бынатмæ. Дæхæдæг куыд аргъ кæныс æртæ къуыри цухæй фондз азы бакæнгæ куыстæн? Ды Президенты бынаты кусын райдыдтай 2011 азы…
Тыбылты Леонид: Раст у, æз дæр дыккаг æмгъуыдмæ мæ кандидатурæ раразмæ кодтон Президенты бынатмæ. Æмæ цалынмæ ацы фæндон раразмæ кодтаин, уæдмæ уал, кæй зæгъын æй хъæуы, æз бирæ фæхъуыды кодтон. Мæ кандидатурæ раразмæ кæнынмæ мæ цы бацырын кодта, уый уыд ныры онг бакæнгæ куыст. Фондз азы дæргъы республикæйы цъус нæ сырæзт. Ацы куысты фæстиуæг, кæй зæгъын æй хъæуы, у мæ кандидатурæ раразмæ кæныны бындур. Æз мæ кандидатурæ уымæн раразмæ кодтон, æмæ цы куыстытæ райдыдтон, уыдон кæронмæ бахæццæ кæнын хъæуы. Фæндтæ бирæ ис, бирæ сырæзт фондз азы дæргъы дæр. Ацы фондзазон сæйраджыдæр уыд республикæйы стабилондзинады тыххæй. Æз æй куыд банысан кодтон, афтæмæй 2011 азы уыдысты вазыгджын рæстæджытæ, республикæйы уыд вазыгджын уавæр. Адæм фæдихтæ сты, æхсæнады уыд серьезон дихдзинад. Адæмы хъуыд æрбаиу кæнын. Æз райдыдтон уымæй, æмæ мын æнтысгæ дæр бакодта. Уымæй дарддæр бирæ бантыст республикæйы сæндидзын кæныны хъуыддаджы дæр.
Абон мæ бон зæгъын у, арæзт кæнæ æндидзыдгонд кæй æрцыд 400 объектæй фылдæр. Уый Хуссар Ирыстонæн серьезон нымæц у. Абон нæ бон сæрыстырæй дзурæн у уый тыххæй, æмæ йæ кæронмæ фæхæццæ кæны паддзахадон университеты комплексы арæзтад. Цыбыр рæстæгмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн Паддзахадон драмон театр. Республикæйы арæзт æрцыдысты рынчындæттæ, скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, фæндæгтæ дæр арæзт æрцыдысты ногæй – цæрæнбонты рæстмæ фæндаг кæдæм нæ уыд, уырдæм. Кæд нæ сæйраг горæт Цхинвалæн фæндæгты бастдзинад нæ уыд иуæй-иу цæрæн пункттимæ, уæд ныр та республикæйы цæрæн пункттæ иууылдæр столицæимæ баст сты, абоны боны домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм ногарæзт фæндæгтæй. Уый у нæ куыстыты фæстиуæг…
«Россия 24»: Ныр та цы программæимæ цæуыс Президенты бынатмæ?
Тыбылты Леонид: Арæзт цы æрцыд, ныр та уый хъæуы бафидар кæнын. Ныртæккæ, кæй зæгъын æй хъæуы, кусæм ног программæтыл. Ноджыдæр та йæ банысан кæндзынæн, ног программæ афтæ арæзт хъуамæ æрцæуа, цæмæй аххæсса фарстаты комплекс æмæ паддзахадон арæзтадыл, афтæ ма æппæт структурæты райрæзтыл, кæцытæ абоны бон уæвынад кæнынц алыгъуызон министрадты онг: уыдон сты æнæниздзинад хъахъхъæнын дæр æмæ ахуырад дæр. Хъуамæ нын æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы бынаты æмбæлон медицинон æххуыс райсыны фадат уа. Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл мах кусæм.
Мах кæронмæ фæуыдзыстæм хирургион корпусы арæзтад гемодиализы хайадимæ, кæцы республикæйы никуы уыд, æмæ-иу нæ рынчынтæ цæмæй æмбæлон медицинон æххуыс райстаиккой, уый тыххæй-иу сæ бахъуыд республикæйæ æддæмæ ацæуын. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах развæлгъау фæнд кæнæм нæ рæзты ног этапмæ рахизын. Уый та уыдзæн, фондз азы дæргъы цы сырæзт, уый базæйыл. Æмбæлон уавæртæ арæзт æрцыдысты экономикæйы реалон секторы райрæзты тыххæй, куыд сæудæджерады райрæзты, афтæ хъæууон хæдзарады райрæзты тыххæй дæр. Республикæ кæддæриддæр уыд хъæууонхæдзарадон, аграрон регион, уый тыххæй ам ис бирæ кусинæгтæ, цæмæй нæхи сифтонг кæнæм нæхимæ æркæнгæ продукцийæ. Нæхи цы хъæуа, уымæй уæлдай нæм цы уа, уый та аласиккам республикæйæ æддæмæ – Уæрæсемæ. Программæ у алыварсон, ноджыдæр ма зæгъдзынæн, нæ къухы цы бафтыд, уый хъуамæ сфидар кæнæм. Æмæ, зоныс, æз хъуамæ зæгъон, кæй хъæуы кусын, кусын æрвылбон дæр, æнæ хъæлæба, æнæ хъаугъа, æнæ риторикæйæ. Æмæ уый фæстиуæгæн æз аскъуыддзаг кодтон Президенты бынатмæ дыккаг æмгъуыдмæ мæ кандидатурæ раразмæ кæнын.
«Россия 24»: Æвзæрстыты уын мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ зæрдæ уын зæгъы уæлахиз æмæ уæ республикæйы дидинæфтыд. Бузныг, абон нæм студимæ кæй æрбацыдтæ, уый тыххæй.
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.