Мæрдты бæстæм бахизæны – дыууæ æфсæн дуары. Сæ иуыл мидæмæ бахиздзынæ – дзæнæтмæ бахаудзынæ, иннæйы къæсæры сæрты бакъахдзæф кæндзынæ æмæ зындоны февзæрдзынæ. Зындонмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, никæйы фæнды æмæ йæ дуары раз никæйы фендзынæ. Йæ уæлион цардæн хæрзбон чи зæгъы, уыдон иууылдæр – растæй зылынæй балæууынц дзæнæты дуары раз уырдæм бахауыны ныфсæй. Уымæн та æруадзæн нæй – уæд ма уый цæй дзæнæты бæстæ уыдзæн. Æмæ бады дыууæ дуары раз Барастыр, цæмæй сæ æвзара. Рæстудæй, сыгъдæгæй чи цард уæлæуыл, уыдонæн дзæнæтмæ амыдта сæ фæндаг, фыдгæнæг чи уыд, тæригъæд хъуыддæгтæ чи арæзта, уыдонæн та – зындонмæ.

Хъамбол нырма хæрз æрæджы æрбалæууыд ацы адæмы фарсмæ. Уæлион царды ныууагъта йæ ныййарджыты, йæ хотæ, æфсымæрты, йæ уарзон чызджы. Йæ буар иууыл нæмыгдзæфтæ у, чи йæм бырста, хæст чи расидт, уыцы знаджы нæмгуытæй. Хæст хæст у, раст æмæ зылыны не ‘взары, мæнæ сæ ам Барастыр куыд æвзары, афтæ.

Лæууы Хъамбол уыцы адæмимæ æмæ æнхъæлмæ кæсы, кæд балæудзæн Барастыры раз, уымæ. Уæлион царды бирæ адæм мæлы æмæ ам дæр бирæ адæм æрæмбырд. Ныр сыл Хъамбол йæ цæст хæссы, агуры се ‘хсæн хæстæджытæ, хиуæттæ, зонгæты. Схæцы дзы кæуылдæрты йæ цæст. Уæртæ йæхицæй чысыл раздæр – Инал. Иу хъæуы цардысты, иумæ схъомыл сты. Рæвдз уыд ахуырмæ. Дохтыр ссис. Рынчынтæн сæ низтæ сурæг уыдис, фæлæ йын йæхи низ ничи фæсырдта – ракъы амæттаг бацис… Хъамбол ын йæ хæрнæджы фынгыл æрцæугæ адæмæн цæссыгкалгæ лæг-гад кодта. Ныр æй йæхæдæг дæр баййæфта, æнхъæл ничи уыд, афтæмæй.

Бацыд æм Хъамбол. Кæрæдзийыл бацин кодтой. Цæмæн æй раййæфта афтæ тагъд, уымæй йæ афарста Инал. Хъамбол йæ хабæрттæ иууылдæр радзырдта. Куыд ныхас кодтой, афтæ сæ хъус дæр дардтой, Барастыр дзæнæтмæ æмæ зындонмæ кæй æрвиты, уыдонмæ. Се ‘хсæн куыннæ уыд дыууæ æдзард лæппу-йæн иумæйаг зонгæтæ дæр æмæ сæм цымыдис каст, дзæнæтмæ, кæнæ та дзы зындонмæ чи бахаудзæнис, уый.

Бады дыууæ дуары астæу Барастыр æмæ æвзары, уыцы къæсæрты сæрты чи хъуамæ бахиза, уыдоны. Барастыр хорз зоны, уæлион царды хи æмæ адæмы хæрзиуæгæн чи цард, афтæ сæ фыдбылызæн чи цард, уыдоны. Чи зоны исчи ахъуыды кæна, ома, хи фыдбылызæн куыд хъуамæ цæрай, фæлæ цæрынц. Адæмы фыдбылызæн чи цæры, уый йæхи фыдбылызæн нæ цæры? Уæдæ йæ адæмæй цæ-мæн баиртасынц æмæ ахæстоны фыдæнхæс цæмæн фæфиды?

Хъамбол ног адæймаг у ацы дунейы æмæ зыдæй йæ алыварс ракæс-бакæс кæны, йæ цæст хæссы адæмыл, цымыдис кæны, чи дзы йæхи куыд дары, уымæ. Уартæ разæй, рады райдианы та Барастыры раз хъен слæууыд, зындонмæ кæй арвыста, фæлæ уырдæм чи нæ комы, ахæм лæг. Цæй къæйных у!

– Æз паддзах уыдтæн, президент уæлион царды, адæмæн сæ сæрбос, сæ зондамонæг, ныр мæ куыд æрвитыс зындонмæ, цытджын Барастыр, – æмæ йæ разы зонгуытыл æрхауд.

– Нæ базыдтай, чи у уыцы лæг, уый? – фæрсы Инал Хъамболы.

Инал æм, йæ къахфындзтыл слæугæйæ адæмы сæрты акаст. Уæдмæ уыцы лæджы Барастыр йæ къæхтыл слæууын кодта æмæ бæзæрхыг кæй уыд, уымæ гæсгæ йын йæ хуыздзыд цæсгом ауыдта.

– Уый нæ ныхмæ хæст чи расидт цалдæр азы размæ, уыцы лæг куы у. Æмæ уæдæй нырмæ ам цы аразы, йæ бынат цæуылнæ бацагуры?

– Куыд уыныс афтæ, æз, дам, уæлион царды президент уыдтæн æмæ, дам, мæнæн мæ бынат дзæнæты ис.

Уæдмæ дыууæ лæппуйы хъустыл аныдзæвдысты Барастыры ныхæстæ дæр.

– Цал хатты дын загътон, уæлейæ цы бынат ахстай, уымæ æз нæ кæсын. Æз сæ дих кæнын æрмæстдæр, уæлион царды сæ бакæнгæ хъуыддæгтæм гæсгæ. Ды та бирæ, тынг бирæ æнæаххос удты тæригъæды бацыдтæ, куыд дæхи, афтæ кæй ныхмæ хæцыдтæ, уыцы адæмæй дæр æмæ уыцы тæригъæдты хъуамæ зындоны дæхи удæй фидай. Ныр ацу æмæ мæ мауал хъыгдар, бирæ адæм мæм æнхъæлмæ кæсынц…

Президент дзыназгæ, хæкъуырцкуыдæй, дыдæгътæгæнгæ, йæ къæхтæ йæ фæдыл ласгæ бахылд зындоны дуæртты размæ. Гом дуарæн йæ фæлгæттыл фæрсæрдыгæй дыууæ къухæй ныххæцыд, иуцасдæр æдзынæгæй алæууыд, стæй йæ хъæлæсыдзаг нынниудта мигъмæ рæйæг куыдзау æмæ йæ рахис къах уæззау-уæззау байста къæсæры сæрты. Йæ фæстæ – иннæ къахы дæр, стæй размæ чи агуыбыр сты, уыцы фæсонтимæ цадæггай батадысты зындоны фæлмы.

Уæлион цардæй хъауджыдæр ам, мæрдты бæсты, Барастырæн лæггадгæнджытæ нæй, нæй йын хæдивджытæ, æххуысгæнджытæ, милици æмæ æндæр ахæмтæ. Фæлæ йæ ныхас карз у, карз та уымæн у æмæ раст у, æмæ мæнæ ацы президент кæнæ æндæр ахæмтæ сæ къæхтæ куы ныццæвынц æмæ куынæ фæкомынц сæ бынатмæ, уæд дæр сæм тых нæ бахæссы, фæлæ сæ бон куы  базонынц, уæд æй бар-æнæбары ссарынц.

Дзæнæтмæ кæй арвиты, уыдонимæ ницы проблемæ ис Барастырæн. О, фæлæ иннæтæ, иннæтæ. Цæй ныхджын сты! Уæртæ та йæ разы балæууыд иу ацæргæ лæг. Бирæтæ йæ зонынц радылæуджытæй сæ уæлион цардæй. Иу ахæм митинг, иу ахæм æмбырд нæ уыдаид, адæмы раз кæм нæ раныхас кодтаид. Æнхъæл уыд йæ фæндаг комкоммæ дзæнæтмæ кæй уыдзæн, фæлæ йын Барастыр цæмæдæр гæсгæ зындоны дуары ‘рдæм йæ амонæн æнгуылдзæй ацамыдта. Лæг фергъуыйау, фæсæццæ.

– Мæн – зындонмæ?!.. Æз… Зæнджиаты Пехуымпар дæн… Стыр бынаты кусæг… Адæмы сæрыл тохгæнæг, сæ сæрхъызой, сæ лæггадгæнæг…

– Нæ, мæ хæлар, ды дæхи сæрыл тохгæнæг уыдтæ, дæхицæн лæггадгæнæг. Адæмы раз хорз ныхæстæ кодтай, фæлæ сын хъуыддаджы хорзæй ницы арæзтай. Уый хыгъд дæхи, дæ бинонты, дæ кæстæрты цард скъобор кодтай. Адæммæ урс уæрыччы цармы цыдтæ, афтæмæй та се ‘хсæн бирæгъæй цардтæ æмæ алцы дæхимæ ссывтай. Уымæн ис дæ бынат зындоны.

Сæ ныхас ууыл ахицæн, фæлæ уæдмæ радылæуджыты ‘хсæн цавæрдæр хъæлæба райхъуыст. Адæм сæ цæстæнгас уыцырдæм аздæхтой. Куыннæ базыдтой Алмахсидты. Уæлæуыл се скаст уымæ уыдис, гуманитарон æххуыс уæрста. Барастыр чысыл раздæр зындонмæ цы «стыр лæджы» арвыста, уый йæ хорз хæлар уыд, кæрæдзийæн бирæ хæрзты бацыдысты.

– Ахæм лæджы зындонмæ куыд æрвиты? Ау, ам дæр та ныл ис рæстдзинад?! – йæ маст нал баурæдта Алмахсидт.

– Рæстдзинад та дæумæ уыдис. Хæстдзагъд адæмæн алы бæстæтæй цы æххуыс фервыстой, уыдон дæу æмæ дæ хуызæтты хъуыры аирвæзтысты…

– Цæмæн лæууы не ‘хсæн цæ! Цæуылнæ цæуы уыцы «стыр» лæджы фæстæ зындонмæ?!

– Цы тæригъæдты бацыдтæ, уыдон дын зындоны фидгæйæ сты! – хъуыст рады лæуджыты ‘хсæнæй хъæртæ.

– Æз никæйы раз дæн зылынджын, æз никæйы тæригъæды бацыдтæн… Æз уæрстон гуманитарон æххуыс, цæмæй адæм сыдæй ма амардаиккой. Æмæ аирвæзтысты. Мæ руаджы…

Рацæй рабон æмæ гуманитарон æххуыс уарæг дæр йæ къæхтæ йæ фæдыл ласгæ бахызт зындонæн йæ къæсæрæй.

– Кæсыс, Инал, йæхи йæ уæлион царды зылынджынæй куыд ничи хаты, – æввахсдæр æм балæугæйæ, загъта Хъамбол.

– Уый магъа, фæлæ зылынджын чи уыд, тæригъæдты чи бацыд, уыдон ноджы ныхджындæр сты, гæрæхтæ кæнынц, цыма сæ фæстæ æппындæр ницы чъизи хъуыддæгтæ ис æмæ сын сæ ничи зоны.

Кæсынц дыууæ лæппу ахæмтæм æмæ уынынц: æрмæст быцæуыл не схæцынц Барастыримæ –  сæ бон куы базонынц, уæд лæгъстæтыл схæцынц, сæ зонгуытыл æрхауынц, сæ цæссыгтæ фезгъæлынц, сæ хъуыры цъæрттæ фæивазынц, æгæрыстæмæй гæртам дæр фæхъарынц. Фæлæ уыдæттæ ам нæ кæрдынц, æрфидауынц сæ уавæримæ æмæ бар-æнæбары ссарынц сæ бынат зындоны.

Дзæнæты дуар та уæрæх байгом вæййы фыццаджы фыццаг, уæлион рухс цардмæ чи фæзыны, фæлæ цæрын кæмæн нæ бантысы, царды ад, йæ хорз æмæ йын йе ‘взæр дæр чи нæ банкъары, уыцы сабитæн. Дзæнæтмæ Барастыр афæндараст кæны, кармæ нæ кæсгæйæ сæ бакæнгæ хъуыддæгтæй хорз фæд уæлæуыл чи ныууагъта, йæ архайд арфæйаг кæмæн уыд, адæмæн сæ хорзæх чи иста, уыдоны. Дзæнæты къæсæрæй бахизынц, уæлион царды кæддæр йæ сонтæй чи рæдыд, фæлæ сыл фæстæдæр чи басаст, чи сыл æрфæсмон кодта æмæ намысджын цардмæ чи раздæхт, гъе та раздæхын дæр кæмæн нæма бантыст, ахæмтæ дæр. «Сонт рæдыдæн – барст» – ахæм у Къостайы хъуыды. Афтæ кæны Барастыр дæр. Цæмæй ахæмтæн фадат радта хи сраст кæнынæн.

… Дих кæны мæрдты бæстæм цæуджыты Барастыр æмæ хъынцъымгæнгæ хъуыды кæны: «Цæмæн ис уæлион царды бæрцыл фæтк æмæ сын сæ хъæндзинæдтæ, сæ æнæрастдзинæдтæ ныр æз цæмæн раст кæнын. Фыдгæнæг кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр хъуамæ иса æфхæрд, хæрзгæнæг та – арфæ. Фæлæ, хъыгагæн, уый арæх афтæ нæ рауайы уæлион царды. Æмæ сын ам рахæссын æз мæ тæрхон. Мæ тæрхон нæ – рæстдзинады тæрхон. Куыд хорз уаид, уæлион царды-иу алчидæр йæ бонтæ кæронмæ куы батонид æмæ уый ам, мæрдты бæсты, йæ бынат дзæнæты куы арид.»

Хъынцъымгæнгæ Барастр дзæнæтмæ араст кодта Инал æмæ Хъамболы дæр…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.